Инвестицион программæйы фæлгæтты ацы аз нæ горæты арæзт цы 13 уынджы хъуамæ æрцыдаиккой, уыдоны арæзтадон куыстытæ фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Куыст ма цæуы Комаровы, Сомихæгты, Кутузовы уынгты хæрз-арæзт кæныныл. Колыты Аксойы уынгыл та хъуамæ æвæрд æрцæуа асфальты дыккаг фæлтæр. Уый у стыр æнтыст æмæ йыл цин кæнынц уыцы уынгты цæрджытæ иууылдæр.

Ныртæккæ æппæт тыхтæ дæр здæхт æрцыдысты ранымадгонд уынгтæм.

Кутузовы уынджы арæзтадон куыстытæм æрæвнæлдтой ацы аз июлы мæйы. Аразгæ та йæ кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Краус». Фæндагарæзтады прораб Плиты Хох куыд зæгъы, афтæмæй ам куыстытæ афæстиат сты, сæ разы бирæ проблемæтæ кæй æвзæрыд, уымæ гæсгæ.

Ныр ыл ацы бонты æвæрд æрцæудзæнис асфальты фыццаг фæлтæр. Фæлæ уал уæдмæ ам баконд æрцыдысты бирæ алыгъуызон куыстытæ. Ивд æрцыдысты канализацион хæххытæ, газы хæтæлтæ, электрохаххы цæджындзтæ, фæндаджы дыууæ фарс дæр арæзт æрцыдысты дондзæуæн къанаутæ. Фæлæ электрохаххы цæджындзтæ машинæты змæлды кæй хъыгдардтой, уый аразджытæн æвзæрын кодта зындзи-нæдтæ æмæ раст уымæ гæсгæ ныффæстиат сты куыстытæ дæр. Ныр уыдон дæр сагъд æрцыды-сты æмбæлон бынæтты æмæ куыстытæ бирæ фæрæвдздæр сты. Æрвылбон дæр ам кусы 27-30 кусæджы бæрц. Уыдонæй иутæ архайынц, фæн-дагыл цы хуыр калд цæуы, уый ныннæмыныл. Иннæтæ хæрзарæзт кæнынц газонты, тротуарты.

Тындзынц уынгты арæзтадыл кусджытæ, архайынц сæ хъарутæ, сæ фадæттæ сæ куыд амонынц, афтæ, цæмæй сæ ма æрæййæфой уазæлттæ æмæ къæвдатæ.

 

Комаровы уынджы дæр

куыстытæ сты сæ тæмæны

Нæ горæты Комаровы уынджы дæр куыстытæ сты сæ тæмæны. Кусджытæ сты æнæвдæ-лон, тагъд кæнынц кусынæн бæзгæ бонтæй спайда кæныны охыл. Ацы уынг арæзт цæуы Стыр базары цурæй Царз-ы онг. Ам уыцы иурæс-тæджы куыст цæуы дондзæуæн къанаутæ æр-бæстон кæныныл, хæрзарæзт кæнынц уынджы автотранспорты змæлæн хай, кусынц тротуарон плиткæтæ æвæрыныл. Арæзтадон куыстытæ тагъддæр ахицæн кæныныл æнæрынцойæ кусынц техникæйы дæс иуæджы. Уыдонæй 3 кусынц уынджы уæлцъар исыныл, 2 сæм ис экскаватортæ, 1 манипулятор, 5 хæдæвдæлонгæнæн машинæйы та ласынц сыджыт. Комаровы уынджы схæрз-арæзт кæнынмæ æрæвнæлдтой ацы аз 17 августы. Райдианы уал куыстытæ сæххæст кæнынмæ æрæвнæлдта паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал».  Йæ кусджытæ раивтой зæххыбын коммуникацитæ. Æппæт куыстытæ дæр сæххæст кодтой рæстæгыл æмæ гъæд-джынæй. Ацы уынг дæр арæзт цæуы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Аразгæ та йæ кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Орион».Фæндаджы арæзтады прораб Зассеты Альберт куыд зæгъы, афтæмæй ма сын сисинаг ис 700 метры бæрц уынджы уæлцъар. Фæндаг арæзт цæуы Царз-ы онг. Уымæ гæсгæ арæзт цæуы хайгай, ома, куыстытæ куыд цæттæ цæуынц асфальтмæ, афтæ йыл æвæрд цæуы асфальты фыццаг фæлтæр дæр. Ныртæккæ ам куыст цæуы люктыл хæрдмæ схæцыныл дæр, цæмæй уыцыиу рæстæджы æвæрд æрцæуа асфальты дыккаг фæлтæр дæр. Ацы уынджы арæзтадыл дæр уæхскуæ-зæй кусынц 30 адæймаджы бæрц. Ам æппæт куыстытæ дæр хъуамæ бакæной 15 ноябрмæ. Зассейы фырт куыд зæгъы, афтæмæй тын-дзынц сæ куыстытыл, цæмæй сæ æвзæр боны-гъæдтæ ма æрæййафой. Сæ куыст райдайы райсом 7 сахатæй æмæ фæкусынц суанг изæр-далынгтæм.  Уынджы хæрзарæзтадон куысты-тæм сæ хъус дарынц цæрджытæ дæр. Уыдон тынг райгонд сты аразджыты куыстæй, æмæ нын стыр цины æнкъарæнтимæ дзырдтой, кæй æххæст кæны сæ рагон бæллиц. Æмæ сæ бамбарæн дæр ис – ацы уынг рагæй фæстæмæ уыд тынг æдзæллаг уавæры. Тыхстысты ры-гæй, къæвда бонты та дзы цъыфæй азмæ-лæнтæ дæр нæ уыд. Кусджытæ та кæнынц æнæзæрдæхудт куыст. Уымæ гæсгæ сæ цæрджытæ сты райгонд. Уыдон ма бузныджы ныхæстæ дзырдтой нæ республикæйы раза-мынадæн дæр, ахæм хæрзиуæгон хъуыддаг сын арæзт кæй цæуы, уый тыххæй.

Сæххæст сæ бæллиц

Банысан кæныны хъæуы уый, æмæ нæ горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад нæ горæты уынгтæй цалдæр кæй райста йæхи тыхтæй схæрзарæзт кæнынмæ. Уыдонмæ бахаудис Коцойты Арсены уынг дæр. Уынджы арæзт цæуынц канализацион хæххытæ. Ацы куыстытæ æххæст кæны «Водоканал», архай-ынц сыл 9 кусæджы. Ис сæм 5 иуæджы техни-кæ. Ам ма Колыты Аксойы уынгæй Комаровы уынджы ‘рдæм арæзт цæуы къæвда æмæ митдоны лæдæрсæн хахх.

Куыст цæуы, Коцойты Арсены уынджы кæ-рон цы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары ис, уыдоны кæртытæ схæрзарæзт кæныныл дæр. Ам дæр баконд æрцыдысты асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ, æвæрд æрцыдысты тротуарон плиткæтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хæдзæртты цæрджытæ тынг рай-гонд кæй сты нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланæй. Уый хъæппæри-сон архайды руаджы сæххæст ацы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары цæрджыты рагон бæллиц  дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.