Афтæ рауад æмæ дыууæ рæнхъон салдаты Эдуард Кулушев æмæ Александр Очередько службæ кодтой иу батальоны æмæ иу ротæйы, фæрсæй-фæрстæм хæцыдысты знаджы ныхмæ æмæ карз тохы куы фæцæф сты, уый фæстæ рынчындоны дæр бахаудтой иу палатæмæ. Æрмæст дзы иу фæцис уæззаудæр цæф æмæ иннæмæн та мысынæн баззад, йæ къухæй йын цы нæмыджы схъис систой, уый. Дыууæ дæр бавдыст æрцыдысты бæрзонд хицауадон хорзæх – Æхсардзинады орденæй схорзæхджын кæнынмæ.

Эдуард Кулушев цалынмæ контракт не ‘рфыста, уæдмæ службæ кодта Каспийскы. Уый фæстæ æрæздæхт хæдзармæ æмæ кусын райдыдта, фæлæ контрактонты тыххæй хъусинаг кæй уыд, уый  куы базыдта, уæд аскъуыддзаг кодта Райгуырæн бæстæйæн балæггад кæнын, æмæ фидæны чындзæхсæвмæ æхца бакусын. Бахаудта Хуссар Ирыстоны фидауынгæнджыты тыхтæм 2008 азы марты мæйы. Фæлæ йын хъысмæт схай кодта  Хуссар Ирыстоны тугкалæн тохты хайад райсын, цыран уый фæцис уæззау цæф.

«Æнкъардтам æй, гуырдзиаг фарс цахæмдæр архайдтытæм йæхи кæй цæттæ кæны, уый. Мах дæр иуран нæ лæууыдыстæм, æнхълмæ кастыстæм хицæн провокацитæм, фæлæ райдыдта æцæг хæст. Уыцы бон гуырдзиаг танкæтæ комкоммæ тынг æхстой батальоны-казармæйы лазареты (æфсæддон рынчындон). Стæй та нæ æхстой минæзгъалтæй æмæ уæлдæфæй дæр. Æз экипажимæ уыдтæн мæ машинæйы – уыдтæн БМП-йы наводчик. Мах дæр кодтам дзуаппон æхст цас нæ бон уыд, уыйас. Фæлæ БМП бронетанкон техникæйы ныхмæ хæцынæн нæу. 10-15 минуты фæстæ нын сцæф кодтой нæ БМП-йы. Куыддæр рахызтыстæм, афтæ нæ цуры æрхуад снаряд, æмæ механикимæ нæ хъустæ акъуырма сты. Лæппутæ хъæр кæнынц: «Иуварс ацæуæм!». Мах лæууыдыстæм санитарон хайы цур, кæцыйы гуырдзиæгтæ æхстой комкоммæ, кæд æмæ хæсты рæстæджы закъонмæ гæсгæ госпиталтæ æмæ лазаретты æхсыны бар нæй, уæддæр. Гуырдзиæгтæ сæхи дардтой хъæддаг адæмы хуызæн, сæ разы цæуыл æмбæлыдысты, уый пырх кодтой».

Рæнхъон Кулушев иннæ салдаттимæ бацархайдтой  БМП-йæ дарддæр ацæуыныл, уымæн æмæ йæ мидæг уыд 40 снаряды æмæ сыл комкоммæ знаджы нæмыг куы сæмбæлдаид, уæд спырх уыдаид æмæ сæ удæгасæй ничиуал аирвæзтаид. Иннæ фидауын-гæнджытимæ цыдысты сындæггай, цæугæ-цæуын æхстой, афтæмæй. Сæ алыварс уыд зындон: снарядтæ сæм хаудысты хæрзæввахс, чидæртæ фæцæфтæ сты, бирæтæ – фæмард сты.

Александр Очередько цалынмæ контракт нæ сарæзта, уæдмæ цард Ставрополы. «Æз уыцы рæстæджы уыдтæн казармæйы цур. Кæсæм æмæ нæм гуырдзиаг танк æрбацæуы æмæ йæ чи æрурома, уый нæй. Æфсæддон дæсныйадмæ гæсгæ æз гранатæхсæг дæн, уымæ гæсгæ тагъдыл уынаффæ райстон. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг уыд æмæ ма  уыцы рæстæгмæ мæнмæ баззад æрмæстдæр иу гранат. Æз рахызтæн æмæ фехстон, гранат сæмбæлд танкы фæстаг хайыл. Хъуыды кæныны рæстæг дæр мын нæ уыд, кæнæ йæ æз хъуамæ фехсон, кæнæ та нын знаджы танк нæхи скуынæг кæндзæн. Танк кæй сцæф кодтон, уымæй æз бахъахъхъæдтон мæхи цард дæр æмæ ме ‘мбæлтты цард дæр. Фæлæ мæ къух фæцæф нæмыджы схъисæй. Бузныг лæппутæн, иуварс мæ аластой  æмæ мын мæ цæф бабастой. Цалынмæ мын мæ цæф бастой, уæдмæ та нæ цуры æрхауд снаряд. Чи мын æххуыс кодта, уый дæр фæцæф. Ме ‘мбæлттæй мæ иу фæхæццæ кодта штабмæ, фæлæ та уый дæр фæцæф. Уый фæстæ мæн æмæ иннæ цæфты дæр нырма баластой артгæнæнмæ æмæ стæй та – казармæмæ. 8-æм августы изæры гуырдзиæгтæй ракуырдтам урс къæлидор цæфты аласыны тыххæй. Уыдон сразы сты, фæлæ нæ фæсайдтой. Куыддæр иу цасдæр ацыдыстæм, афтæ нын нæ машинæтæ æхсын райдыдтой минæзгъалтæй. Хорз уыд æмæ шофыр не ‘рлæууыд æмæ тагъд цыдæй цыд. Снарядтæ хаудысты нæ цурты, гæнæн уыд æмæ фæндæгтыл фæмард уыдаиккам, фæлæ удæгасæй аирвæзтыстæм. Дарддæр нæ нылластой Дзæуджы-хъæумæ, стæй Ростовмæ æмæ уый фæстæ та – Мæскуымæ. Мæ къухæй мын медицинон кусджытæ цы нæмыджы схъис систой, уый дарын зæрдылдарынæн», – радзырдта Александр Очередько.

Рæнхъон Кулушев уыцы рæстæджы нырма уыд батальоны. Цæфты æмæ рынчынты санитарон хайæ рахастой. Æмбæхстысты хинайæны районы, æмæ афтæмæй сындæггай фæстæмæ цыдысты.

«Батальоны командир Константин Тимерман тынг хъæбатырæй равдыста йæхи, архайдта тынг хорз. Уый руаджы бирæтæ баззадысты удæгасæй. Иу-чысыл æхстытæ куы фæсабыр сты, уæд раздæхтыстæм батальонмæ æмæ ныххызтыстæм ныккæндмæ, бæстыхайы æрлæууын тынг тæссаг уыд, снайпертæ йæ кæй æхстой, уымæ гæсгæ. Уæдмæ та æхсын  райдыдтой гуырдзиаг танкæтæ. Мах дæр сын дзуапп лæвæрдтам. 9-æм августы нын изæры гуырдзиаг «æвзаг» загъта, зæгъгæ, æввахс сахатты батальоны æхсын райдайдзысты авиаци æмæ «Град»-тæй æмæ дзы дур-дурыл дæр нал баззайдзæн. Æнæуый дæр уый размæ боны æхстытæй алцыдæр ныппырх. Ныккæнды æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ нын командир бардзырд радта, цæмæй фæстæмæ алæууæм. Æгæрыстæмæй, цæфæй дæр уый баззад командирæй, кæцы дзуапп кæны йæ дæлбаруæвджыты тыххæй, уыдон ‘хсæн уыдысты цæфтæ æмæ сын хъуыд медицинон æххуыс бакæнын», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы тæссаг цаутæ Эдуард Кулушевæн.

2-аг батальоны хæстонты уырныдта, тагъд рæстæджы сæм æххуысмæ кæй фæзындзæн уæрæсейаг 58-æм æфсад æмæ кæй æруромдзысты тугкалæн хæст, уый. Техникæ иууылдæр хъыгдард баййæфта. Практикон æгъдауæй фесты сæ хæстон æрмæджытæ. Уыдон фæстæмæ лæууыдысты æмæ сæ фæстейæ æхстой æгъатырæй. Хъæды фидауынгæнджытæ хæрхæмбæлд фесты  гуырдзиаг æфсæдтыл. «Мах цыдыстæм æртæйæ. Ме ‘мбæлттæй иу уайтагъд фæмард. Æз бамбæрзтон мæ иннæ æмбалы. Уый цыд мæ фæстæ æмæ сæ афтæмæй автоматæй æхста. Фæлæ уыдон дæр тыхджын æхст кодтой махæрдæм. Нæмгуытæ мын ныппырх кодтой мæ синыстæджытæ. Мæ бон цæуын нал уыд, фæлæ бырыдтæн, цæмæй æхстытæй аирвæзон», – загъта Кулушев.

Фидауынгæнджытæ цыдысты чысыл къордтæй нартхоры быдырыл. Эдуард Кулушевы нырма хастой сæ къухтыл, стæй та – фæйнæджытыл. Сарæзтой йын «промедолы» дыууæ судзины. Гуырдзиаг корректировщиктæ та райдытой фидуынгæнджыты æхсын. Снарядтæ хаудысты алырæтты. Цæф Кулушев уыцы минуттæ рæстмæ нæ хъуыды кæны. Туг бирæ кæй фесæфта, уымæ гæсгæ йæ зæрдæ хъарм кодта, фæлæ йæ уырныдта йе ‘мбæлттæ алцыдæр кæй сараздзысты æмæ йæ кæй фæхæццæ кæндзысты госпиталмæ. Фидуынгæнджытæн баххуыс кодта æхсæвы æрбалæуд. Талынджы сæ комкоммæ нал æхстой знæгтæ. Уæдмæ фидауынгæнджытæ рахызтысты хуссарирыстойнаг къордтæм, уыдон сын баххуыс кодтой машинæ ссарынæн. Кулушев æмæ ма ноджы дыууæ цæфы аластой Уæлвæткон уавæрты министрады госпиталмæ.

Фæндагыл æй куыд ластой, уый Кулушев нæ хъуыды кæны йæ буары алы чырæг дæр кæй рыст, уымæ гæсгæ. Уыд ахæм уысм дæр, æмæ ахъуыды кодта, зæгъгæ, фæндагыл амæлдзæн. Уæдмæ банкъардта кæйдæр тыхджын къухтæ йæ кæй ацахстой æмæ йæ кæдæмдæр кæй фæхæссынц, уый. Уый уыд æмбæстагон тагъд æххуысы машинæ. Куыддæрты йæ фæхæццæ кодтой Дзæуджыхъæумæ, уый фæстæ йæ аластой Ростовмæ æмæ стæй та Н.Бурденкойы номыл Мæскуыйы æфсæддон госпиталмæ. Эдуард Кулушевы бахъуыд  дæргъвæтин рæстæджы дæргъы хос кæнын. Уый  госпиталы сæмбæлд йе ‘мгар Александр Очередькойыл, уый дæр хос кодта уым.

Лæппутæ куыд загътой, уымæ гæсгæ уæззау хæстон уавæры кæй бахаудтой уымæ нæкæсгæйæ, уыдон службæ кæндзысты кæронмæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.