ФУТБОЛ

Сывæллæтты хуссарирыстойнаг футболон командæ «Барсалан» (2011 азы гуырд сывæллæттæ) дыккаг бынат бацахста Сочийы уагъдцæуæг турнир «Нopes Cup – 2021»-ы. Цхинвайлаг футболисттæ æрдæгфиналы хъазыдысты Ногинскы командæ «Витязь»-имæ. Хъазт рауад тынг уæззау. Фембæлды райдианы цхинвайлæгтæ æмбылды кодтой 3:0 хыгъдæй, фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ равдыстой фидар удыгъæд æмæ фæуæлахиз сты 6:5 хыгъдæй.

Финалы та фембæлдысты Краснодары академийы командæимæ. Хъазты сæйраг рæстæг фæцис 2:2 хыгъдæй. Пенæлтты сери æххæст кæныны рæстæджы та спортивон амонд бахудт краснодайрæгтæм – 4:3. «Хорз уавæр нын уыд турниры уæлахиздзау суæвынæн. Фæлæ нæм спортивон амонд нæ бахудт. Мæ хъуыдымæ гæсгæ нæ къухы бафтыд стыр æнтыст. Уæлдайдæр,  турниры бирæ тыхджын академитæ хайад кæй истой уый куы  бахынцæм, уæд», – банысан кодта командæйы тренер Хъазиты Алан.

Ерысты фæстæ нæ республикæйы æвзонг футболисттæ бацыдысты зындгонд стадион «Фишт»-мæ, цыран Уæрæсейы Кубокы финалы 1/4  хайы хъазыдысты бынæттон командæ «Сочи» æмæ Мæскуыйы «Локомотив». «Мæ хъомылгæнинæгтæ фыццаг хатт бакастысты Уæрæсейы премьер-къорды командæты хъазтмæ. Стæй ма сæ зæрдæмæ тынг фæцыд стадион дæр. Бузныг мæ фæнды зæгъын «Сочи»-йы хъазæг Цæллæгаты Ибрагимæн, кæцы нæ фæхуыдта хъазтмæ», – загъта Хъазиты Алан.

***

Национ футболон къорды 35-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуаты хъазыд Воронежы «Факел»-имæ. Ацы фембæлды размæ алайнæгтæ фæхæрд сты дыууæ хатты. Уымæ гæсгæ сæ фæндыд сæ спортуарзджыты раз сæхи сраст кæнын æмæ рамбулын. Фæлæ та ацы хъазт дæр рауад уæззау. Фембæлды дыккаг хайы райдианы тæрхонгæнæг 11-метрон цæф снысан кодта «Алани»-йы кулдуары ‘рдæм. Фæлæ дуаргæс Ростислав Солдатенко йæхи равдыста фидарæй æмæ аппæрста пурти. Дæс минуты фæстæдæр алайнæгтæн сæхицæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Расгуыхт Хæбæлаты Алан. Чысыл фæстæдæр хыгъд 2:0 скодта Ислам Машуков. Хъазт дæр фæцис афтæ.

Радон туры «Алани» 11-æм апрелы уазæгуаты хъаздзæн Ярославлы «Шинник»-имæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Иркутскы уагъд цæуы, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райсдзысты æртæ цхинвайлаг спортсмены. 97 кг уæзы категорийы майдантыл тох кæндзæн Дзæгъиаты Сослан. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы та (125 кг) ерыс кæндзысты Зассеты Арсæмæг æмæ Бестауты Андрей.

Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ гауызмæ рахиздзысты абон, 10-æм апрелы. Уагъд уал цæудзысты квалификацион æмæ æвзарæн тохтæ. Сæ уæзы категорийы финалон фембæлдтытæ та уагъд æрцæудзысты 11 апрелы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.