Ирыстон æмæ Петербурджы горæтæн сæ баст-дзинæдтæ рагон сты – йæ уидæгтæ суанг æстдæсæм æнусæй цæуынц. Уыцы бастдзинæдтæ та райдыдтой Ирыстоны интеллигенци, сæ сæргъ, Магкæты Зураб, афтæмæй, куы бацархайдтой Уæрæсеимæ баиу уæвыныл, уæд.

Стыр фæд ныууагътой ирон адæм Петербург-Ленинграды историйы, райдай Къостайæ æмæ фæу абоны фæсивæдыл.  Сæ цард æмæ сфæлдыстад ацы горæтимæ æнгом баст сты Тугъанты Махарбегæн, Дзанайты Азанбегæн, Джусойты Нафийæн, Бутаты Константинæн, Бæззаты Андрейæн, Фриаты Валерийæн æмæ алы къабазы бирæ æндæр архайджытæн. Æрмæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ацы горæты æрхъулайы рæстæг 600 ирон хæстоны радтой сæ цард Уæлахизы сæраппонд. Абон сын сæрмагонд къуым ис Пискаревы мемориалон уæлмæрды. 

Ирон адæмæн Петербург рагæй фæстæмæ дæр æцæгæлон кæй нæу, уый нымайгæ, РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл министрады æмæ Петербурджы ирæтты æхсæнады хъæппæрисæй амынд горæты ирæтты цард æмæ историйыл æрæджы сарæзтой документалон киноныв «Аланы Северной столицы», зæгъгæ.

Ацы киноныв систа сфæлдыстадон къорд «Авва студио». Исæг къорд, сæ сæргъ, режиссер Роман Баранов, афтæмæй бацархайдтой ацы стыр горæт Ирыстоны социалон-культурон рæзтыл куыд сахадыдта, нæ интеллигенцийы зондахастыл куыд фæзынд, уый равдисыныл.

«Мах æрвылаз дæр бацархайæм, цæмæй Ирыстонæй дард чи цард æмæ цæры, уыдоныл документалон киноныв сисæм. 2018 азы ахæм кино Хъæрæсе-Черкесийы, Лабæйы хъæуы, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл систа нæхи телерадиокомпани «Ир».  2019 азы та ахæм кино Турчы ирæттыл систа «Авва студио». Ацы къорд систа ныр дæр киноныв Петербурджы ирæттыл. Мæнмæ гæсгæ кино рауад тынг цымыдисаг. Сæйраг уый у, æмæ ацы исæг къорд Ирыстонмæ ницы бар дары, афтæмæй йæ равдыстой алывæрсыгæй, сæ зæрдæ сæм куыд дзырдта, афтæмæй. Петербурджы сын ахадгæ æххуыс бакодта ахуыргонд филолог Тахъазты Валери æмæ йын стыр бузныг зæгъæм. Ацы киноныв хорз ахъаз уыдзæн рæзгæ фæсивæдæн, равзæрын сæм кæндзæн сæрыстырдзинады æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ», – загъта Национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан.

Киноныв рæхджы равдисдзысты Цæгат Ирыстоны телестуди æмæ канал «Культурæ».

                                                                    Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.