ТАМАРА  КОКОВАЙÆН  – КАДДЖЫН НОМ

60 азы сæххæст таурæгъон киноныв “Фатимæ”-йыл ацы аз. Уый фæдыл бирæ кадджын мадзæлттæ арæзт цæуы республикæйы. Ахæм бæрæгбон уыд æрæджы Цæгат Ирыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл ирон театры дæр. Кинонывы юбилейон бæрæгбонмæ æрбацыд бирæ адæм: республикæйы разамынд, интеллигенци, æхсæнады æмæ аивады къабазы минæвæрттæ. Фæлæ бæрæгбоны кадджындæр уазæг уыд, “Фатимæ”-йы сæйраг ролы ахъазæг, УФ-йы сгуыхт артисткæ Тамара Кокова.

Республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ирина Азимова зæрдиаг арфæ ракодта Коковайæн кинойы йæ диссаджы æнтысты тыххæй: “Кинонывæн абоны онг дæр ис стыр æнтыст. Федтой йæ дунейы бирæ адæмтæ, фæлæ дзы нæ фæллайынц. Уый та у сфæлдыстадон коллективы æнтыст. Уыдон фыдыбæстæйы киноаивады историйы ныффыстой сæ нæмттæ. Фæлæ уæлдай бузныг стæм Тамара Коковайæ. Уый сарæзта ирон сылгоймаджы диссаджы фæлгонц, равдыста хохаг чызджы хуыздæр миниуджытæ æмæ дзы ирон адæм æгæрон бузныг сты”, – загъта Азимова æмæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы указæй Кокова Тамарайы схорзæхджын кодта уæлдæр хæрзиуæг – “Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ”-йы номæй.

Артисткæ бузныг загъта, ирон адæм ын ахæм кад кæй кæнынц, уый тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй йын ацы кадджын ном у æнæнхъæлæджы хæрзиуæг æмæ йын радта æгæрон æхсызгондзинад. “Мæ зæрдæ зæгъы чысыл, рæсугъд æмæ уазæгуарзаг Ирыстонæн фарн, амонд æмæ сабырдзинад”, – банысан кодта Кокова.

Бæрæгбоны сæ арæхстдзинад равдыстой республикæйы аивадон коллективтæ. Кæронбæттæны адæм зæрдиагæй бакастысты киноныв “Фатимæ”-мæ.

 

СЫВÆЛЛÆТТЫ   ÆДАСДЗИНАДÆН

Цæмæй кæстæр фæлтæр æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæной, бахъуыды рæс-тæджы заман сæхи бахъахъхъæнынхъом уой, уый тыххæй сын ахуырадон уагдæтты бирæ арæзт цæуы. Рæстæгæй-рæстæгмæ сын профилактикон уроктæ ауадзынц авто-инспекцийы, “Севкавказэнерго”-йы æмæ медицинон кусджытæ.

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы фæндонæй авто-инспектортæ арæх бабæрæг кæнынц скъолаты æмæ ахуыргæнæндæтты ахуырдзауты. Алы сывæллон дæр фæндагыл змæлды архайæг кæй у, уымæ гæсгæ барадхъахъхъæнджытæ сывæллæтты аздахынц фæндæгтыл цæуыны фæтк зоныны хъуыддагмæ: светофоры рухсмæ кæд æмæ куыд ахизгæ у, талынджы рухс чи кæны, ахæм дзаума кæнын кæй хъæуы æмæ афтæ дарддæр.

“Фæндагыл цæуыны фæтк æнæмæнг æххæсткæнинаг кæй у, сывæллæттæн уый цас фылдæр æмбарын кæнæм, уыйбæрц æнахъомтæ закъон къаддæр халдзысты. Цæуыны уагæвæрд цас хуыздæр æххæст кæной, уыйас фыдбылызтæ къаддæр цæудзысты”,  – зæгъынц автоинспектортæ.

Фембæлды архайæг автоинспектортæ сывæллæтты фарстытæн биноныг дзуаппытæ радтынц.

Æдасдзинады уроктæм стыр æргом здахынц “Севкавказэнерго”-йы специалисттæ дæр. Электрон тыхæй æдасæй пайда кæнын куыд хъæуы, ахæм профилактикон ахуыртæ ауадзынц сывæллæттæн. Статистикон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй, электроны тыхæй æдасæй пайда кæнын куыд æмбæлы, уый нæ зонæг сывæллæтты цымыдисдзинад арæх фыдбылызтæ расайы. Зæгъæм, сывæллæттæ уарзынц бæлæстæм бырын æмæ электрон тыхуадзæн телты раз чи зайы, уæвæн ис, æмæ уыцы уымæл къалиутæ дæр электрон тых уадзын райдайой.

Сывæллæттæ электрон æдасдзинады уроктæ цæмæй хуыздæр рахатой, уый тыххæй сын энергетиктæ равдисынц амынд темæйыл конд нывтæ.

Ахæм профилактикон мадзæлттæ аразынц дохтыртæ дæр ахуырадон уагдæтты. Сывæллæттæн амонынц, бахъуаджы рæстæг цы аразын хъæуы, бæрзонд тæвд æмæ туджы æлхъывдад куыд æрæппарын хъæуы, хъæдгоммæ куыд базилын æмæ бабæттын хъæуы, инсульт базонгæйæ, цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы æмæ бирæ æндæртæ.

Республикæйы алы къабазы специалисттæ сæ ахуыр дарддæр кæндзысты кæстæр фæлтæримæ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.