4 февралы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадты Иумæйаг информацион-координацион центры уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд, цыран аивгъуыйгæ 2020 азæн хатдзæгтæ сарæзтой. Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Мидхъуыддæгты Министрады къухдариуæгад Пухаты Мерабы сæргълæудæй, æндæр бæрнон кусджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Æмбырды райдианы ИКЦ-йы директор Болататы Алан æрдзырдта азы дæргъы центры кусджыты оперативон-службæйон архайды æмæ ма дыккаг этапы арæзтады тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, азы дæргъы алыварсон æххуыс иста куыд УФ-йы æмæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрадтæй, афтæ ма нæ бæстæйы къухдариуæгадæй, уæрæсейаг минæварадæй, Генералон прокуратурæйæ æмæ ма æндæр структурæтæй дæр.

«2020 азы уæрæсейаг барадхъахъхъæнæг органтимæ æмархайдæй сæххæст кодтам оперативон-агурæн æмæ ма æндæр мадзæлттæ, кæцыты фæстиуæгæн ахст æрцыдысты фыдгæнджытæ. Уголовон бæрндзинадæй чи æмбæхстис æмæ кæй сбæрæг кодтой, куыд Хуссар Ирыстоны территорийы, афтæ ма Уæрæсейы дæр, уыдонæн экстрадици саразыны хъуыддаджы дæр активон хайад райстам. Ныридæгæн центры кусы 25 адæймаджы æмæ дзы иу ахæм та вакантон бынæттæ ис, цыран фидæны хъуамæ кусой нысанмæздæхт специалисттæ. Нæ кусджытæн сæ иу хай сты бынæттон цæрджытæ, иннæтæ та – Уæрæсейæ. Фæлæ, уымæ  нæ кæсгæйæ, коллектив у хъæрмуд æмæ уый фæрцы азы дæргъы нæ къухты бафтыдис хорз æнтыстытæ», – зæгъы ИКЦ-йы директор.

ИКЦ аразынмæ æрæвнæлдтой 2016 азы æмæ фыццаг этапы арæзтад фæцис 2018 азы. Ныр дыккаг этапы арæзтад дæр, кæд æмæ коронавирусы низы апарахат бæрæг ныкъуылымпы кодта аразджыты, уæддæр йæ тæмæны ис æмæ тагъд рæстæджы ноджы фæуæрæхдæр уыдзысты сæ авналæнтæ, – фæфылдæр уыдзæнис экспертизæты нымæц, ноджы фæзындзысты алыгъуызон специалисттæ æмæ нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты куыст фæрогдæр уыдзæнис. 

Абоны бон центры аразынц 15 хуызы экспертизæ, – дактилоскопон, портретон, почерк бæлвырдгæнæн, трасологон, баллистикон, автотехникон, компьютерон æмæ лингвистикон, документтæн технико-криминалистон, алыгъуызон хæцæнгæрзтæн, наркотикон æмæ психотропон  буарадтæн, маргджын буарадтæн æмæ афтæ дарддæр. Арæзтад кæронмæ куы фæуа, уæд ма сæм бафтдзæнис ноджы цалдæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раздæр ацы экспертизæты фылдæр хай арæзтой Уæрæсейы.

Дыккаг этапы арæзтадмæ хауынц цæрæн хæдзар 6 фатеримæ, автотехникон экспертизæйы бæстыхай, æхсæнгарзæй æхсæн тир, спортивон фæзуат, контролон-уадзæн пункт. Арæзтад æххæст цæуы нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ центры территори æмæ бæстыхæйттæ уыдзысты хъахъхъæнæн сигнализацийæ ифтонг. Æгæрыстæмæй ма ныр скъуыддзаг цæуы фарст уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй фидæны арæзт æрцæуа Мониторинг æмæ оперативон управленийы центр (ЦМОУ). Уый та нысан кæны, цæмæй нæ республикæйы æппæт видеокамерæты баиу кæной иу централон интеллектуалон системæмæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтæн æнцондæр уа фыдгæнджыты æмæ фæткхалджыты сбæлвырд кæнын, оперативонæй архайой æмæ бæрæг кæной фæткхалджыты æмæ фыдгæнджыты.

«Фидæны махæн нæ разы ис хæс, цæмæй фæбæрзонддæр кæнæм нæ профессионалон арæхстдзинад, бацæттæ кæнæм специалисттæ ног экспертизæтæн æмæ вакантон бынæттæ баххæст кæнæм кæронмæ»,  – загъта кæронбæттæны Болататы Алан.

Бæстæйы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта ИКЦ-йы эффективондзинад, зæгъгæ, ацы уникалон структурæ, фыццаджыдæр, кæрæдзийыл бæтты УФ-йы æмæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрадты, кæцыйы фæрцы бæрæг фæхуыздæр ис фыдракæндты раргомдзинад.

«Стыр бузныг уын дзурын уе ‘нтыстджын архайды тыххæй. Сымах стыр ахъаз фестут æрмæст мидхъуыддæгты органтæн нæ, фæлæ ма æгасæй паддзахадон системæйæн дæр. Ныртæккæ не ‘хсæнады ис æндыгъд уавæр, нæ республикæйы къухдариуæггæнджыты ‘рдæм цæуы цъыфкалд æмæ алыгъуызон гоймæгтæ архайынц, цæмæй ноджы фæтыхджындæр уа ныхмæлæуд. Ахæм фæзындтытимæ та хъæуы тох кæнын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу. Ныры ситуацийы уæлдай уæз æрцыдис лингвисттыл, кæцытæ бакодтой æнтыстджын куыст æмæ дарддæр дæр барсæтджыты ныхмæ архайын хъæуы закъоны фæлгæтты. Ахæм проблемæтимæ æрмæст мах не ‘мбæлæм, фæлæ ма дунейы бæстæтæ дæр. Æмæ не ‘мбæстæгтæ хъуамæ зоной, кæй нæм ис ахæм структурæтæ, кæцытæ хъахъхъæнынц фæтк, закъонад æмæ ма нæм кæй ис ахæм орган дæр, кæцыйæн ис координаци УФ-йы Мидхъуыддæгты министрадимæ. Сымах фæрцы цыбыр рæстæгмæ скъуыддзаг æрцæуынц бирæ фарстатæ, экспертизæтæ аразын дæр бæрæг фенцондæр ис. Дарддæр дæр æвзæрдзинады ныхмæ тох кæнын уыдзæнис нæ иумæйаг сæйраг хæс», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма бузныджы ныхæстæ загъта Марат Кулахметовæн, кæцы цымыдис кодта, центры арæзтадмæ фыццаг бонæй фæстæмæ скъуыддзаг кодта арæзтадон фарстатæ, стыр хайбавæрд бахаста йæ ифтонгадмæ æмæ абоны бон центр ахæм бæрзонд æмвæзадыл кæй ис, уый бирæбæрцæй  баст у ацы адæймагимæ.

Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг дæр йæ раныхасы хорзыл банымадта центры фæзынд, зæгъгæ, иумæйагæй сисгæйæ, ИКЦ-йы фæрцы бæрæг фæэффективондæр ис нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты куыст.

«Кæд æмæ махæн Интерполы базæмæ бахизыны бар нæй æмæ уый фæстиуæгæн нæ бон нæу, цæмæй æрцагурæм фыдгæнджыты, уæд та нын ныр ИКЦ-йы уылты баххуыс кæнынц нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Уымæ гæсгæ нæ слестгæнæн органтæн æмæ оперативон службæтæн бæрæг фенцондæр ис кусын, фæкъаддæр ис фыдракæнд раиртасыны рæстæг, хардз цæуынц цъусдæр фæрæзтæ æмæ уый та хорзæрдæм æндавы фыдгæнджыты ныхмæ тох кæныны хъуыддагыл. Центр æххуыс кæны, æхсæнгарз æмæ наркотикты ныхмæ чи тох кæны, уыдонæн, хизы нæ экстремистон фæзындтытæй, террористтæй æмæ ма æндæр криминалон элементтæй», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокурор дæр банысан кодта, зæгъгæ, центры лингвисттæ бакодтой егъау куыст æмæ ныридæгæн 17 æрмæгæй фылдæримæ цæуы иртасæн куыстытæ.

«Чидæриддæр цъыф калы Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадыл æмæ структурæтыл интернеты тыгъдады, уыдон иууылдæр цæрынц  Уæрæсейы. Æмæ мæн уырны, иумæйаг тыхтæй бæрндзинадмæ кæй æркæндзыстæм ахæм хахуыргæнджыты», – загъта Генералон прокурор.

Ныхасы ма рацыдысты Марат Кулахметов æмæ Пухаты Мераб дæр. Уыдон дæр хорз аргъ скодтой ИКЦ-йы бакæнгæ куыстæн æмæ сæ профессионалондзинадæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.