Хуссар Ирыстоны истори йемыдзаг у бирæнымæц трагикон бонтæй. Нæ республикæйы ахæм къуым нæй, гуырдзиаг агрессоры æгъатыр æмæ тугмондаг къух кæдæм нæ баххæссыд. Уыдон амæттæгтæ баисты, сæ адæм æмæ республикæйы цы æвзонг лæппутæ хъахъхъæдтой, æрмæст уыдон нæ, фæлæ нæ хъæуты цæрджытæ дæр, сæ разы цы æййæфтой, уый куынæг кодтой, нæ ауæрстой, нæдæр – сывæллæттыл, нæдæр – сылгоймæгтыл, нæдæр – зæрæдтыл.

Уыцы трагедиты ‘хсæн сæйраг бынат ис, 30 азы размæ Цъинагары цы трагеди æрцыд, уымæн. Уый цытæн фыдохы митинг уагъд æрцыд Цъинагары хъæуы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл цырты цур. Цырты раз дидинджытæ сæвæрыны фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли афтæ радзырдта:

«Æрвылаз дæр 28 апрелы мах ацы бынаты ссарæм Цъинагары трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Уыдоны рухс нæмттæ махæй рох никуы уыдзысты. Æз бирæ хæттыты дзырдтон æмæ ноджыдæр нысан кæнын уый, æмæ нæ хуссайраг сыхæгты къухтæй Хуссар Ирыстон цы трагикон цаутæ бавзæрста, уыдон сты 1920 азы геноциды фæстиуæг. Раст у, уый уыд ирон адæмы скуынæг кæныны райдиан.

Фæлæ ирон адæм сæ сæртæ не ‘ркъул кæндзысты, нæ фæтасдзысты æмæ абон сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй ахæм трагедитæ фæлхатт макуыуал æрцæуой æмæ нæ сабитæ рæзой сабыр арвы бын».

Хуссар Ирыстоны фæстæмæ сæхимæ æрбаздахыны фæдыл Бибылты Анатоли æнæразыдзинад равдыста гуырдзиаг фарсы хъусынгæнинаджы тыххæй.

“Махæн ис нæхи истори, Гуырдзыстонæн та – йæхи. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах сыхæгты нæ æвзарæм æмæ Гуырдзыстонимæ хæларадон ахастытæ æмæ хæлар сыхæгтæй цæрынмæ цæттæ стæм. Фæлæ уый тыххæй хъуамæ æрбадæм бадзырдты фынджы уæлхъус æмбар бындуртыл», – банысан кодта Президент.

 

ИУ РЫСТÆЙ ИННÆ – РИССАГДÆР, ИУ ТРАГЕДИЙÆ  ИННÆ – УÆЗЗАУДÆР

Уый радон хатт банысан кодта, Гуырдзыстоны къух-дариуæгады бирæ хæттыты раивгæйæ, иу гуырдзиаг политикмæ дæр кæй нæ райхъал адæймагдзинад, нæ сæм разынд ныфсхастдзинад æмæ лæгдзинад ирон адæмы геноцид банымайыны хъуыддаджы.

«Гуырдзыстон цалынмæ нæ бамбара, Хуссар Ирыстонæн кæй ис йæ фыдæлты зæхх, ис ын йæхи истори, культурæ æмæ политикон зондахаст, кæцы рæзы æмæ æмгуыст кæны хæларадон бæстæтимæ, æппындæр ын ницы ахаст ис Гуырдзыстонмæ, уæдмæ хæларсыхагон ахастытыл дзырд дæр нæ цæуы», – банысан кодта уый.

Зæрдыл æрлæууын кодта, 2008 азы августы мæйы гуырдзиаг операци «сыгъдæг быдыр» аразынæй Хуссар Ирыстоны адæм куынæг хъуамæ æрцыдаиккой. Фæлæ зын рæстæджыты Хуссар Ирыстонмæ йæ ныфсджын уæхск бадардта Уæрæсейы Федераци.

Трагедийы тыххæй

1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы авд афтидарм цæрæджы – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Тенгиз, Зауыр, Таймураз æмæ Дудайты Тенгиз сæрвæты мард æрцыдысты гуырдзиаг агрессорты къухæй. Уыдоны ‘хсæн ма уыд хъæуы цæрджытæй иу – Джиголаты Уасил, кæцы бирæнымæц цæфты фæстиуæгæн диссаджы ирвæзт акодта мæлæтæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.