Ацы аз 29-æм апрелы 30 азы сæххæст ис Хуссар Ирыстоны зæххæнкъуыстыл. 1991 азы æвирхъау цау æрымысыдысты Дзауы фыдохы митинджы хайадисджытæ «Кады аллея»-йы зæххæнкъуысты амæттæгты цыртдзæвæны цур, цæмæй та ныр дæр ссардтаиккой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Районы цæрджытæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хайад райстой мысæн мадзалы. Фыдохы митинг бацæуæн ныхасæй байгом кодта Хуыцъейы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Тотыр. Уый æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта зæххæнкъуысты æвирхъау рæстæг, адæмы куыдæй æрæййæфта, уды зиæнттæ дзы кæй æрцыдис, æмæ æвиппайды Хахеты хъæу куыд бабын, æппæт уыдæттæ. «30 азы размæ Дзауы районы æрцыдис фыдбæллæх. Уый уыд æвирхъау хабар æппæт хуссар-ирыстойнаг адæмæн. Уалдзыгон хъарм бон, 29 апрелы 12 сахат æмæ 13 минутыл æрцыд стыр зæххæнкъуыст æмæ ныппырх кодта районы, Хахеты хъæу та фæцис зæххы бын. Стыр хъыгагæн дзы уыд уды зиæнттæ дæр, уыдоны ‘хсæн скъола-интернаты æртæ сывæллоны, кæцытæн бæстыхайæ нæ бантыст рæстæгыл ралидзын. Адæм сæргой фесты, фæлæ уæддæр сæ цардæн фæрæзтæ кодтой», – зæгъы раныхасгæнæг.

Тыбылты Тотыр ма æрымысыд, уæд Дзауы районы уагъд кæй цыдис митинг æмæ уый бирæты кæй фервæзын кодта мæлæтæй. Хуссарирыстойнаг адæм уæд тох кодтой Гуырдзыстоны политикæйы ныхмæ æмæ уый уыдис се стырдæр мæт. «Райкомы кусæг Джиоты Заирæ цалдæр бон раздæр бахаста фæндон, цæмæй Гуырдзыстоны æнæраст политикæйы ныхмæ уагъд æрцæуа митинг 29-æм апрелы. Ардæм æрбамбырд бирæ адæм æмæ сæ уый фервæзын кодта. Адæм куы ‘рбамбырд сты æмæ куыддæр митинг райдыдта, афтæ зæхх нызмæлыд æмæ бæстæ рыг фестад æмæ адæм кæрæдзийы дæр нал æвзæрстой, бæстыхæйттæ та зæххæмвæз систы. Æмткæй зæххæнкъуысты фæзиан ис 59 адæймаджы, уыдонæй 21 бæрц уыдысты сывæллæттæ», – банысан кодта Тыбылы фырт.

Фыдохы мадзалы раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, нæуæдзæм азтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн уыдысты уæззау æмæ трагикон. «Кæй зæгъын æй хъæуы, зæххæнкъуыст стыр зиан æрхаста адæмæн. Уый алы ирон адæймаджы зæрдæйы дæр ныууагъта стыр рис æмæ тасдзинад. Уымæн æмæ уæды онг никуы уыд афтæ, æмæ æнæхъæн хъæу зæххы бын фæуа æмæ фесæфа. Ирыстоны никуы уыд афтæ, æмæ иу уысммæ фесæфтаиккой 21 сывæллоны. Фæлæ æрдзы ныхмæ æрлæууæн нæй, æдых у адæймаг æмæ зæххæнкъуысты фесæфтысты цардбæллон адæм. Цыдæр амондæн хорз уыдис, æмæ уæд райцентры арæзт æрцыдис митинг æмæ хæдзæртты, уагдæтты уыйас адæм нæ баззад, æндæра фесæфтаид фылдæр адæм.

ЦЫМА ЗНОН НЫНКЪУЫСТ ДЗАУЫ ИРЫСТОН…

Зæххæнкъуысты размæ ма 1991 азы 28-æм апрелы Хуссар Ирыстоны æрцыдис иу трагеди – гуырдзиаг агрессорты къухтæй фыдмард акодтой Ленингоры районы Цъинагары хъæуы авд æнæаххос адæймаджы. Уæззау рæстæг уыд, фæлæ нæ адæм бафæрæзтой зындзинæдтæн сæ хъару æмæ фидар удыхъæды руаджы. Нæ адæм æмбæрстой, кæй хъæуы хорз фидæн æмæ цард аразын, кæй фесæфтой, уыцы адæймæгты тыххæй. Мах никуы ферох кæндзыстæм Уæрæсейы стыр æххуыс æмæ сын мæхи æмæ мæ адæмы номæй кæддæриддæр зæгъын бузныджы ныхæстæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма мæсæллæйы ныхæстæ загъта зæххæнкъуысты амæттæгты бинонтæн æмæ хиуæттæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ тыхтæ, цæмæй дарддæр сæ цард аразой æмæ размæ цæуой.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей куыд банысан кодта, афтæмæй уый тынг хорз бахъуыды кодта зæххæнкъуысты бон, уымæн æмæ уый фесæфта йæ фыды фыд Джиоты Сардойы. Уый уæд уыдис администрацийы бæстыхайы йæ кусæн кабинеты æмæ рæстæгыл йæ бон нæ бацис рахизын митингмæ æмæ пырхæнты бын фæцис. Афтæ рауад, æмæ йын йæ мард буар ссардтой фондз боны фæстæ. «Хистæр кары адæм се ‘ппæт дæр тынг хорз хъуыды кæнынц, Дзауы район 30 азы размæ куыд рæсугъд æмæ сабыр уыдис, уый. Фæлæ иу бон, иу уысм æппæт дæр ‘рбайсæфта. Æрцыд стыр зæххæнкъуыст, кæцыйæн йæ эпицентр уыдис Дзауы районы. Фæмард сты адæм, Хахеты хъæу та бынтондæр фесæфт, цыма никуыдæр уыдис, афтæ. Махæн, ирон адæмæн, ацы тæссаг цау æмæ æнамонддзинады амæттæгты рухс нæмттæ баззайдзысты нæ зæрдæты», – загъта районы сæргълæууæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, 1991 азæй абоны онг фыццаг хатт нæ республикæйы къухдариуæгады руаджы районы адæмæн арæзт æрцыдис бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ, афтæ ма хисæрмагонд хæдзæрттæ дæр. Уый та, зæгъгæ, районы цæрджытыл æфтауы ныфс сæ дарддæры царды.

Фыдохы митинджы æрæмбырдуæвджытæ æрхæндæгæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой зæххæнкъуысты амæттæгты рухс нæмттæ æмæ уый фæстæ цыртдзæвæны раз сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Скъоладзау фæсивæд та трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ арыны цытæн бакастысты æмдзæвгæтæ.

Цыппæрæмы ма къаннæг митинг уагъд æрцыд Дзауы районы скъола-интернаты территорийыл дæр. Ам скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ ссардтой Цхуырбаты Янис, Джиоты Вадим æмæ Кокойты Мараты рухс нæмттæ, кæцытæ фæмард сты зæххæнкъуысты рæстæджы. Ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы директор Галуанты Залинæ сывæллæттæн радзырдтой, зæххæнкъуыст сæ куыд æрæййæфта æмæ цавæр зиæнттæ ‘рхаста адæмæн, æппæт уыдæттæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.