24-æм апрелы Цъинагары хъæуы Культурæйы хæдзары уагъд æрцыд РХИ-йы сгуыхт журналист, æхсæнадон архайæг Хуриты Гивийы номарæн изæр. Мадзал сорганизаци кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы коллектив сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй.

Мадзалмæ æрбацыдысты Хуриты Гивийы бинонтæ, йæ хæлæрттæ Дыгъуызты Лианæ, Уалыты Гайоз, Хъараты Валери, йе ‘мкъласонтæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ, хъæубæсты цæрджытæ æмæ Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Битарты Виссарион.

Мысæн мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн рæстæг кæй ссардтой æмæ мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. «Гивийы ацы комбæсты цæрджытæй алчи дæр зыдта, иууылдæр ын кад кодтой. Арæх-иу æруадис хъæумæ дæр æмæ-иу ыл фæцин кодтам. Йæ фенд-иу нын æнахуыр æхсызгон уыд. Æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындаид, Гиви йæ зæрдæмæ фæндаг кæмæн не ссардтаид. Царды цыдæриддæр хорз миниуджытæ ис, уыдонæй иууылдæр æххæст уыд. Йæ миддуне хъæздыг, æнæ-уый та бынтон хуымæтæджы адæймаг. Ахæм адæймæгтыл арæх нæ сæмбæлæм. Хуриты Гиви бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ алы ран дæр ныууагъта хорз ном», – загъта Гуссойты Ласко.

Уый фæстæ ныхасы бар радта Гивийы æмкъласон Быценты Нугзарæн. «Гивиимæ ахуыр кодтам иумæ. Уый Цъинагары астæуккаг скъоламæ æрбацыд 1958 азы Угъелтехы райдиан скъола каст фæуыны фæстæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ иууылдæр уыдыстæм иумæ. Ахуыр кодтам хорз, иумиагæй нын уыд тынг хорз кълас. 1965 азы Цъинагары скъола каст фестæм 15 рауагъдонæй. Гивиимæ нын бирæ иумиаг хъуыддæгтæ уыд. Быдыры дæр иумæ куыстам æмæ-иу уый фæстæ та футболæй хъазыдыстæм. 1965 азы футболæй нæ командæ областы чемпионаты бацахста 1-аг бынат æмæ нæ райгондæй баззад  скъолайы дирекци. Скъола каст фæуыны фæстæ нæ дыууæйы дæр нæ хъысмæт ахаста Ленингоры поселокмæ. Гиви кусын райдыдта газеты редакцийы, æз та – районы ахуырады хайады. Уый фæстæ фæхицæн стæм. Гиви кусынмæ рацыд Цхинвалмæ æмæ æз та Ленингоры баззадтæн. Уæздандæр адæймагæн скæнæн нæ уыд. Ахæм диссаджы адæймаг уыдис æмæ дзы иу æнæгъдау ныхас дæр никуы ничи фехъуыста. Цæрынхъуагæй йе ‘нусон бæстæм кæй аивгъуыдта, уый нын тынг зын уыд иууылдæр, зæрдæйæ йыл фæмаст кодта алчи дæр. Арæх ын æрæмысæм йæ хорз ном», – загъта уый.

Гивийы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта йæ иннæ æмкъласон Гуссойты Тамарæ: «Гиви уыд тынг зæрдæхæлар адæймаг, æмгаруарзаг, иууыл уыдис мидбылхудтимæ. Зын у Гивийы хуызæн адæймаджы тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Тынг хæлар уыд мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Болататы Анзоримæ (уый дæр уыд не ‘мкъласон). Афтæ хæлар уыдысты æмæ Гиви йæхицæн цардæмбал куы æркодта, уæд ын Анзор къухылхæцæг уыд. Ныр дыууæ дæр уымы бæсты иумæ сты. Цъинагары астæуккаг скъо-ла Гивийы ном кæй хæссы, уый мын тынг æхсызгон у. Уадз, æмæ дзы  рæзгæ фæлтæр цæвиттон исой æмæ тырной уый хуызæн адæймаг суæвынмæ», – цæссыг калгæйæ æрæмысыд  Гуссойты Тамарæ.

Мадзал амонджытæ Хуыбылты Аннæ æмæ Джиголаты Аннæ радзырдтой Гивийы цардвæндаг æмæ удыгъæды тыххæй: «Ху-рийы фыртæн æрдзæй лæвæрд уыдысты зæрдæхæлардзинад, æгæрон адæймагдзинад æмæ уыцы-иу рæстæджы цахæмдæр хуымæтæгдзинады миниуджытæ, кæцытæ магнитау сæхимæ æлвæстой адæймаджы. Уæздан, хиуылхæцгæ, æппынæдзух худæндзаст æмæ фæлмæн адæймаг, кæстæртимæ – кæстæр, хистæртимæ – хистæр, раст ахæмæй бахъуыды кодтой адæм Хуриты Гивийы. Йæ журналистон архайдæй уымæн йæ ном хорз зындгонд уыд канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны дæр. Уый цыфæнды хъæздыгдзинæдтæ æмæ мулкæй дæр намыс æмæ адæмы уарзондзинад æвæрдта бæрзонддæр, кæйдæртау никуы дæр стыр бынæттæм бæллыд, никуы дæр йæхи адæмæй уæлдæр æвæрдта. Гивийы уарзтой адæм æмæ уый та уымæн уыд йæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинад. Уый йæ царды фæстаг бонмæ дæр аккагæй хаста царды æппæт æвæрццаг миниуджытæ – намыс, æгъдау, æфсарм».

Гивийы тыххæй хъарм ныхæстæ загъта горæт Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ: «Уалдзæг куыд рæсугъд у, афтæ уыл рæсугъд æмæ амондджын бонтæ кæнæд. Гиви мæ йæ чысайнаг хо хуыдта. Абон мах Гивийы кой куы кæнæм, уæд, æвæццæгæн, ирон адæймаджы, ирон хистæр нæлгоймаджы хорз миниуджытæ нæ цæстыты раз слæууынц. Æппæт уыцы хорз миниуджытæй хайджын уыд Гиви. Æз йæ къласы нæ ахуыр кодтон, фæстæдæр æй базыдтон. Йемæ арæх цыдтæн фæндагыл Цæгат Ирыстонмæ конференцитæм, æндæр мадзæлттæм. Адæймаг, дам, адæймаджы фæндагыл базоны. Уый ахæм хистæр æмгар уыд æмæ йемæ ныхас кæнынæй не ‘фсæстыстæм. Уæздандæр адæймагæн скæнæн нæй. Уый мæлдзыгы хъыджы дæр никуы бацыд, ахæм фæлмæнзæрдæ уыд. Гиви йæ фарн, йæ уæздандзинад йемæ нæ ахаста, ныууагъта сæ йæ бинонтæн. Батрадзмæ адæймаг куы бакæсы, уæд адæймаджы цæстытыл ауайы Гивийы фæлгондз. Уымæн æмæ Гиви йæ уæздандзинад ныууагъта йæ фæдонтæн. Афтæ хæрзæгъдау æмæ уæздан у йæ чызг Ларисæ дæр. Дыууæ дæр хиуылхæцгæ æмæ æгъдауджын. Уыцы уæздандзинад ныууагъта махæн, Ирыстонæн дæр. Гивийы хуызæттæй фæдзурынц, зæгъгæ, комы аргъ лæг у. Тынг зын у Гивийыл ивгъуыд афоны дзурын, фæлæ хъысмæты раз балæууæн нæй. Мах ын алы хатт дæр мысдзыстæм йæ рухс ном,  æмæ афтæмæй цæрдзæн нæ зæрдæты. Мæрдты дзæнæты бадæт. Бузныг, ацы мадзал чи сорганизаци кодта, уыдонæн», – загъта Дыгъуызты Лианæ.

Хуриты Гивийыл æмдзæвгæтæ ныффыстой фысджытæ Чехойты Оля,   Харебаты Леонид, Бахъаты Нугзар, Козаты Павел. Ацы æмдзæвгæты зæрдæмæхъаргæйæ бакастысты 8-æм къласы ахуырдзаутæ Болататы Зæринæ, Уазæгты Дианæ æмæ Болататы Зæринæ. 10-æм къласы ахуырдзау, Гивийы æфсымæры хъæбулы хъæбул Хуриты Дима  аив бакаст Бахъаты Нугзары фыст æмдзæвгæ.

Ныхасы рацыд РХИ-йы Ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз: «Гивийы тых-хæй бирæ дзурæн ис. Ардыгæй райсоммæ куы дзурæм, уæддæр нæ фæуыдзысты. Уый абон не ‘хсæн хъуамæ уаид, уымæн æмæ уый хуызæн æцæг патриоттæ не ‘взонг республикæйы тынг хъæуынц. Уый уыд, йæ Ирыстоны, йæ радтæг адæмы бирæ чи уарзта, ахæм æцæг ирон æгъдауджын лæг. Гивийы базыдтон редакцийы,  радиокомитеты куы куыста, уæд. Уыцы рæстæджы æз куыстон Æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ-иу мæм арæх æрбацыд йæ куысты фæдыл,  уадз, æмæ, дам, радиойæ райхъуыса рæсугъд ирон æвзаг. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы дæр Гиви иу ран нæ бадт,  федтон æй ТЭК-мæ æнæхонгæ уазджыты размæ ссæугæ дæр. Стæй дæр йæ фыссæн сисы бырынкъæй тынг бирæ балæггад кодта дыууæ Ирыстонæн дæр. Гивийы хуызæтты ном рох макуы хъуамæ уа. Тынг хорз у, Цъинагары астæуккаг скъола йæ ном кæй хæссы, уый. Уымæн æмæ афтæмæй цæрдзæн йæ ном», – банысан кодта уый.

Уалыты Гайоз  йæ чиныг «Большая трагедия маленького народа» балæвар кодта Гуссойты Ласко æмæ скъолайы библиотекæйæн.

Гивийы хæлар Хъараты Валери дæр бирæ хъарм ныхæстæ загъта йе ‘мгары тыххæй. «Ги-вийы тыххæй хъæуы стыр ныхæстæ зæгъын, йæ аккаг ныхæстæ ссарын мæ бон нæу. Гивийы æз нæ зыдтон, куыд телеуынынады хистæр, куыд хорз журналист, æз æй зыдтон, куыд гъдулеттаг хуымæтæджы ирон лæппу, афтæ. Зыдтон æй раст лæгæй. Лианæ куыд загъта, уымæ гæсгæ адæймаг адæймаджы фæндагыл базоны. Иу рæстæджы делегацийæ  – Цгъойты Мераб (дзæнæты бадинаг), Джиоты Аллæ, Джыгкайты Джемал æмæ Хуриты Гиви уыдыстæм Ленингоры районы. Фæстæмæ куы здæхтыстæм, уæд нæ гуырдзиаг хъæу Бершуеты баурæдтой. Бафарстой, хистæр, дам, чи у. Уæд Гиви рагæпп кодта сæ размæ æмæ сын загъта, зæгъгæ, адон сты мæ уазджытæ æмæ, зæгъ, сæ хъуамæ сæ хæдзæрттæм фæхæццæ кæнон. Гуырдзиаг лæг æм кæсгæйæ баззад æмæ йын загъта, зæгъгæ, ды дæ æцæг лæгау-лæг. Алчи, афтæ нæ бакодтаид, уымæй дæр уый арæх фыста гуырдзиæгты ныхмæ æмæ йын тас уыд, куы йæ базыдтаиккой, уымæй. Фæлæ уый йæхиуыл нæ хъуыды кодта, фæлæ махыл. Цъинагары скъола Гивийы ном кæй хæссы, уый иттæг хорз хъуыддаг у. Йæ ном сæфт макуы хъуамæ уа. Уый амард бынтон æнæнхъæлæджы йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ, фæлæ Гивийы хуызæттæ нæ мæлынц. Цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты», – загъта уый.

Æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта Гивийы лæппу Батрадз, йæ фыды ном ын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, абон немæ рацæуын сæ бон не ссис, фæлæ скъолайæн лæвæрттæ рарвыстой йæ хæлæрттæ  Хъазиты Мелитон, Джиоты Руфин æмæ Цхуырбаты Николай. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ скъолайы ахуырдзаутæ Гивийы цардвæндагимæ куы базонгæ сты, уæд сын кæй ссис цæвиттойнаг. Уымæн æвдисæн у уый дæр, æмæ йыл скъолайы ахуырдзау Мæргъиты Георги кæй ныффыста æмдзæвгæ, кæцыйы радта Батрадзмæ.

Кæронбæттæны мадзаламонджытæ бакастысты Гивийы фыст миниатюрæ «Хæхтæ, уæ бонтæ хорз», зæгъгæ.

«…Хæхтæ, адæймагæн «æгас-цу» дæр сымах зæгъут, стæй йын «хорзыл амбæл» дæр сымах зæгъут. Хæхтæ, исын сæрныллæгæй уæ разы мæ худ. Зæгъдзынæн уын искуы æз дæр: «Хорзæй баззайут, хæхтæ!»…

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.