«Ныййарджыты хъусдарды бын цы кæстæртæ вæййынц уыдон вæййынц цæвитойнагдæр, æмæ сын царды æнтысгæ дæр бакæны фылдæр», – зæгъы æрыгон æмбæстаг, Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады капитан Хъæцмæзты Аркъади. Æмæ раст у. Уымæн æмæ кæстæр тынгдæр феууæнды ныййарæгыл, хуыздæр æмæ æнцондæрæй бахъуыды кæны, уыдон цы фæаразынц, уый.

Аркъади райгуырдис æмæ схъомыл нæ горæты. 2005 азы каст фæцис Цхинвалы скъола-интернат. Уыцы азты нæ адæм бирæ зынтæ æвзæрстой æмæ уавæр фæхуыздæр кæныны хъуыддагмæ Аркъади дæр хаста йæ хайбавæрд. Дыууадæсаздзыдæй слæууыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты фарсмæ æмæ цы йæ бон уыд, уымæй сын æххуыс кодта.

Аркъадийæ абон дæр йæ командиртæ сты райгонд æмæ сæрыстыр. Намысджынæй æххæст кæны йæ хæстæ, уыимæ ма æрыгон æфсæдтонты цайдагъ кæны æфсæдтон хъуыддагыл.

Аркъадийы йæ хиуæттæ æмæ сыхæгтæ зонынц, куыд хорз кæстæрты фыд, афтæ дæр. Æмæ æцæгæйдæр, куыстæй сæрибар рæстæджы Аркъадийы арæхдæр фенæн вæййы йе ‘ртæ хъæбулы фарсмæ.

Аркъадийы бирæ хорз миниуджытæ ирдæй зынынц йе ‘мгæрты ‘хсæн дæр. Зоны семæ цæрын æмæ йын стыр аргъ кæнынц.

Аркъади Нæузæххонты уынджы фæндзæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары рагæй нæ цæры, фæлæ цæрджытæй сæ алчи дæр райгонд у Аркъадийæ. Нæ вæййы иунæг цау, хъуыддаг, цыран Аркъади нæ равдиса йæ хорз удыхъæд. Сыхæгтæй сæ иу Джиоты Руслан (Дуду) ма афтæ дæр фæзæгъы, зæгъгæ, Аркъади нæ сыхæн у хуыцауæй лæвар æмæ кад йæхицæн.

 

***

Джиоты Майя

Æвзонг æмæ зæрдæргъæвд чызг Джиоты Майяйы чи базона, уый йын, гæнæн ис, æмæ уадид ма рахата йæ хорз удыхъæды миниуджытæ, фæлæ адæймаг йемæ куы аныхас кæна, уæд æнæрахатгæ нæ фæуыдзæнис,  кæй у æгъдауыл хæст, ныфсхаст. Майя кæд райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы, уым каст фæцис астæуккаг скъола, уæддæр æй йæ хъысмæт æрхаста Цхинвалмæ. Бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ æмæ æнтысгæйæ ахуыр кæны дунеон журналистикæйы факультеты æртыккаг курсы.

Майяйæн ма йæ раппæлинаг удыхъæд фæбæрæг ацы сæрдыгон улæфтыты рæстæджы дæр. Улæфыны бæсты бацыд æмæ кусы хæрæндон «Шеф»-ы. Ам дæр дзы йæ ног зонгæтæ сты райгонд. Йæ ахæм къахдзæфы тыххæй та йæхæдæг афтæ фæзæгъы, зæгъгæ, сылгоймаг цахæмфæнды хъуыддаджы ма архайа, уæддæр хъуамæ арæхса хæринаг аразынмæ.

Майяйæн йæ ныхæстæм гæсгæ ис бирæ æмæ хорз хæлæртæ. Хуыздæр æмгæрттыл та нымайы Лохты Сæрмæт, Коцты Моникæ, Джиоты Денис æмæ æндæрты.

***

Джиоты Андрей

Æззонг лæппу Джиоты Андреймæ фæрсæрдыгæй чи бакæса, уыдон ын æнæмæнг, бабæлдзысты йæ уæнгты скондмæ. Уый ныр дыууадæс азы архайы Цхинвалы сывæллæтты-æвзæнгты республикон комплексон спортивон скъолайы уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ йын кæд стыр æнтыстытæ нæма ис, уæддæр йæ тренер Коцты Тамерлан куыд зæгъы, уымæ гæсгæ абон стырдæр ныфс кæмæй æвæры, уыдонæй иу у Андрей. Афтæ кæй у, уый бæрæг у уымæй дæр æмæ 7-æм июлы Андрей хайад райс-дзæнис Цæгат Кавказы республикæты ‘хсæн æрыгон хъæбысæй  хæцджыты ерысты.

Æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты тыххæй та мын Андрей афтæ загъта, зæгъгæ, ис нæм тынг бирæ хорз чызджытæ æмæ лæппутæ. Уыдон раппæлинаг сты сæйраджы дæр сæ зонындзинæдтæй, сæ уагахастæй, сæ хорз фæндтæй.

***

Тедеты Раминæ

«Цхинвалы медицинон техникум каст фæуыны фæстæ, бæллыдтæн Цхинвалы тагъд æххуысы станцмæ кусынмæ бацæуынмæ, фæлæ уæддæр цасдæрбæрцæй мæ ныфс дæр нæ хастон. Ныр дзы кусын», – райгондæй зæгъы Тедеты Раминæ. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, кусынмæ куы бацыд, уæд цыбыр рæстæгмæ йæ уæззау æнкъарæнтæ æрбайсæфтысты. Уымæн æмæ йæ алыварс чи уыд, уыдон æй иууылдæр райстой хорз.

Раминæ æххæст кæны диспетчеры куыст, бирæтæ ацы куыст нымайынц хуымæтæг æмæ æнцон куыстыл, зæгъгæ, бадыс æмæ дзуапп кæныс, фæлæ Раминæ афтæ нæ нымайы. Чи сæм бадзуры, уый тыхст адæймаг вæййы, уымæ байхъусын, уымæн æмбæлон дзуапп радтын хуымæтæджы хъуыддаг нæу æмæ дзы алы тыхст адæймаг дæр баззайы райгондæй.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.