25-æм октябры нæ горæты Анахарсисы номыл республикон националон библиотекæйы конференц-залмæ литературон изæрмæ æрбахуыдтой цæгатирыстойнаг, æрыгон курдиатджын поэтессæ, «Булæмæргъ»-ы премийы лауреат Бестауты Аланæйы. Уый, фыццаджыдæр, æрхуыдтой уый нысанæн, цæмæй йæ базонгæ кодтаиккой хуссарирыстойнаг чиныгкæсджытæн æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийæн. Сфæлдыстадон изæр бацæттæ кодта библиотекæйы къухдариуæгад йæ директор Кокойты Валерияйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой РХИ-йы Культурæйы министрады кусджытæ, хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы директор Челехсаты Хъазбег, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, библиотекæты кусджытæ, афтæ ма Бестауты мыггаджы минæвæрттæ, фысджытæ. Æрыгон чызджы фарсмæ ацы бон æрбалæууыдысты æмæ Цхинвалмæ йемæ фæуазæг сты йæ ныййарæг мад Хъазиты чызг, йе фсымæр Сослан æмæ газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг Касаты Аслан.

Бестауты Аланæ  æрыгон, фæлæ ныридæгæн йе уæнгты ирондзинады туг сырх зынгау кæмæн судзы, йæ райгуырæн бæстæйæн стыр хæрзты бацæуыныл чи архайы, йæ мады æхсырау йæ адæмы исбон адджын кæмæн сты, ахæм рæсугъд ирон чызг. Уый æрыгон уæвгæйæ, уæндон æмæ фидар къахдзæфтæ аразы ирон поэзийы. Аланæйæн йе сфæлдыстады хорздзинад уый мидæг ис, æмæ йын нывæзт у хуымæтæг ирон æвзагыл.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта библиотекæйы кусæг Сланты Заирæ. Уый уал аив бакаст Аланæйы æмдзæвгæтæй. Мадзаламонæг æппæтæн дæр бузныджы ныхæстæ загъта мадзалмæ кæй æрбацыдысты æмæ Аланæйы сфæлдыстадимæ кæй зонгæ кæнынц. Афтæ ма цыбыртæй æрдзырдта æрыгон чызджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Дарддæр ныхасы бар радта æрыгон фыссæджы сфæлдыстадимæ хорз зонгæ чи у æмæ йын йе ‘нтыстытæн æвдисæн чи у, газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг   Касаты Асланæн. Аслан лæмбынæгдæр æрдзырдта йе ‘мзæххон чызджы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый нырма цæуы йæ сырæзты фæндæгтыл, фæлæ ныридæгæн дæр ирдæй фæбæрæг йæ курдиат. «Аланæйы ныр арвмæ фæхæссæм, уый зæгъæн дæр нæй, уымæн æмæ нырма æрыгон чызг у, йæ фидæн нæма разæй ис. Фæлæ Цæгат Ирыстоны Аланæйы сфæлдыстад ныридæгæн зонгæ у канд йæхи кары фæсивæды ‘хсæн нæ, фæлæ ма хистæр кары адæмæн дæр. Уый уымæн æмæ Аланæ фондз азæй фылдæр мыхуыр кæны йæ сфæлдыстад газеттæ «Рæстдзинад», «Стыр ныхасы»-ы æмæ сæ районон газет «Вестник Беслана»-йы, «Хур-зæрин»-ы. Уый та ууыл дзурæг у æмæ кæд нырма æрыгон у, уæддæр йе сфæлдыстады сæ фылдæры ис апп æмæ арф хъуыды. Аланæйæн ныртæккæ мыхуыры рацыдис йе мдзæвгæты дыууæ æмбырдгонды æмæ йын сты цымыдисон, мидисджын. Бузныг ма мæ зæгъын фæнды Аланæйæн йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд чи рауагъта æмæ йын йæ дарддæры сфæл-дыстадон куыстæн тырнынад чи радта, уыцы  Челехсаты Хъазбегæн. Æрыгон чызгæн уый у тынг стыр æхсызгон хъуыддаг. Ирон лите-ратурæйы историйы суанг Мамсыраты Темыр-болатæй абоны онг Аланæйы йедтæмæ иуæн дæр нæма бантыст æвддæсаздзыдæй дыууæ чиныджы рауадзын», – радзырдта Касаты Аслан.

Хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы директор Челехсаты Хъазбег дæр зæрдиагæй раарфæ кодта мадзалы хъайтарæн æмæ æрсидт ахуыргæнджытæм, цæмæй сæ ахуыргæнинæгты æхсæн агурой ахæм курдиатджын сомбоны фысджыты. Уый æнæмæнгхъуыддагыл баны-мадта ахæм курдиатджын кæстæрты фарсмæ æрбалæууын кæй хъæуы, уый. «Бестауты Аланæ махæн бафæзминаг кæстæр у, уый махæн нæ ныфсыл æфтауы ныфсытæ æмæ хъæуы йæ фарсмæ балæууын. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ хъуамæ ахæм куыст кæной, цæмæй сæ ахуыргæнинæгты æхсæн æвзæра курдиатджын поэттæ, фысджытæ», – банысан кодта Челехсаты Хъазбег. Ныхасгæнæг катайгæнгæ дзырдта ирон æвзаджы рæзтмæ фылдæр хъусдард здахын æмæ йын аргъ кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй. Уый ма Бестауты Аланæйæн Джусойты Нафийы номыл премийы номинант кæй уыдис, уый тыххæй балæвар кодта Нафийы номыл майдан.

Аланæ æрдзæй рахаста æмдзæвгæтæ фыссыны курдиат æмæ йын сæ ацы литературон изæры сæ аив кастæй рæгъмæ рахастой нæ горæты 2-аг астæуккаг скъолайы ахуыр-гæнинæгтæ. Æмдзæвгæтæм хъусынтыл фесты адæм се ‘ппæт дæр æмæ йын бузныджы ныхæстæ дзырдтой йæ курдиаты сæраппонд. Бестауты мыггаджы номæй Аланæйæн арфæ æмæ бузныджы ныхæстимæ ныхасы рацыд нæ горæты 5- æм астæуккаг скъолайы директор Бестауты Азæ. Уымæн йæ цæст йæ чысыл хойæн йæ дарддæры сфæлдыстадон куысты бауарзта стыр æнтыстытæ æмæ фидар æнæниздзинад æмæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвар дæр. Рæсугъд арфæтæ, дидинджытæ, хъарм мидбылхудт не ‘вгъау кодтой ацы бон сæ уазæг поэтессæйæн. Бузныджы ныхæстимæ ралæууыд йæхæдæг Бестуан дæр. Уый цыбыртæй æрдзырдта куыд æмæ кæд райдыдта фыссын æмæ сын йæхæдæг дæр аив бакаст йе ‘мдзæвгæтæй. Уый фæстæ йæм мадзалы хайадисджытæ лæвæрттой сæ цымыдисгæнæг фарстытæ. Куы йæ бафарстой, зæгъгæ, йæ уарзон ирон поэт кæнæ фыссæг чи у, уæд дзуапп радта, стыр аргъ кæй кæны æмæ йын цымыдисон кæй сты Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæтæ.

Литературон мадзалы ма скъоладзау фæсивæд сæххæст кодтой ирон националон кæфтытæ  æмæ уымæй барæсугъд кодтой сфæлдыстадон изæры.

Кæронбæттæны ма мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загътой Аланæйæн йæ мад æмæ йе ‘фсымæр, сæ чызджы сфæлдыстадæн сын ахæм кад кæй скодтой, уый тыххæй. Дарддæр æрыгон фыссæг йæ къухфыстытимæ лæвар кодта йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Тæхуды». Изæры адæм æрыгон поэтимæ истой зæр-дылдарæн къамтæ дæр.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.