Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр, нæ республикæйы скъолаты рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг. 20015 азы уыдон нымæц уыд 475 æмæ 2016 азы та 489, фæлæ уыдонимæ абаргæйæ ныр сæ нымæц у 36 рауагъдоны къаддæр. Ацы аз фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд æрвыл хаттау  25 майы нæ, фæлæ 27 майы. Уый баст уыд 25 майы нæ республи-кæйы нысан кæй цыд чырыстон бæрæгбон – Зæрдæвæрæн, уыимæ. Ацы бæрæгбон рагæй фæс-тæмæ нысан цæуы уæрæхæй.

Скъолаты уагъд æрцыдысты мадзæлттæ, ауагътой цытджын линейкæтæ, цыран хорзæхджын æрцыдысты хуыздæр рауагъдонтæ.

Ахæм мадзал уагъд æрцыд Дзауы районы Синагуры астæуккаг скъолайы дæр. Уырдæм, рауагъдонтæн арфæ кæнынмæ фæуазæг сты нæ республикæйы Генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Дзауы районы ахуырады хайады минæвар Тыбылты Аллæ. Афтæ ма мадзалмæ æрбацыдысты фæндагаразджыты иу къорд сæ прораб Æлборты Валикимæ.

Мадзалы райдианы Синагуры  астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркъади раарфæ кодта рауагъдонтæн æмæ загъта: «Сымах стут, нæ республикæ ног æмвæзадмæ куы рахызт æмæ паддзахады статус куы райста, уыцы дуджы фыццаг рауагъдонтæ. Уый тыххæй сымахыл æвæрд цæуы фылдæр бæрндзинад, цæмæй сымах суат нæ паддзахады рæсугъд фидæны дарддæры аразджытæ. Фæстейæ аззадысты, алы адæймагæн дæр æппæты æвæлмасдæр æмæ хъæлдзæгдæр бонтæ – сабибонтæ. Хъыгагæн, кæд сымахмæ æрхауд Ирыстоны зын дуджы уæ рæзгæ бонтæ арвитын, уæддæр ныр уавæр фæивта хуыздæрæрдæм æмæ уын ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй араст уат уæ царды дæргъвæтин фæндæгтыл амондджынæй. Дарддæр сымахмæ æнхъæлмæ кæсы хъомыл цард æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы рæсугъд фидæн, уæд уын кæддæриддæр амонд, æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уæ рæзгæ царды фæндæгтыл».

Рауагъдонтæн ма раарфæ кодта  Тыбылты Аллæ  дæр æмæ сын загъта рæсугъд фидæнмæ æнтыстыты фæндиæгтæ.

Уый фæстæ Дзæгъиаты Уырызмæг рауагъдонтæн йæ арфæйы ныхæсты банысан кодта, ног царды фыццаг къæпхæнмæ схизгæйæ, уыдонæн кæй ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй суой нæ ног паддзахады бæрнæнкъарæг æмæ æнувыд гоймæгтæ. Арфæйы ныхæстæ ма загътой  скъолайы ахуыргæнджытæ. Æлборты Валик та алы скъоладзауæн дæр бакодта чысыл зæрдылдарæн лæвæрттæ йæхи номæй. Уый тыххæй йын скъолайы къухдариуæгад загъта стыр бузныг.

Кæронбæттæны скъоладзаутæ, скъолайы организатор Джиоты Залинæйы къухдариуæгадæй бацæттæ кодтой æмæ равдыстой хъæлдзæг номыртæ, бакастысты æмдзæвгæтæ, цыран арфæ кодтой  рауагъдонтæн, азарыдысты æмæ сæххæст кодтой цалдæр кафт æмæ зарæджы, куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

Скъолайы директор Бестауты Аркъади куыд загъта, афтæмæй ацы скъолайы уæвынад кæны гуырдзиаг æмæ уырыссаг хайадтæ. Ивгъуыд аз гуырдзиаг хайады уыд иунæг рауагъдон, æмæ дыууæ рауагъдоны та уыд уырыссаг хайады. Уыдон ныртæккæ се ‘ртæ дæр сæ ахуыр адарддæр кодтой ХИПУ-йы. Ныр та ацы скъола цардмæ афæндараст кодта дыууæ рауагъдоны ирон хайадæй. Уыдонæй сæ иу йæ ахуыр адарддæр кæндзæн Цæгат  Ирыстоны педагогон ахуыргæнæндоны, иннæ та фæнд кæны лимит райсыны бындурыл Уæрæсейы æфсæддон ахуыргæнæндæттæй сæ иуы ахуырмæ бацæуын.

Фæндараст ут, нæ чысыл æм-зæххонтæ, уæд уын рæсугъд фидæн æмæ æнтыстытæ уæ царды фæндæгтыл.

Хуыгаты Миленæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.