Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы уагæвæрды 5-æм сæр 6-æм пунктмæ гæсгæ журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор æмæ бæрнон нымæрдары æвзарынц Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджыты съезды кæнæ иумиаг æмбырды. Уый фæстæ та правлени фидар кæны цæдисы æндæр кусджыты. Журнал йæ куыст кæны «РХИ-йы мыхуыр æмæ дзыллон информацийы фæрæзты тыххæй» закъонмæ гæсгæ.
Цалдæр боны размæ уыд Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы рабадт, цæмæй сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ равзæрстаиккой литературон-аивадон журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторы. Бирæтæ цымыдис кодтой ацы æвзæрстытæм æмæ куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ æмбырды сæрдар Хъазиты Мелитон фарст æхгæдыл нæ банымадта æмæ фыссæджы цæдисы дæс уæнджы, ома, сæ фылдæр хай кæй равзæрстой, уыцы кандидат Годжыцаты Нелли нырма дæр нысан не ’рцыд редакторæй.

Фысджыты цæдисы уагæвæрд фехалын закъон фехалынæй хъауджыдæр нæу æмæ ацы хабар чидæриддæр фехъуыстой, уыдон растыл нæ нымайынц, Годжыцаты Нелли редактор æвзæрстыл нымад кæй нæма ’рцыд, уый. Уымæ гæсгæ цалдæр фарсты радтам Годжыцаты Неллимæ, цæмæй йæхæдæг ацы хъуыддаджы тыххæй куыд хъуыды кæны, уый фæдыл нын йæ хъуыдытæ зæгъа.

— Социалон хызæгты дын би-рæтæ арфæ кæнынц сусæг хъæ-лæсæппæрсты фæстиуæгæн фылдæр хъæлæстæ кæй райстай журнал «Фидиуæг»-ы редакторы бынатмæ, уый сæраппонд. Фæлæ РХИ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон уыцы æмбырдæн нæма сарæзта фæстиуджытæ. Журналы редакторæй ны-сангонд нæма æрцыдтæ. Цæмæн афтæ рауад?

— Уыцы хъуыддагæн йæхи процедурæ ис. Мах æппæтдæр сарæзтам, фысджыты цæдисы уагæвæрд куыд амоны, афтæ. 3-æм августы æрæмбырд сты фысджыты скондæн йе ’мбисæй фылдæр — æвзарджытæ. Куыд зонут, афтæмæй, мæнæн радтой фылдæр хъæлæстæ, æдæппæт уыдысты дæс. Куыд æмбæлы суагъæмæ гæсгæ, афтæ хъуамæ æмбырды сæрдар фæстагмæ фæстиуджытæ сараза. Бынæттон уацхæсджытæ дæр уыдысты уым, æмæ сын хъуамæ фехъусын кодтаид æмбырд цæуыл фæцис, уый. Фæлæ уый арæзт не ‘рцыдис. Йæ дарддæры фæндаг та йын æз афтæ зонын, суагъæ арæзт хъуамæ æрцæуа, фысджыты цæдисæй хъуамæ æрбавдыстæуа ацы фæндонрахаст, ома, хъæлæс куыд скодтой, уымæ гæсгæ Мыхуыр æмæ информацийы комитет уыцы кандидатурæ сфидар кæной. Ныртæккæ нæ зонæм уавæр куыд у, фæлæ дарддæр (ацы бонты) хъуамæ исты рабæрæг уа.

— Дæ хъуыдымæ гæсгæ фысджыты цæдисы сæрдар цæуылнæ у разы хъæлæсæппæрсты фæстиуджытыл, цы у йæ аххосаг?

— Разы у, æви нæ, уый хъуыдыйаг фарст у… Æмбырды мæм сæрæй дæр афтæ фæкаст, цыма йæ ныхасы райдианы цы дзырдта, уый дæр иууылдæр хаудис мæнмæ. Дзырдта ахæм темæйыл, зæгъгæ, мæн мæ куыстæй рарвыстой æмæ мæ цæмæн рарвыстой. Зæгъгæ, журналы поэзийы хайады сæргълæууæджы бынатмæ мæ æрæджы снысан кодтой æмæ мæ ныр та æндæр бынат хъæуы. Æндæр хуыздæр бынат та куы фæзына, уæд та дæ, зæгъгæ, уыцы бынатмæ дæр æрфæнддзæнис.

Цы адæмы ’хсæн цæрын, ныртæккæ мæ уыдон сæ фылдæр зонынц, уымæн æмæ сæ разы дæн æргом. «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторæй мæ кæй фæнды, уый баст у мæ президентон æвзæрстыты агъоммæйы программæйы бæлвырд пунктимæ. Уыцы ран æз дзурын æвзаг æмæ литературæйы фарстытыл иумæйагæй, фæлæ ацы ран мæн бакусын фæнды «Фидиуæджы» размæцыдыл, уымæн æмæ алы æгъдауæй дæр уый ис æдзæллаг уавæры æмæ йыл хъæуы бындуронæй бакусын.

— Зæгъæм, фысджыты цæдисы сæрдар спайда кодта йæ бынат æмæ уавæрæй, цæмæй дæ «Фидиуæг»-ы редакторæй ма снысан кæной. Цавæр къахдзæфтæ сараздзынæ æмæ куыд сархайдзынæ дæ бынатыл?

— Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон, æххæст у зонд æмæ фæлтæрддзинадæй. Бирæ сты ирон литературæйы къæбицмæ цы фæллæйттæ бахаста, уыдон. Мах фæлтæр не ’ппæт дæр схъомыл стæм йæ зындгонд уацмыстæ «Фæлдзæуæн рæстæг» æмæ «Алмасыл». «Алмасы»-ы кой куы кæнæм, уæд æз мæхæдæг ЦИПУ-йы ахуыр-гæнгæйæ мæ дипломон куысты спайда кодтон ацы уацмысæй. Мæн фидарæй уырны, ахæм кад æмæ номы хицау фыссæг æмæ адæймаг ныр нæ фехалдзæн, йæхæдæг разамынд кæмæн кæны æмæ нæ ирон адæмы царды стыр ны-саниуæг кæмæн ис, тадзгæ-баргæйæ мæ фæлтæры фысджыты чи фæхъомыл кодта, уыцы фысджыты цæдисы уагæвæрд. Уымæн æмæ фысджыты цæдисы уагæвæрд фехалын закъон фехалынæй хъауджыдæр нæу. Уымæй уæлдай ма ацы хъуыддаг сусæгæй арæзт не ’рцыд, фæлæ йæм æркастысты нæ Ирыстоны æппæт дзыллæ дæр — цæгатæй, хуссарæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.