(Фыссæг Гусалты  Барисыл сæххæст 80 азы)

Культурæ, аивад, литературæ цы адæммæ нæй, уыдон сæхицæй макуы раппæлæд, уыдон æххæст нацийыл банымайæн нæй. Махмæ, ирон адæммæ, се ‘ппæт дæр сты. Чысыл адæмыхатт уæвгæйæ историйы ирон лæджы ном фыст цы къабазы не ‘рцыд, ахæмтæ бирæ нæй. Фæлæ адæймаг хъуыдытыл фæвæййы: цы уыдзæн нæ сомбон та? Зæгъæм, ирон литературæйы фæрныг традицитæ чи адарддæр кæна, уæлдайдæр прозæйы, ахæмтæ – хæрз чысыл. Хистæр кары фысджытæй иутæ нал сты, иннæтыл азтæ тых кæнын райдыдтой. Куыд æмæ цы кæндзыстæм, уый фæдыл у нæ ныхас зынгæ ирон фыссæг Гусалты Барисимæ.

– Барис, Ирыстоны нымад дæ, курдиатджын, профессионалон прозаик дæ. Дæ уацмыстæ уарзон сты бирæ адæмæн, схъомыл сыл сты бирæ фæлтæртæ. Фæ-лæ мæнæ дыууæ Ирыстонæн цы иумæйаг чиныг рацыд, “Писатели Осетии”, зæгъгæ, уым цæуылнæ дæ, уый мæм диссаг кæсы?..

– Бузныг, Нинæ, фæлæ се ‘ппæт афтæ нæ хъуыды кæнынц. Уый адыл мæ цæсгом нæ бахъæцыд, уыцы номхыгъды цы æцæг фысджытæ ис, уыдон æмрæнхъ  слæууын…  Иннæрдыгæй та… Иннæрдыгæй та дзы разагъдонтимæ ахæм кæуылдæрты сæмбæлдзынæ æмæ дисы бацæудзынæ, адон та цавæр ныллæг кауы сæрты багæппытæ кодтой фысджыты ‘хсæнмæ, зæгъгæ.

Æмæ старстæн, мæныл дæр уыдонау исчитæ уыцы хуызы куы былысчъилтæ кæной, уымæй. Чысылæй фæстæмæ фидистæй уæлдай ницæмæй схъиуын…

О, стæй æз фысджыты æндæр Цæдисы уæнг дæн, Уæрæсейы нæ, фæлæ Уæрæсейаг фысджыты Цæдисы уæнг дæн. Афтæ цæмæн рауад, уый тыххæй та ацы азы “Мах дуг”-ы 3-аг номыры уыдзæн бæлвырд æрмæг.

– Арæх фехъусæм, фысджыты ‘хсæн иудзинад нæй, цæдис хæлы. Фæлæ, куыд кæсын, афтæмæй иннæ адæмтæм дæр уа-вæр хуыздæр нæу. Зæгъæм, сыхаг респуб-ликæтæм. Иу адæм уæвгæйæ, кæрæдзи хъуынхъис чи хæры, ахæмтæ дзы – тынг бирæ. Уый, æвæццæгæн, сфæлдыстадон кусджытæн сæ удыхъæд ахæм у?…

– Уыцы проблемæ уыдис, ис æмæ уыдзæн, цалынмæ фысджытæй мыггаг уа, уæдмæ. Фысджытæ дæр адæмæй сты, кæд сыл, цæ-мæй фæзминаг уой сæ алы ‘гъдауæй дæр, уый æмбæлы, уæддæр. Хъулæттæ сты, инкубаторы æмхалдих карчы цъиутау уой, уый гæнæн нæй.

Стæй…

Стæй алыхатт афтæ нæу. Иу æцæг курдиат иннæ æцæг курдиатæн табу кæны, уарзы йæ, нымайы, суанг ма йæ йæхицæй уæлдæр дæр февæры, аргъуц ын кæны. Æмæ сæ иу ин-нæйы разæй йе ‘нусон фæндагыл куы фæбалц вæййы, уæд, чи баззад, уый зæрдæхæлд фæвæййы. Стæй дæр, къухмæ фыссæн сис  райсын нæу сæйраг, фæлæ – аив дзырд. Кæйдæр фыстыхъæд ирон литературæйæн æцæгæлон у – ма йын кæн ирон хатыртæ. Уæд дæ аххосæй аив дзырд æфхæрд цæуы, ирон литературæ цæстыфтыд, фыссæджы ном – дæлдзиныггонд.

Ома, афтæ: фыдвæды бæсты – æвæд!

 Фæлæ – куыднæ стæй! Уæд ма адæмон фысджытæ æмæ алы премиты лауреаттæ кæмæй кæндзыстæм…

 О, цы вульгарон – социалогон критикæ уыдис, æвзаргæты, хуыздæрты туджы зæйтæ-иу расайæг, ууыл та нал дзурдзынæн. Уый тыххæй дæр фыссын “Мах дуг”-ы амынд номыры.

– Зæрдæхалæн маст у абон фыссæджы кад къæхты бынмæ кæй æрхауд, уый. Æгæрыстæмæй, професситы паддзахадон реестрмæ дæр хаст нæу. Бынтон сагъæссаг та уый у æмæ хистæр фысджытæн сæ фæстæ аккаг бындартæ кæй нæй, уæлдайдæр прозæйы.

– Скуынæг чиныгкæсæг, сгæзæмæ, фыддæрмæ цæуы аивадон литературæйы хъысмæт, нал у кадджын фыссæджы ном, йæ фыдæбон. Æмæ уæд чи тырна курдиатджынтæй дæр ахæм рындзæй ракæсынмæ, дунемæ йæхи равдисынмæ?!

Æрмæст уый дæр хъуыдыйаг у: аив дзырдыл сæхи уæлæхохгæнæг адæмæй, æхсæнад æмæ паддзахадæй æфхæрд литературæ, аив дзырд, абон уа райсом, йæ маст райсдзæн. Куыд? Фæсивæд удкъахыр, зондкъахыр, æнæфсарм, лыскъзæрдæ кæй суыдзысты æмæ сæм йæ адæмыл, йæ бæстæйыл æну-выд патриот худæг кæй кæсдзæн, ницæмæдаринаг, уымæй. Стæй канд уый нæ…

Фæлæ цæугæдон æлхынцъ кæнын куыд нæ комы, рæстæг та ауазын, афтæ цард дæр йæ фæтк нæ аивдзæн. Нæ фыдæлтæ йæ  раджы загътой: Бон цæуы æмæ фарн хæссы.

– Рæстæг куыд ивы, афтæ ивы фыс-сæджы миддуне дæр. Нæ фысджытæн сæ фылдæр сæ къух ауыгътой сæ раздæры идеалтыл. Æдзух советон дидинкалгæ цардыл чи зарыд, Ленины, Сталины Хуыцауы æмсæр чи æвæрдта, уыдон сын абон сæ къæхты бын кæнынц сæ ном. Уы-цы хъуыдыйыл дæ дæхæдæг дæр. Ау, советон дугæй цæмæй раппæлæм, уый нæм нæй?

  – Уыцы фарстæн дын æз дзуаппдæттæг нæ дæн, уымæн æмæ уый æгæр дардыл ныхас у. Чи ма сæ уарзы, тæхудиаг ма кæмæн сты, уый сæ адджынæн мысæд. Йæ къух сыл чи ауыгъта, йæ зонд кæмæн аивта ног царды уавæрты фæрцы, уый дæр-иу фæсмойнаг ма уæд.

Стæй ма уый зæгъинаг дæн: мæстджын хуымæтæг адæймаджы зондахастыл худын тæригъæддаг хабар у. Фæлæ сфæлдыстадон кусæг уæвгæйæ, алы культытæн, алы тугуарджытæн, ноджы ма мæнг хуыздæр царды сæраппонд, æцæгдзинадæй та, комкоммæ йæхи саргъы, йæхи къæлæтджыны, йæхи хицауиуæг кæныны сæрвæлтау, табу куы кæна, ноджы ма сыл гимнтæ куы фысса идеологон – политикон саугуырмæй, зомбигондæй, уыцы пъæззыйы уацарæй ма бирæ азты фæстæ дæр дæ бон дæхи раскъуынын куынæ уа, æцæг бæллæх уый у уый!  Афтæ уайы: куырм лæг фæндагамонæг, науæд та Къостайы æрра фыййауæн урс цагъд къуымбилы хуызæн æврагъ – коммунизм. Стæй ма уырыссагау афтæ дæр фæзæгъынц: “нельзя быть чуть-чуть беременным, чуть-чуть бандитом, чуть-чуть порядочным”…

Нинæ, фæхуымæтæгдæр кæн дæ фарстытæ, науæд мæ уый домыс, æмæ мæхи Санаты Семы бынаты куы сæвæрин. Æнæуый дæр мыл фаг уыдзæн дурдзагъдгæнджытæ. Кæд сæ сæ бынæттæй мæнмæ февдæла, уæд. 

– Барис, дæ уацмыстæ кæсгæйæ æрцыд-тæн ахæм хатдзæгмæ: дзырддзуанæй бæллиццагдæр дæм цыма ницы кæсы. Ахæм ирон дзырды хæзнатæ ссарыс, ахæм абарстытæй пайда кæныс, æмæ лæг дисы бацæуы, ахæм ныхæстæ кæм ссары, зæгъгæ…

– Уартæ ссæдзæм æнусы ссæдзæм азты уыд фысджыты къорд- æхсæнад “Серапиновы братья” – раст æй цымæ амонын…  Æмæ-иу уыдон сæ кæрæдзийыл куы амбæлдысты, уæд-иу, салам раттыны бæсты, загътой: “Писать трудно, брат!”

– Достоевский, которгæ цы у, уый бавзæрста йæхи рагъ æмæ удæй, фæлæ уæддæр фыссыны хъуыддаг ноджы каторгæдæр хуыдта. Фæлæ дзы сфæлдыстады цинæн дæр æмбал нæй, ноджы ма, ахсджиаг хъæугæ дзырдтыл куы бамбæлай стыр фыдæбæтты фæстæ, уæд.

   Кæддæр мæ нæ фæндыд мæ уацмысы архайæг “уæрдоны фарсыл асыччы цыдæр ныппæрста” ныффыссын. Фæлæ асыччы цæмæй раивтаин, уый не ссардтон дзырдуæтты дæр. Уæд дын иу бон мæ дзырдарæхст фыдыхо Чабæханы куы бабæрæг кæнин. Цыдæр рагон хабæрттæ мын кæны æмæ дын афтæ:

– Æз мæ хистæр хойæ мæ хъазæн чындз уæрдоны дзыппы æмбæхстон.

Æз хæрдмæ фæхаудтон:

– Кæм?! Кæм æй æмбæхстай?!

 – Уæрдоны дзыппы, ома, йæ фарсыл цы асыкк ис, уым…

Æндæр хæттыты та мын-иу, гол цы амоны, фаты бæх циу, гуымецаг æмæ солыйаг адæмыхатт чи сты, дзырд далыс сомих махæй райстой, æви мах уыдонæй, ирон дзыпп костромайæгтæм дзепп кæй у, уыдæттæ амыдта.

 Кæнæ мæнæ ацы диссаджы ныхас, уырыссаг ныхасимæ хæрз халæмдихтæ, фæлæ куыд рæсугъд арæхстджын тæлмац у: “Искæй хъыгыл бахъыг кæнынæн адæймаджы зæрдæ дæр фаг у, фæлæ искæй циныл бацин кæнынæн зæды зæрдæ хъæуы!”

Хуссары ирон адæмæн та сæ рыст зæр-дæтæ хуссары рæдау хурмæ мыггагмæ стæфсæнт æмæ цыфæндыйæ дæр сæ зæр-дæтæ зæды зæрдæтæй баззайæнт.

– Барис, дæ диссаджы уацмыстæ дын чи нæ бакаст, уый бирæ фесæфта. Дæ чингуытæ “Тугдар æмæ тугагур”, “Дзагдар”, “Рæсæн”, “Фаллаг бæрзонд был” æмæ иннæтæ стыр бавæрæн сты ирон прозæйы жанрмæ. Де 80 азы рындзæй ахизгæйæ ма нын нæ зæрдæ цæмæй барухс кæндзынæ?

– Цард йæхæдæг йæхи амондзæн. Мæ кары дардыл пълæнттæ ничиуал фæкæны. Тагъд уал мыхуыры рацæудзæн мæ юбилейон чиныг, алы жанры уацмысты æмбырдгонд “Лæджы уаргъ”, стæй дарддæр бæрæг уыдзæн.

– Бузныг Барис! Ирон чиныгкæсджыты номæй дын зæрдæбын арфæ кæнын дæ юбилейы фæдыл. Стыр уæзгæ хуынтæ ма цы бахæссай ирон литературæйы къæбицмæ, уый дын мæ зæрдæ зæгъы.

                                       Ныхас  кодта  Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.