2008-æм азы августы хæсты фыдæвзарæнтæ сæхиуыл бавзæрстой, стæй ма сæ иубæстон адæмы хъизæмæрттæн æвдисæн уыдысты нæ го-рæты Нæузæххонты уынджы №58 цæрæн хæдзары цæрджытæ дæр. Ацы хæдзары цæрæг Козаты Павел мын æнкъардгъуызæй радзырдта:
7-æм августы боны æхстытæ изæрырдæм чысыл фæсабырдæр сты, стæй ма Саакашвили телеуынынады ныфсæвæрæн ныхæстæ ракодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæмы ных-мæ хæст нæ расиддзæн. Адæм æрсабыр æмæ бахъæлдзæг сты, ахæм ныфсæвæрæн ныхæстæ фехъусгæйæ. Фæлæ знагыл æууæнк кæд уыди! Адæм хъуамæ адджын фынтæ уыдтаиккой, афтæмæй сæ райхъал кодтой хъомысджын æхстытæ æмæ гуыппытæ. Цæрджытæ фергъуыйау сты, стæй фæгæппытæ кодтой сæхи арæвдз кодтой æмæ æзфæраздæронæй ныллыгъдысты, хæдзары бын цы ныккæнд уыд, уырдæм. Æхстытæ нæ сабыр кодтой, иу уысм дæр не ‘нцадысты.
Иуран бадын æнцон кæм у, адæймаг фæлмæцы, стæй сæ зæрдæ дæр æхсайдта æмæ исты хабар базоныны тыххæй. Искуыдæй искуыдмæ-иу Павел æмæ йæ сыхаг нæлгоймаг схызтысты хæдзары кæртмæ, кæд сæ цардæн тынг тæссаг уыд, уæддæр. Куыддæр-иу сæ къах æрæвæрдтой, афтæ нæмгуытæ сæ рæзты ихуарæгау кодтой, цы гæнæн ма сын уыд æмæ та уæд сæхи бааууон кодтой æдасдæр бынаты. Сыхæгтæй æддæмæ рахызт Гуыцмæзты Валодя, фыдбылыз æрцæуыны æнхъæл нæ уыд æмæ йыл сæмбæлд знаджы судзгæ нæмыг. Уæззау цæф лæджы бахъуыд Мæскуыйы рынчындонмæ аласын.
Козаты Павел ма федта, скæсæнæрдыгæй иу цæрæн хæдзар пиллонарт куыд уагъта, уый.
Æмæ цал æмæ цал уыдысты ахæм æвирхъау цаутæ уыцы бонты.
Фыдгул нæ ауæрста Ирыстоныл ин-нæ бонты дæр, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты, Стыр Уæрæсе нæ фарсмæ куы æрбалæууыд, йе ‘ххуысы къух нæм куы фæдаргъ кодта, уæд. Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.