20 апрелы йæ 70-азон юбилей банысан кодта Ирыстоны зындгонд хъæбул, Хуссар Ирыстоны раздæры обкомы фыццаг секретарь, ССР Цæдисы Уæлдæр Советы депутат, дыууæ хатты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Чехойты Анатоли Георгийы фырт.

Чехойты Анатолийæн йæ цардвæндаг цымыдисон у, цы карьерон асиныл схызт, уыцы асины алы къæпхæныл дæр куыста цæсгомджынæй, йæ удыл нæ ауæрдгæйæ.

Уый райгуырд 1950 азы 20 апрелы.  Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны хæххон-металлургион институтмæ æмæ райста инженеры дæсныйад, уый фæстæ ацыд Советон Æфсадмæ. Анатоли цæвиттойнаг æфсæддон кæй уыд, уый тыххæй йæ снысан кодтой взводы командирæй, кæд æм æфсæддон ахуырад нæ уыд, уæддæр. Æфсæддон ахуырты рæстæджы-иу йе взводæн тынг хорз æнтыстытæ кæй уыд, уый тыххæй йе ‘фсæддон хæс куы сæххæст кодта, уæд æй бæргæ урæдтой æфсады, фæлæ уыцы рæстæджы йæ фыд фæзиан æмæ йæ мад æмæ йæ кæстæр æфсымæртæ æххуысхъуаг уыдысты, æмæ уымæ гæсгæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ  кусын райдыдта Цхинвалы завод «Электровибромашинæ»-йы нырма диспетчерæй, стæй та – цехы хистæрæй.

1979 азы Анатолийы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны Фæскомцæдисы Æхсæнадæмон туризмы бюро «Спутник»-ы сæрдарæй.  Ам дæр та уæхскуæзæй æрæвнæлдта йæ  куыстмæ æмæ йæ къухдариуæгадæй организаци размæ рацыд. Уыцы æнтысты тыххæй та Чехойты Анатоли схызт радон къæпхæнмæ  – снысан æй кодтой Цхинвалы горкомы фæскомцæдисон организацийы фыццаг секретарæй. Уый фæстæ та – Хуссар Ирыстоны обкомы партийы фыццаг секретарæй.

Анатоли ацы бынаты бирæ рæстæг нæ фæкуыста – 1988 азæй 1989 азмæ. Уыцы рæстæг уыд тынг æндыгъд æмæ вазыгджын æнæхъæн Советон Цæдисæн, уæлдайдæр та нæ чысыл Хуссар Ирыстонæн. Областы политикон уавæр уыд æндыгъд, цыд дзы карз политикон процесстæ.  Уымæн æмæ Гуырдзыстоны фашистон режим дарддæргæнджытæй сæ иу Звиад Гамсахурдиа уæд ралæст йæ хуыггомæй æмæ йæ хъæстæ калын райдыдта æндæр нацитыл, иууыл тынгдæр та ирон адæмыл, гуырдзиаг æхсæнады биноныг кодта йæ националистон доктринæ. Гуырдзыстоны дзыллон-информацион фæрæзты мыхуыр цыд ирон адæмы ныхмæ алыгъуызон æфхæрæн ныхæстæ, хуыдтой сæ уазджытæ, хъæддæгтæ æмæ а.д. Гуырдзыстоны ахæм ныхæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр уагътой протесты митингтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы рæстæджы областæн къухдариуæг кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ уæды рæстæджы политикон зилдухæнты Чехойты Анатолийæн бантыст йæ адæмæн ахсджиаг хъуыддаг саразын – горæтмæ дон Едысæй рауадзын. Чизоны йæ алчи нæ хъуыды кæны, фæлæ уыцы рæстæджы тынг æвзæр уыд Цхинвалы донифтонгад. Дон горæтмæ цыд Гуры районы  Варианы хъæуæй. Йæ гъæд дæр уыд тынг æвзæр, цъымарайы дон кæй уыд, уый фæстиуæгæн.

 Варианы дон горæтæн кæй нæ фаг кодта, уый фæстиуæгæн рагæй фæнд кодтой горæтмæ Едысы дон рауадзын, фæлæ фæнд иу у, йæ сæххæст кæнын та – æндæр. Планмæ гæсгæ, донуадзæн эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаид 1993 азы, фæлæ донуадзæны арæзтад нал æмæ нал фæуд кодта. Ацы донуадзæны тыххæй отставкæйы ацыд Санахъоты Феликс, кæцы обкомы секретарæй куыста Чехойты Анатолийы размæ.

Чехойы фырт йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй ацыд Мæскуымæ æмæ фембæлд уæды ССР Цæдисы Паддзахадон планы сæрдар Юри Маслюковимæ. Радзырдта йын донуадзæны арæзтады тыххæй æппæт дæр. Маслюков ын ныфсытæ бавæрдта, афтæмæй æрыздæхт фæстæмæ. Ныфсытæ хъуыддагæй æххæст æрцыдысты. Активонæй райдыдта Едысы  донуадзæны арæзтад. Хайад дзы истой Чехойты Ана-толийы сæргълæудæй горæты куыстуарзаг цæрджытæ се ‘ппæт дæр, уыцы нымæцы студентон арæзтадон къордтæ дæр.

Развæлгъау уал арæзт æрцыд куыст ифтонг кæныны штаб Чехойты Анатолийы сæргълæудæй. Алы сабат дæр бынаты уагъд цыд штабы рабадтытæ. Куыст æхсыст хъазуатонæй. Адæм куыстой æнæ улæфт бонтæй – сабат æмæ хуыцаубонты дæр, кусгæ та кодтой лæгдыхæй – джирка æмæ белæй.  Кæд уæззау куыст кодтой, уæддæр æй æмбæрстой, сæхицæн цардæн ахсджиаг хъуыддаг кæй аразынц. Райдианы сæ нæ уырныдта, арæз-тад иу азмæ кæй фæуыдзæн, фæлæ арæхстджын къухдариуæгады руаджы уый сæ къухы бафтыд, Едысы дон горæтмæ æрхæццæ 1989 азы 6-æм ноябры изæры 5 сахатыл.           

 1989 азы Чехойты Анатоли æвзæрст æрцыд ССР Цæдисы Уæлдæр  Советы Адæмон депу-татæй. Депутат уæвгæйæ, Советон Цæдисы халынвæнд чи кодта, уыдоны ныхмæ тох кодта Чехойты Анатоли. Уыд Цæдис бахъахъхъæныны принципиалон фарсхæцджытæй сæ иу.  1991 азы Чехойы фырт уыд депутатон къорд «Союз»-ы æмсæрдæрттæй сæ иу.   Уый та уæды рæстæджы тынг вазыгджын æмæ тæссаг хъуыддаг уыд, нысан кодта уæды «демок-ратты» фыццаг уылæны ныхмæ лæууын.

«Депутатон къорд «Союз»-ы лидертæй сæ иу кæй уыдтæн, уый тыххæй  хайад истон ГКЧП-йы рабадтыты æмæ уый фæстиуæгæн 1991 азы 27 августы ССР Цæдисы Сæйраг Советы рабадты фарст æрæвæрдæуы мæн æрцахсыны тыххæй, фæлæ цæмæй сæ фæнд сæххæст уыдаид, уый тыххæй сын хъæлæсæппæрсты рæстæджы не сфаг æрмæстдæр дыууæ хъæлæсы.

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны уавæр уыд тынг вазыгджын. Гуырдзы йæм лæбурдтой алырдыгæй, надтой, мардтой, удæгасæй сыгътой ирон адæмы. Ацы трагикон цаутæ хъусгæйæ,  ССР Цæдисы депутат уæвгæйæ, Анатоли иуран кæм бадтаид, йæхи-иу æппæрста трибунæмæ æмæ уырдыгæй домдта ССР Цæдисы къухдариуæгадæй, цæмæй тугкалд æруромой æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бахъахъхъæной скуынæгæй. Æгæрыстæмæй йæ гуырдзиæгтæ «микрофоны радгæс» дæр схуыдтой. 

1992 азы Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстытæ куы ауагъдæуыд, уæд  адæм фæсаууонмæ равзæрстой Чехойты Анатолийы депутатæй, ССР Цæдисы депутат уæвгæйæ йæ адæмы, йæ республикæйы интерестæ кæй хъахъхъæдта, уый  бахынцгæйæ. Уый уыд иунæг депутат, кæцы уыцы-иу рæстæджы уыд дыууæ Уæлдæр Советты депутат – ССР Цæдисы æмæ Хуссар Ирыстоны.

ССР Цæдисы Уæлдæр Советы депутат уæвгæйæ, Чехойты Анатоли  Мæскуыйы скъуыддзаг кодта  ахсджиаг иумиагнационалон фарстатæ, карзæй тох кодта Хуссар Ирыстоны адæмы бартыл, цæмæй сæ хъысмæт  сæхæдæг скъуыддзаг кодтаиккой. Уый та æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уыцы рæстæджы ахæм проблемæтæ иумиаг трибунæмæ рахæссын нысан кодта партион номенклатурæйы ныхмæ цæуын. Ацы тохы сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстонæн конкретон æмæ предметон æххуыс бакæнын æмæ адæмы хъизæмæрттæ дунейæн фехъусын кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинад куы расидт, уæд æй республикæйы разамынад снысан кодта республикæйы æххæстбарджын минæварæй Мæскуыйы.

Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Чехойты Анатоли коммунистон партийы иузæрдион уæнг уæвгæйæ, тынг бацархайдта компарти сæндидзын кæныныл æмæ 1992 азы марты ауагъдæуыд партийы XXIX съезд, цыран хайад райстой раздæры цæдисон республикæты коммунистон партиты делегацитæ. Уыцы хъуыддаг Чехойты Анатоли стыр æнтыстыл нымайы.

Цæдис ныппырхы тыххæй уый фыссы: «Беловежскаг бадзырды рæстæджы бирæтæ æмбæрстой, цыдæр тæссаг хъуыддаг кæй цæуы – арæзт. Мах боны 12 сахатыл бацыдыстæм М. С. Горбачевмæ, ССР Цæдисы адæмон депутатты съезд расидыны сæраппонд барамынд саразыны куырдиатимæ. Фæлæ нын уый загъта, зæгъгæ, йæ уый тыххæй ахадгæ аххосаг хъæуы. «Уæ фæндоны фарсхæцджыты къухфыстытæ куы æрæмбырд кæнат, уæд мæ къух æрфысдзынæн барамындыл», – дзуапп нын радта Горбачев. Мах дыккаг бон  2 сахатмæ æрæмбырд кодтам, 425 къухфысты бæсты 627 къухфысты æмæ сæ æрæвæрдтам Горбачевы раз. «Изæры уыдзæн барамынд», – ныфс нын бавæрдта президент. Фæлæ нæдæр изæры, нæдæр уый фæстæ бонты нæ уыд барамынд. Уæдæй фæстæмæ нæ Горбачев нал райста».

1995 азы Чехойты Анатоли æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы дыккаг сæвзæрст Паддзахадон Думæйы депутатæй æмæ уыд Хæдбар паддзахадты æмхæларады хъуыддæгты æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг.

1999 азæй 2003 азмæ та уыд Уæрæсейы Федерацийы æртыккаг сæвзæрст Паддзахадон Думæйы депутат Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийæ. Уыд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг дæр.

Рæстагон, намысджын адæймаджы куысты алчи нæ фембары, кæнæ та йæ нæ фæфæнды йæ бамбарын æмæ уыцы адæймагæн фæаразы алыгъуызон цæлхдуртæ.

Чехойты Анатолийæн табугæнджытæй  дарддæр уыд æмæ, æвæццæгæн, ис знæгтæ дæр, кæцытæ йæ ныхмæ архайдтой, æгæрыстæмæй йыл 2000 азы Мæхъæлы Республикæйы депутаттæ  æргом фыстæг арвыстой Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ. Фыстæджы дзырдæуыд: «Нырма æрæджы Чехойты Анатоли куыд ССР Цæдисы Сæйраг Севеты депутат, афтæ хъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны интерестæ æмæ уымæй йæхицæн  сном кодта йе ‘мзæххонты ‘хсæн. Советон Цæдис ныппырх, фæлæ Чехойы фырт уæддæр депутат у, фæлæ ныр та Цæгат Ирыстонæй.

Фæцис хæст Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн. Уæрæсейы Федерацийы руаджы конфликты зонæйы у стабилон. Уымæ нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг лигъдæттæн сæ фылдæр алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ, цæргæйæ баззадысты Цæгат Ирыстоны, сæ фылдæр æрбынат кодта Горæтгæрон районы».

Цæмæй Горæтгæрон районы æрцæрын кæной мæхъæлæтты, уый тыххæй йæ аххосджын кодтой, зæгъгæ, дам, Чехойты Анатоли бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ, цæмæй Паддзахадон Думæмæ уынаффæмæ хæссын ма бауагътаид «Мæхъæлон адæмы реабилитацийы тыххæй» закъоны проект. Фæлæ, бæрæг куыд у, афтæмæй Паддзахадон Думæ Чехойты Анатолийы инициативæйæ куы æруынаффæ кодта уыцы закъоны проектыл, уый фæстиуæгæн суагъæйы ныффыстæуыд, зæгъгæ, «Мæхъæлон адæмы реабилитацийы тыххæй» закъоны проект йæ концепцимæ гæсгæ арæзт нæу Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ гæсгæ».

Чехойты Анатоли стыр хайбавæрд бахаста бирæ закъоны проекттæм. Уæрæсейы Федера-цийы политикон царды уый абон дæр зындгонд у иттæг хорз паддзахадон архайæгæй, кæцыйæн националон интерестæ уыдысты иууыл приоритетондæр. Бирæ азты дæргъы политикæйы уæвгæйæ, уымæн æмхуызон ахастытæ уыд алы æмæ алыгъуызон адæймæгтимæ – ныры паддзахадон архайджытæй æмæ парламентон фракциты закъондæттынады архайджытæй суанг серьезон бизнесы æмæ стыр æхсæнадон организациты   минæвæртты онг.

Чехойты Анатоли йæ разы æвæрд хæслæвæрдтæм бæрнон ахаст кæй дардта æмæ сæ цæсгом-джынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй æнæ хъусдард нæ баззад бæстæйы къухдариуæгадæй. Йæ хорз куысты тыххæй уый хорзæхджын æрцыд Фæскомцæдисы Централон Комитеты Кады Грамотæйæ, «В память 850-летия Москвы»-йы майданæй, УФ Паддзахадон Думæйы Кады Грамотæйæ, Хæлардзинады æмæ Кады ордентæй.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.