Нæ царды сæмбæлæм ахæм адæймæгтыл, кæцытæ хæрзæвзонгæй рацæуынц царды гуыргъахъ фæндæгтыл, фæлæ  бафæразынц уæззау царды азтæн æмæ æхсæнады аккаг бынат ссарынц. Ахæм адæймæгтæм хауы мæ абоны уацы хъайтар Уанеты Фрося дæр. Сылгоймаджы сæртæг уæхсчытыл кæд хæрзæвзонгæй æрæнцад царды уæз, уæддæр нæ фæтасыд зындзинæдтæн æмæ абон у амондджын ныййарæг мад æмæ нана.

Бадæм Фросяйы хæрзæфснайд хатæны тымбыл фынджы фарсмæ æмæ нын ныхас бацайдагъ. Сылгоймагыл кæд азтæ сæ уæззау фæд æруагътой, уæддæр йæ хъуыдыкæнынад у ирд æмæ йæм хъусынæй нал æфсæстæн. Йæ хъуыдытæ та йæ ахастой  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы азтæм. Йæ мысинæгтæ дзургæйæ, сылгоймаджы цæсгомыл куы цины æмæ куы та хъыджы æнкъарæнтæ фæзынынц…

«Райгуырдтæн Знауыры районы Амбреты хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Мæ ныййарджытæ Уанеты Георги æмæ Чилæхсаты Аннæйæн уыдыстæм авд сывæллоны – 6 чызджы æмæ иу лæппу. Хъомыл нæ кодтой хæрзæгъдаудзинадыл, æппæт тыхтæй дæр архайдтой сæ бирæ цоты царды раст фæндагыл бафтауыныл. Æз зæнæджы хистæр уыдтæн æмæ сын хæдзарон куыстыты æххуыс кодтон. Кæд нын бирæ фыдæбон уыд, уæддæр цардыстæм сабыр цардæй. Фæлæ иу уысммæ нæ сабыр цард æрбайхæлд. 1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Мæ фыд Георгимæ фронтмæ æрсидтысты 1941 азы июлы мæйы райдианы. Уæд мыл цыд 14 азы. Мæ фыды ацыд нæ бинонтæн дывæр зындзинад æрхаста. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ хæстæй цалдæр боны размæ сыхæлдта, цы чысыл хъæдын хæдзар нын уыд, уый, цæмæй йæм бафтыдтаид æмæ дзы сарæзтаид стырдæр хæдзар. Фæлæ йын хæст бахъыгдардта йæ фæнд сæххæст кæнын æмæ фæстæмæ йæ бинонтæм йæ зæрдæ æхсайгæйæ, ацыд фæцу æмæ марцуйы фæндагыл. Хæдзары дзаг бинон-тæй баззадыстæм гом арвы бын, æхсæв-иу фынæй кодтам, нæ кæрты цы тута бæлас уыд, уый бын. Фæлæ, нæ амондæн, нæ хъæумæ æрбафтыдысты æнæ-зонгæ нæлгоймæгтæ, «имерелитæ» сæ хуыдтой, уыдон нын сарæзтой дыууæ хатæны æмæ нын уæд чысыл фенцондæр. Уæдмæ хæстмæ бархионæй ацыд мæ фыдыфсымæр дæр æмæ уый æнахъом лæппу дæр мах æвджид баззад. Рауад афтæ, æмæ мæ мад Чилæхсаты Аннæ иунæгæй схъомыл кодта 8 сывæллоны, лæджымсæр сылгоймаг уыд мæ мад. Нæхи хъæуы фермæйы æххæст кодта алыгъуызон куыстытæ, куыста хъугдуцæгæй, цыхтахсæгæй. Æз дæр ын æххуыс кодтон æппæт тых-тæй дæр. Цыхтытæ-иу арвыстам фронтмæ дæр. Æгæрыстæмæй, цæвæгæй дæр карстон ме ‘мкарæн чызджытимæ. Иу зымæджы та нæ мадимæ сбыдтам 45 фæлысты цъындатæ æмæ сæ арвыстам фронтмæ. Алкæцы фæлысты дæр дзы нывæрдтам фыстæг ахæм ныхæстимæ «Будь здоров, скорее возвращайся!», зæгъгæ. 1942 азы нæм æрæхъуыст мæ фыды сау хабар. Нал æрыздæхт мæ фыды æфсымæр дæр. Дыууæ дæр фæмард сты Симферополы карз тохты рæстæджы. Нæ хъæуы нын уыд фæскомцæдисон организаци, кæцыйы сконды уыдыстæм 9 адæймагæй. Йæ хистæр уыд 14-аздзыд Хетæгкаты Ваня. Уый-иу нæм суткæйы кæцыфæнды афоны дæр куы фæдзырдтаид, уæддæр-иу хъуамæ уайтагъд æрбацыдаиккам скъолайы цурмæ, цæмæй-иу нын хæслæвæрдтæ радтаид. Никуы бафсæстæн хъарм уаты фынæйæ, уæззау куыст фæкодтон æвзонг чызг уæвгæйæ.

Уæдмæ каст фæдæн авд къласы нæ хъæуы æнæххæст астæуккаг скъолайы тынг хорз нысæнттыл æмæ сфæнд кодтон Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникуммæ бацæуын. Фæлæ мæм мæ мад бахатыд, зæгъгæ,  ноябрмæ æрлæуу æмæ уал, зæгъ, суг æрласæм зымæгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, байхъуыстон мæ мадмæ æмæ нæ фæззыгон куыстытæ куы бакодтам, уæд æрцыдтæн Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникуммæ. Фæлæ, уым та ахуыр райдыдта 1-æм сентябры æмæ ма мæ кæм истой. Уæд мæ зæрдæ суынгæг, кæуын райдыдтон æмæ мæ афтæмæй уагдоны ахуыры хайы сæргълæууæг Хъæцмæзты Надеждæ куы федта, уæд мын мæ аттестат айста æмæ йæ куы базыдта, фæндзтыл фæдæн скъола, уæд мæ æрбахъæбыс кодта йæхимæ, бахатыд директор Цъæхилты Александрмæ æмæ мæ айстой техникуммæ. Надеждæ ма мæ æхсæвы сæхимæ дæр акодта æхсæвиуат кæнынмæ, ахæм хуыцауысконд сылгоймаг уыд. Уый фæстæ мын радтой æмдзæрæндоны бынат æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлдтон мæ ахуырмæ. Ахуыр кодтон ветеринарон факультеты тынг хорз нысæнттыл. Иу хатт нæ дыууæмæйон кондадон практикæмæ арвыстой Дзауы районы Ручъы хъæумæ. Уæд ацы хъæуы колхозы сæрдарæй куыста, йæ хъазуатон фæллойæ йæхицæн стыр ном чи скодта, уыцы сылгоймаг – Плиты Марта. Сылгоймаг ныл сæмбæлд райзæрдæйæ, рæв-дыдта нæ, раст цыма йæхи хъæбултæ уыдыстæм, афтæ. Цардыстæм хъæуы медицинон пункты. Дих уыдыстæм дыууæ къордыл. Иутæ нæ хъуццытæ дыгътой æмæ иннæтæ та цыхт ахстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæстон уæззау азты мах хæрдцух  кæй æййæфтам, уый нæ уæлæ зынд. Уæд нын Марта загъта, зæгъгæ, уæ иуы дæр хуыз куынæ ис æмæ нæ бафæдзæхста, зæгъгæ, æрвылбон дæр хæрут æхсырысæртæ (сметана), цæмæй, дам, хæрхуызтæй аздæхат фæстæмæ. Абоны онг дæр уыцы сметанайы ад мæ дзыхы ис, ныр ма кæм ис, ахæм диссаджы хæрзгъæд продукттæ. Ручъы колхоз фронтмæ бирæ хъæууонхæдзардон продукци фервыста Мартайы руаджы.

Ацы хъæуы практикæйы уæвгæйæ ма мæ зæрдыл бадардтон иу цау. Цæвиттон, Марта цалынмæ сæрдар не сси, уæдмæ куыста хъугдуцæгæй. Уый йæ хъуццыты афтæ рæвдыдта æмæ йыл тынг  сахуыр сты. Æгæрыстæмæй, сыл нæмттæ дæр сæвæрдта. Æмæ-иу ын куыддæр йæ хъæлæс фехъуыстой, афтæ-иу æм уасын райдыдтой, сæхи-иу дуцын нал уагътой. Уымæ гæсгæ Марта иууылдæр ныхас кодта ныллæг хъæлæсæй. Ахæм диссаджы куыстуарзаг сылгоймаг уыд Плион. Æз сæрыстыр дæн, Плиты Мартаимæ зонгæ кæй уыдтæн, уымæй.

1945 азы æнтыстджынæй каст фæдæн техникум. Уагдоны директор Цъæхилты Александр бахатыд Хуссар Ирыстоны партийы обкоммæ, цæмæй мæ арвыстаиккой Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон институтмæ. Йæ фæндыл сразы сты Уанеты Сарди æмæ Гасситы Знауыр æмæ мын мæ документтæ  арвыстой институтмæ, бæргæ мæм æнхъæлмæ кастысты уым дæр, цалдæр хатты мæм æрæрвыстой, фæлæ мæ чи акодтаид, уый мын нæ уыд, стæй мæ мæ уавæртæ дæр нæ амыдтой æмæ нал ацыдтæн. Кусын райдыдтон нæхи хъæуы колхозы зоотехник æмæ ветеринарæй. Стæй мæ цард баиу кодтон Чехойты Георгиимæ, уый та куыста Знауыры районы мидхъуыддæгты хайады. Дыууæ азы бæрц бакусыны фæстæ  рацыдыстæм æмæ æрцардыстæм Цхинвалы. Георги куыста кинофикацийы хайады бухгалтерæй. Тынг хорз зыдта йæ куыст æмæ мæн дæр сахуыр кодта ацы дæсныйадыл. Æмæ 1949 азы æз дæр кусын райдыдтон «Электросеть»-ы бухгалтерæй æмæ дзы фæкуыстон суанг пенсийы ацæуыны онг, ома, 1998 азмæ. Зæнæгæй нын рацыд æртæ лæппуйы æмæ абон кæд мæ цардæмбал сæрæгас нал у, раджы аивгъуыдта йе нусон бæстæм, уæддæр амондджын дæн мæ хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты æнтыстытæм, амондмæ кæсгæйæ», – радзырдта мын Уанеты Фрося.

Йæ цæсгомджын куысты тыххæй Фрося хорзæхджын у паддзахадон хорзæхтæй, лæвæрд ын æрцыд фæллойы ветераны ном дæр. Афтæ ма йæхицæн кадыл нымайы, куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæсчъылдымы хайадисæг, афтæ йæм УФ-йы раздæры Президент Дмитри Медведев æмæ ныры Президент Владимир Путин  арфæйы фыстæджытæ кæй æрæрвыстой, уый дæр.

Æмæ амондджын куыннæ хъуамæ уа Фрося, æцæгæйдæр ахæм хъæбулты чи схъомыл кодта. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй алчи дæр зоны æмæ хъуыды кæны Чехойты Анатоли Георгийы фырты. Уый Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджы, ома, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы куыста партийы обкомы секретарæй. Уæззау уæз ыл æрцыд ацы бæрнон бынаты кусгæйæ, уымæн æмæ уыцы азтæ уыдысты змæст, хæццæ азтæ. Уый фæстæ уыд дыккаг æмæ æртыккаг æрсидты УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат. Афтæ ма уыд ХПÆ-йы хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдар. УФ-йы Паддзахадон Думæйы кусгæйæ, уый бирæ балæггад кодта йæ радтæг адæмæн гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы. Паддзахадон Думæйы сесситы рæстæджы микрофонæй бирæ хæттыты райхъуыст Анатолийы тыхст æмæ фæдисы хъæр Хуссар Ирыстоны адæмы уæззау уавæры тыххæй. Уæдæ ирон адæмæй курдиатджын музыкант Чехойты Леониды чи нæ зоны, ахæмтæ стæмтæ сты. Уый дæр бирæ балæггад кодта йæ радтæг адæмæн йæ диссаджы музыкалон аивадæй. Уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон камерон оркестры къухдариуæггæнæг. Ныртæккæ кусы Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон филармонийы.

Уанеты Фросяйы æртыккаг хъæбул Александр (Алик) та кусы РХИ-йы барадхъахъхъæнæг органты æмæ афтæмæй уый дæр лæггад кæны йæ радтæг Ирыстонæн. Йе ‘ртæ фыртæн дæр ис хорз цардæмбæлттæ æмæ хорз хъæбултæ. Ис ын хъæбулы хъæбулы хъæбултæ дæр. Уыдон цæрынц куыд Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы, афтæ дард фæсарæнты дæр æмæ уырдыгæй сæ нанамæ хъуысынц се нтыстыты хабæрттæ.

Абон, 20 августы, Уанеты Фросяйыл сæххæст 90 азы. Йæ хъæбултæ, йæ чындзытæ батыхстысты, цæмæй та тынг сбуц кæной сæ уарзон мады æмæ æфсины йæ юбилейон гуырæн боны. Сæрмагондæй сæ уарзон ныййарæг мады юбилеймæ йæ хъæбултæ æрцыдысты Мæскуыйæ, Дзæуджыхъæуæй, цæмæй йæ сбуц кæной æмæ йын зæрдиаг арфæтæ ракæной йæ 90-азы юбилейон бæрæгбоны цытæн.

Амондджын ныййарæг мадæн мах цæст дæр бауарздзæн, цæмæй ма бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæцæра йæ уарзон бинонты ‘хсæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.