Алы фыссӕг дӕр литературӕйы фыццаг фӕлварӕнтӕ райдайы поэзийы фадыджы, фӕлӕ сфӕлдыстадмӕ уӕндон къахдзӕф бакӕнгӕйӕ, йӕ курдиат кӕмӕн поэзийы сӕрттивы тынгдӕр, кӕмӕн та литературон аивады ӕндӕр хуызтӕ ӕмӕ жанрты. Хъазиты Мелитон архайы куыд поэзи, афтӕ прозӕ ӕмӕ драматургийы, егъау сты йӕ хуынтӕ публицистикӕ ӕмӕ зонады фадыджы дӕр.

Дзӕвгар поэтикон уацмыстӕ сфӕлдыста Мелитон. Сӕ тематикӕ у уӕрӕх – уарзт ӕмӕ фыдӕх, хӕлар ӕмӕ хӕрам, хӕст ӕмӕ ӕнцойбон, патриотизм ӕмӕ гадзрахат – уыдон сты йӕ поэзийы сӕйраг мотивтӕ. Ацы ӕмбарынӕдтӕ се ‘ппӕт дӕр сиу вӕййынц поэты сфӕлдыстады Ирыстоны ӕмбырдгонд фӕлгонцы. Ирыс-тонӕн йӕ хъыгтӕ ӕмӕ йӕ цинтӕ, йӕ фидӕныл мӕт ӕмӕ сагъӕс ӕндавынц поэты. Æппӕт ӕвзаргӕ эмоцитӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ, хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ абадынц ритм ӕмӕ рифмӕйы базыртыл, афтӕмӕй бацӕуынц поэзийы агъуды.

Поэт ӕгӕрон уарзтӕй уарзы йӕ Ирыстоны, у йӕ «удлӕууӕн», йӕ «уды къӕртт» (ӕмдз. «Ир»). Поэт цӕттӕ у йӕ зард, йӕ цин ын раттын ӕмӕ йӕхимӕ райсын йӕ рын, йӕ сонтӕ, разы у йӕ уд йӕ бӕстӕйӕн нывонд скӕнын: «Ир мӕ сомыгӕнӕн мад у! Уӕд нывонд ын, уӕд мӕ цард – Амӕлын йӕ номыл кад у».

Ирыстоныл йӕ рыст, йӕ уарзт фыдызӕхмӕ поэт нывӕфтыд скодта ӕмдзӕвгӕ «Цас уарзын»-ы дӕр. Ирыстон кӕд ӕфхӕрд, ссӕст у, «тулы хъинцгӕнгӕ йӕ уӕрдон», уӕддӕр ын нӕй ӕмсӕр, уӕддӕр поэтӕн у йӕ «хур ӕмӕ мӕй».

Ир зын раны куы бахауы, уӕд фӕдисхъӕр сисы поэт (ӕмдз. «Фӕдис»). Æрбабырста знаг, рауагъта Ирыл тугзӕй, Иры арвыл ӕрбадт ӕрхуы тӕлм. Алы куплеты фӕстӕ дӕр поэт рефренӕй цӕгъды фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ: «Судзынц Чъребайы риуыл Стыр фӕдисы ӕртытӕ». Æмӕ сиды поэт тохмӕ, райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнынмӕ.

Бирӕ тыхми фӕкодтой гуырдзы ирон адӕмӕн рагзаманӕй фӕстӕмӕ. «Не ̓фсӕдынц ироны тугӕй», – зӕгъы поэт ӕмдзӕвгӕ «Чъребайаг лӕппуты ӕртхъирӕн»-ы. У «тугхъулӕттӕ Присы къуылдым», «сцагътой нӕ Зары». Мах не стӕм тыхгӕнӕг, фӕлӕ ироны марӕгӕн баргӕ дӕр нӕ кӕнӕм. Ирон уыд ӕмӕ у, кӕддӕриддӕр, сӕрыстыр:

Кӕд нӕ тугӕй сау хъулӕттӕ

Чъребайы зӕхх дары,

Гъе, уӕддӕр нӕ басӕтдзыстӕм

Чысаны уа, Къуыдары.

Хӕстон уавӕрты тухи кӕнгӕйӕ, Ирыстонӕн «сӕрибардзинад» ахсджиаг уыд кӕддӕриддӕр. 2008 азы хӕсты фӕстиуӕг уыд Сӕрибар. Уыцы аз 28 августы нымад ӕрцыд Хуссар Иры Хӕдбардзинад. Ацы цауӕй рантыст ӕмдзӕвгӕ «Сӕрибар». «Фӕззӕджы был» райста Ир сӕрибар. Райы ӕмӕ цин кӕны поэт-лирикон хъайтары зӕрдӕ: «Хур кӕсы нӕ дзӕбӕх Ирӕй. Растӕндӕр мӕ риуы арфӕй!» Лирикон хъайтары цинӕй «зӕдтӕ бахудынц цъӕх арвӕй»,  «зӕхх тӕлфы мӕ быны». Æххӕстӕй не ̓ууӕнды йӕ амондыл поэт, фӕлӕ… «У ӕцӕг. Нӕ уыдис фыны – Райста радтӕг Ир Сӕрибар!»

Топографион бӕлвырддзинад уынӕм ӕмдзӕвгӕты циклтӕ Чъреба ӕмӕ Чысангомыл. Ам Чъребайы ӕвдисы хӕстӕфхӕрд ӕмӕ хӕствӕлладӕй. Цикл «Чъреба»  конд у дыууадӕс ӕмдзӕвгӕйӕ ӕмӕ сты гуырдзиаг-ирон хӕсты темӕйыл фыст. Чъреба ӕвдыст цӕуы тыхстӕй ӕмӕ хӕстарыдӕй: «Цъӕх арв ныл судзгӕ нӕмгуытимӕ хауы. Фӕлӕбыры нӕ быны зӕхх. Тыхст лӕг йӕхи аууон лӕууынмӕ хъавы –  Кӕны ызды къӕвда сӕх-сӕх». Сӕрыстыр гуырдтӕ кӕм гуыры, уыцы бӕстӕ нӕу ӕнцон сӕттӕн ӕмӕ кӕд «Ныммӕстӕг дӕ, нӕ чъил кӕныс фыдӕнӕн. Нӕ Чъреба, цӕр ӕмӕ нын цӕр!».

Поэт йӕ уарзондзинад  йӕ  райгуырӕн Чысангоммӕ равдыста  цикл  «Чысангом»-ы. Уый поэтӕн у «уӕлдзӕнӕт», «цъӕх дзӕнӕт», «зӕдбадӕн». Уым ирон дзырд зӕлы «ӕхсӕры ныкъкъӕрццау», уырдыгӕй рацӕугӕ сты бӕгъатыр Антъон, Уасо, номдзыд Хацырон, ам сты уазӕгуарз ӕмӕ куыстхъом (ӕмдз. «Чысангом»). Поэт бузныг зӕгъы ӕмӕ табу кӕны Хуыцауӕн йӕ радтӕг Чысаны тыххӕй ӕмӕ дзы куры, цӕмӕй макуы баззайа знагӕн (ӕмдз. «Гаджидау»).

Поэты бӕллиц у дыууӕ Ирыстоны баиу, ууыл у йӕ лӕгъстӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ нӕ хоны йӕ куывдмӕ ӕрбацӕуын (ӕмдз. «Æрбацӕут мӕ куывдмӕ»). Æмдзӕвгӕйы Ирыстоны баиуы темӕмӕ ӕрбахъуызы ӕнӕууӕнк тӕрхоны лӕгты гадзрахатӕй цӕуыны мотив. Уыдоны нӕй Иры хӕрзӕбоны мӕт. Уыдон: «Нӕ Иры сиумӕ фыны дӕр нӕ хъавынц.  Кӕрдихгай сын хуыздӕр тайы. Фӕрнӕй сӕ дзыппытӕм нӕ Иры сойтӕ хафынц», – зӕгъы поэт.

Ирыстоны райгуырӕг адӕймагӕн йӕ райгуырӕн кӕдфӕндыдӕр баззайдзӕн йӕ зӕрдӕйы. Мамсыраты Темырболат йемӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм Иры зӕххы мысынӕн сыджыт куыд ахаста, афтӕ Ме-литоны хъайтар – Туркмӕ лидзӕг – адӕргӕй йӕ армы ахаста цӕххойӕн дур ӕмӕ йӕм «Иры урссӕр къӕдзӕхтӕн» сӕ уд лирикон хъайтармӕ каст дурӕй (ӕмдз. «Дур»). Цӕххойӕн дур ын басгуыхт «Ирзӕхх мысӕн», уый «ссис йӕ мастсурӕн» ӕмӕ йыл «касти дурӕй Иры хур». Цӕххойӕн дуры лирикон хъайтар бауадзы уд, кувы йӕм Хуыцаумӕ кувӕгау. Æмдзӕвгӕйы кӕрон поэт ӕрцӕуы логикон хатдзӕгмӕ: райгуырӕн бӕстӕйы стыр уарзтӕн ницӕмӕй ис баивӕн.

Ирыстоны алӕмӕттаг ӕрдз поэттӕн арӕх свӕййы сӕ музӕ, сӕ зарджыты сӕр. Йӕ хъӕбысы райгуыры курдиат. Нывӕфтыд ӕй кӕны Мелитон дӕр. Æмдзӕвгӕ «Сӕурайсом» у цины, хъӕлдзӕг пейзажы афыст. Æмдзӕвгӕйы эстетикон равг бӕлвырд цӕуы ӕвзаг хъӕздыггӕнӕг фӕрӕзтӕй. Поэт хурӕн радты удгоймаджы ӕууӕлтӕ: «Хур йӕ фӕндаг ауындзгӕ Хохы тигъмӕ рахаста». Ам олицетворени ӕмӕ метафорӕ свӕййынц ӕмдзу ӕмӕ аразынц иу органикон ӕмиуад. Къӕл-къӕлӕй худы ӕхсӕрдзӕн дӕр. Хуымӕтӕджы, баналон бӕрзбӕласы цъӕртты автор равдисы метонимийы фӕрӕзӕй ӕмӕ сӕ рахоны «урсбуар бӕрзытӕ», абары сӕ «уайсадӕг чындзытимӕ», бӕрзбӕласы фӕлмӕн ӕмӕ уӕздандзинад равдисыны охыл. Поэт-лирикон хъайтар «мӕргъты цины зарджыты ленк кӕны кӕсагау». Ам  уынӕм метафорӕ ӕмӕ абарсты ӕмиуад. Чысыл гуызавӕ ӕвзӕрын кӕнынц кӕсӕгмӕ мӕнӕ ацы рӕнхъытӕ: «Хох лӕууы йӕ уӕрджытыл Хауынӕй тӕрсгӕйӕ». Литературӕйы пейзажы нывафысты цы сӕрбӕрзонд, сӕрыстыр хохы фӕлгонцыл сахуыр стӕм, уым ныр цӕмӕн лӕууы йӕ зоныгуыл ӕмӕ тӕрсы хауынӕй, уый иттӕг ӕмбӕрстгонд нӕу. Чъызгӕйӕ ахъуыдыгӕнӕн ис, чи зоны, уый у ныллӕгдӕр, фӕлӕ бӕрзонд хӕхтӕ кӕуыл ӕнцой кӕнынц, ахӕм хох. Уый у сӕ ӕнгомдзинады ӕмӕ фидардзинады нысан. Поэты райгуырӕн алӕмӕттаг кӕй у: «Уымӕн ыссы Ирзӕхмӕ Не знаг салд ӕфсӕртӕ». Фӕлӕ дзӕгъӕлы… Уӕндон ӕмӕ ныфсджын у поэт: «Чи уӕнды мӕ риуӕй мын Сӕфтауа мӕ зӕрдӕ».

Фӕззыгон ӕрдз ӕмӕ бӕркады рӕсугъд нывафыст у ӕмдзӕвгӕ «Фӕззӕг». Фӕззыгон уӕрыччытӕ нырма сты хохы, нӕма сӕ ӕрыскъӕрдтой фыййӕуттӕ. Уыдон урс дарынц хохыл ӕмӕ поэт йе сныв кӕнынӕн ссары диссаджы поэтикон фӕрӕз: «Хохӕн урс уӕрыччы цармӕй Урс тинтычъи худ и». Зымӕг мит кӕй ӕрӕмбӕрзы, уый поэттӕ арӕх нывӕфтыд ӕгъдауӕй абарынц «урс хъӕц-цулимӕ», «урс пӕлӕз»-имæ. Мелитон та йӕ абары урс дӕндӕгтимӕ: «Зымӕг урс-урсид дӕндӕгтӕй  Хохрындзӕй ныххудти». Æхсӕрдзӕн скӕны «чындздзон дарӕс», ӕхсыры цадӕй райхъуысы йӕ къӕл-къӕл. Ам «ӕхсыры цад» поэт хоны фынккалгӕ урсбарц дон. Сӕрджын сагтӕ фӕззыгон бурдзаст рӕгътыл уадзынц дугътӕ, зӕрныджытӕ тӕхынц хъарм бӕстӕм: «Зӕрныджытӕ рагфӕдисы Ацъыкк кодтой фатӕй». Ахӕм хуызы автор ӕвдисы зӕрныджыты фӕткыл рӕнхъӕвӕрд хъарм бӕстӕм тӕхгӕйӕ. Хӕххон царды нывтӕ, хъӕды фӕззыгон афыст баххӕст кӕнынц ӕмдзӕвгӕйы композицион сконд. Фӕззыгон хъӕды хъулон ахуырст автор скӕны поэтикон: «Дары бур-сырх-цъӕх кӕлмӕрзӕн Хъӕд». Фӕззӕджы бӕркад равдисынӕн ссардта  аив метафорӕйы фӕрӕз: «Дыргъдзаг – йӕ рӕттӕ». Афтӕмӕй: «Фӕззӕг мын йӕ ахорӕнтӕй Скодта сау кӕлӕнтӕ». Эпитет «сау кӕлӕнтӕ» ацы контексты пайдагонд цӕуы куыд «ӕвӕджиауы, диссаджы», нӕй йын негативон ахуырст.

Поэты ӕндавы ӕвзаджы хъысмӕт дӕр. Ирыстон ӕмӕ ирон ӕвзаг сты ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст цӕгтӕ. Бирӕ ныхӕстӕ цыд, ирон ӕвзаг рӕхджы кӕй фесӕфдзӕн, ууыл. Тӕссаг у, нӕхи азарӕй куы фесӕфа ирон ӕвзаг, уымӕн ӕмӕ йыл кӕнынц уӕлӕхох нӕхиуӕттӕй бирӕтӕ. Фӕлӕ поэт ацы фарсты у фӕндвидар, ирон ӕвзаг уӕлтӕрхӕг чи ӕвӕры, уыдон ирон туджы сконд ӕвзӕр зонынц: «Нӕ Иры цалынмӕ ирон кӕстӕртӕ гуырой,  Нӕ ирон ӕвзаг уалынмӕ цӕрдзӕн», – зӕгъы поэт ӕмдзӕвгӕ «Ныфс»-ы.

Ирыстоны темӕйы фӕлгӕтты поэт ӕвдисы  ӕгӕрон уарзт йӕ радтӕг адӕм, ирон ӕвзаг ӕмӕ Ирыстонмӕ. Егъау эстетикон ӕнкъарынад ӕвзӕрын кӕны кӕсӕгмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕйы алӕмӕты ӕрдзы афыст. Поэт карз тӕрхон хӕссы ӕмӕ уӕйгӕнджытыл нымайы, Ирыстоныл гадзрахатӕй чи цӕуы, ӕрмӕст йӕхи хӕрзӕбонӕн чи архайы, йӕ сойтӕ йын чи цъиры, уыдонӕн. Нывӕфтыд ӕгъдауӕй ӕвдисы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы бындуртӕ, гуырдзиаг лӕгсырдты ӕгъатыр митӕ. Поэт сисы поэзийы бӕрзӕндмӕ йӕ цин, йӕ бӕллицтӕ Иры сӕрибар ӕмӕ хӕдбарадыл.

БИАЗЫРТЫ Аллæ,

 ХИПУ-йы доцент,

филологон зонæдты кандидат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.