Нæ аив литературæйы чи рарттывта, чи йæ фæаив æмæ фæхъæздыгдæр кодта, уыдонмæ хауы поэт, литературон критик æмæ литературæиртасæг, на поэзийы «æхсайæмазонтæй» сæ иу — Æлборты Хадзы-Умар.

Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар райгуырд 1939-æм азы сусæны мæйы Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы Сарабукъы хъæуы, зæхкусæг бинонты ’хсæн.

Астæуккаг скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны. 1959-1964 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты, æвзаг æмæ литературæйы хайады. Уæд фæбæрæг йе ‘рмдзæф, йæ поэтикон æнкъарæн. Хадзы-Умар кæмфæндыдæр ма уыдаид, цыфæнды куыст ма кодтаид, алыран дæр, сæйраджы сæйраг, уыдис поэт æмæ уыцы номыл къæм абадын никуы ницæмæй бауагъта. Фыццаг хатт йæ ном мыхуыры фæзынд журнал «Фидиуæг»-ы 1955-æм азы.

Хадзы-Умар æппынæдзух куыста йæ поэтикон дæсныйадыл. Йæ иууыл уарзондæр поэт уыдис испайнаг литературæйы классик Гарсия Лоркæ æмæ йын йе ’мдзæвгæтæй ирон æвзагмæ иу-дзæвгар раивта зæрдиагæй. Ирон поэзийы цæмæй верлибр аккаг бынат бацахстаид, уый тыххæй бакуыста бирæ.

Æлборты Хадзы-Умары фыццаг фæлварæнтæ фылдæр уы-дысты хуымæтæг дзуринæгтæ, фылдæр — фæзмыны æнгæс. Поэт æмæ литературон критик Дзуццаты Хадзы-Мурат дзы уымæн афтæ дзырдта: «Æрыгон лæппу 1952-æм азы цы литературон фæлва-рæнтæ кодта, уыдонæй зын рахатæн уыд, цахæм индивидуалон ахаст ис йæ курдиатæн, цы æмæ куыд зæгъинаг у чиныгкæсджытæн. Зæгъинаг дæр æм уадиссаг ницы уыдис. Фыста иумæйаг рифмæгæнæг æмдзæвгæтæ, чингуы-ты цы поэтты касти, уыдон фæзмгæйæ… Нырма уæлæнгай уыдысты йæ биографи æмæ йæ уды фæлтæрддзинад», — стæй дарддæр йæ зæгъинæгтæ ноджы фæарфдæр, фæуæрæхдæр кодта: «… Арæх йæ фæлгонцты хъару-йыл нæ баууæнды æмæ сын æнæ-хъуаджы комментаритæ фæдæтты, ранæй-рæтты йæм æмхиц у сур риторикæ, кæм та йæ хъуыды æмæ йе ‘нкъарæн кæронмæ æмбæрст нæ вæййынц чиныгкæсæгæн».

Уæд æвзонг поэтмæ нæма уыдис нæдæр царды, нæдæр литературон фæлтæрддзинад.

Йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Фæдисон»-ы, Хадзы-Умар рабæрæг, куыд ирон æмæ дунеон литературæйы классиктæй бирæты сфæлдыстадон традицитæ дарддæргæнæг, æмæ уыцы-иу — рæстæг йæхи хуызон поэт. Хадзы-Умар цардмæ каст йæхи ‘рдыгонау — ирон поэт æмæ ирон адæймаджы цæстæнгасæй æмæ йæ æвдыста, куыд æй уыдта, куыд æй ныв кодта йæ хъуыдыйы, афтæмæй. Æмæ раст уыцы ирон уд кæм тæлфы, раст уыцы уддзæф кæцæй улæфы æмæ йæхи ад чи хæссы, адæймаджы зæрдæ уыцы уацмыстæ тынгдæр агайынц. Уымæн æмæ уыдон сты поэтæн йæ зæрдæйы сæйраг хуызтæ. Уымæн сын тæрсы, уымæн æй æфтауынц сагъæсты: «Цы уаин, мæ зæрдæ куы нал æвдисид йæ хуызтæ?»

Уыцы хуызтæй йын иу у мадæлон æвзагмæ стыр уарзт. Кæм фæнды ма уыдаид, йæ мадæлон æвзагыл æй фæндыдис дзурын, хъуыды кæнын, цæрын. Уымæн зæгъы: Æцæгæлон бæсты æцæгæлон адæмы ‘хсæн кæимæ ысдзурон мæ мадæлон æвзагыл? Æваст ныззарыдтæн иронау.

Æлборты фырты дидактикон æмдзæвгæ мадæлон æвзаджы тыххæй уымæн æмбæлы адæймаджы зæрдæйыл: «Дæ мады æвзагыл кæд дзурыс, кæд зарыс — дæ фыдгул ызнагæн йæ сау зæрдæ марыс. Кæд рохæй ыскуыдта дæ мады æвзаг — йæ къах дыл æркъуырдта дæ фыдгул ызнаг.

Æлборты-фырт рауагъта æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгæндтæ: «Мæ зæрдæйы хуызтæ», «Хуры хъæбултæ», «Уидæгты зарæг», «Æз уыцы `хсæв чысыл саби уыдтæн», «Бæрзонд къæвда», «Ныфсы уидаг» æмæ уый у аккаг хуынбавæрд ирон поэзийы къæбицмæ.

Йæ критикон иртасæнтæ: «Уидæгтæ æмæ къабæзтау», «Æлборты Барысби» æмæ «Чиныг — царды айдæн» фæахъаз сты ирон литературæзонады рæзтæн. Хъодзаты Æхсар фыста: «Чиныгкæсджытæ Хадзы-Умары зонынц дæсны критикæй дæр. Дзæвгар уацтæ ныффыста нæ дзырдаивады кусджыты сфæлдыстады тыххæй, биноныгæй бакуыста, ирон литературон критикæ ивгъуыд æнусы 30-æм азты цы уавæры уыд, уый раиртасыныл.

Хадзы-Умар дзырдта: „Мах цæрæм ахæм дуджы, æппæтдунеон æмæ хисæрмагонд хъысмæттæ æмбуар æмæ æнгом баст кæм систы. Абон литературон хъайтары уды конды — кæд æцæг хъайтар у, уæд! — зыны æппæт дунейы хъысмæт, дуджы карз æмæ вазыгджындзинад“. Æмæ уыцы принциптыл йæ зæрдæ никуы ивта.

Æлборты Хадзы-Умар стыр зонадон куыст бакодта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады. 1983 азы йæ зонадон куыст уыдис Советон заманы ирон литературон критикæ. Куысты райдианы автор æрдзырдта æртæ хъуыддагыл, кæцытæ стыр фæд ныууагътой ирон литературæйыл, æмткæй, æмæ хицæнæй та ирон литературон критикæйыл. Авторы хъуыдымæ гæсгæ æнæ уыцы æртæ аххосагæй »… зын бамбарæн уыдзæн историон-литературон уавæр, куыд иумæйагæй, афтæ йæ хицæн фæзындты дæр. Уыдон бæрæг рæстæджы сæ дамгъæ нывæрдтой не ‘ппæт культурон-историон цардвæндагыл.

Уыцы аххосæгтæй фыццаг уыд, 1937-38 азты ирон адæмы литературон æмæ культурон архайджытæн сæ хуыздæртæ æнæазымæй знагиуæггæнæг армæй кæй бабын сты, куыд «адæмы знæгтæ»…

Уыдон æхсæн чысыл литературæйы архайджытæй уыдис 23 фыссæджы.

Дыккаг аххосаг та уый уыд, æмæ æртынæм азты кæрон ирон æвзаджы дыууæ алфавиты конд кæй æрцыд латинаг графикæйæ: Цæгат Ирыстон рахызтысты кириллицæмæ, Хуссар Ирыстон та — гуырдзиаг графикæмæ.

Æртыккаг аххосаг та автор нымайы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зиæнттæ. Кæй зæгъын æй хъæ-уы, ацы æртæ аххосаджы бандæвтой æвзæрырдæм нæ культурæйы рæзтыл.

Уæлдай лыстæггай æвзæрст æрцыдысты 40-æм азты кæрон æмæ 50-æм азты райдианы Ирыстоны литературон процесстæ.

Уыцы рæстæджы ирон литературæйы тынг сцырын вульгарон социологизм. Хадзы-Умар куыд зæгъы, афтæмæй ацы æппæрццаг фæзынд тынг бахъыгдардта ирон литературæйы рæзт хицæн периодты, уыцы нымæцы, дзырд кæуыл цæуы, уыцы заманы дæр.

Йæ зонадон куыстытæн сæ иу хай та баст у 50-æм азты ирон литературон критикæимæ. Хадзы-Умар йæ куысты равдыста, ирон литературон критикæ цы фæндæгтыл рацыд, чи уыдысты йæ зиууæттæ, цахæм зондахаст æмæ дунембарынадыл хæст уыдысты, цы сын бантыст саразын æмæ цы хъуаг уыдысты, уыдæттæ.

Æлборты Хадзы-Умар лæмбынæг равзæрста иуæй-иу æдзæстуарзон критикты фыстытæ, равдыста уыдоны ахаст ирон дзырдаивады хæзнатæм, раргом кодта, куыд цыдысты Мамсыраты Темырболаты, Хъаныхъуаты Иналы, Хетæгкаты Къостайы, Гæдиаты Секъайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Токаты Алиханы, Кочысаты Розæйы æмæ иннæты сфæлдыстадон бынты ныхмæ.

Йæ дарддæры зонадон куыст «Ирон критикæ аив литературæйы реализмы сæрыл тохы» автор æрдзырдта ног заманы ирон литературæ æмæ литературон аразджытæ кæддæриддæр æнгом баст кæй уыдысты, цы рæстæджы цардысты, цы историон-социалон уæлдæфæй улæфыдысты, уыимæ, уырдыгæй гуыргæ уыдысты сæ хъуыдытæ, сæ уацмысты аивадон фæлгæнцтæ.

Æлборты Хадзы-Умар лæмбынæг æркаст Тыбылты Алыксандры, Бекъойты Георгийы, Цомахъы, Нигеры, Барахъты Гинойы æмæ æндæр литераторты куыстмæ, куыд æппæты активондæр критиктæм 20-æм азты.

Куыд æй уынæм, афтæмæй Æлборты Хадзы-Умар йе сфæлдыстадæй, йæ иртасæн куыстытæй, уæлдайдæр та йæ литературон критикæйæ, стыр фæд ныууагъта ирон литературæйы.

ПУХАТЫ Элинæ, ХИЗИИ-йы ирон литературæйы историйы хайады зонадон кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.