Беджызаты Чермены радзырд «Уад асаста гӕдыбӕлас»-ы символизмы тыххæй

Литературӕ ӕмӕ аивады ӕппӕт хуызты иууыл егъаудӕр здӕхт, фӕсномыгӕй нысӕнтты хуызы цавӕрдӕр ӕмбӕхст, сусӕггаг хъуыдыамонæг здæхт у символизм. Фӕзынд Францы XIX-ӕм ӕнусы кӕрон. Йӕ бындурӕвӕрӕгыл нымад цӕуы Жан Мореас. 18 сентябры 1886 азы журнал Le Figaro-йы мыхуыр ӕрцыд йӕ уац «Манифест символизма», зӕгъгӕ. Уыцы цауӕй нымад цӕуы символизмы райгуырд. Жан Мореас теоретикон ӕгъдауӕй ӕрдзырдта символизмы ӕууӕлтыл.

Уырыссаг литературӕйы символизм фӕзынд XX-ӕм ӕнусы райдианы. Йӕ парахатгӕнджытӕ уыдысты Валерий Брюсов, Иннокентий Анненский, Александр Блок, Федор Сологуб, Андрей Белый, Зинаида Гиппиус ӕмӕ ӕвзист дуджы бирӕ ӕндӕр минӕвӕрттӕ.

Ирон литературӕйы символизмы хуызӕгтӕ фӕзындысты XX-ӕм ӕнусы райдианы. Йæ руаджы фысджытӕ (Гӕдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Хъамбердиаты Мысост, Боциты Барон, Фӕрнион Къоста ӕмӕ ӕндӕртӕ) ӕвдыстой сӕ ахаст революцимӕ, ног цардмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы здӕхтӕн ирон литературӕйы ис историон нысаниуӕг.

Ахъаззаг пайда кӕны символизмы традицийӕ Беджызаты Чермен дӕр йӕ радзырд «Уад асаста гӕдыбӕлас»-ы. Символы ӕууӕлтыл мах ӕмбӕлӕм радзырдӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ, суанг йӕ номӕй райдайгӕйӕ. Уад у сӕрибардзинад, ног царды сӕрыл тохы символон фӕлгонц. Уый у архайды сӕйраг змӕлынгӕнӕг тых, уый руаджы рӕзы радзырды динамизм. Уад/ гӕдыбӕлас/аргъуан/зӕронд ус/халон сты зӕронд царды ӕвдисӕнтӕ. Сабитӕ ӕмӕ фӕз — ног царды символтӕ. Уыдон контрастыл нывӕст у радзырды сюжет.

Уад ӕмӕ гӕдыбӕласы ахастытӕй райдайы радзырд: «В-ву-р-р, домбайы уыррытт бакӕны уад. — С-с-с — бамӕсты йӕм кӕнынц гӕдыбӕласы бӕгънӕг къалиутӕ». Адӕймаджы миниуджытӕй гӕдыбӕлас ӕмӕ уады схайджын кӕнгӕйӕ, ацы хъуыдыйӕдтӕ радзырды свӕййынц фӕлхатӕнтӕ. Автор сӕ пайда кӕны куыд радзырды композицион хӕйтты хицӕнгӕнӕн фӕрӕз, афтӕ. Радзырды фыццаг композицион хайы уынӕм ӕртӕ фӕлгонцы — зӕронд агъуыстытӕ, аргъуан ӕмӕ гӕдыбӕлас. Алы хъуыдыйады дӕр Чермен арӕхстджынӕй пайда кӕны литературон троптӕй. Уымӕй бӕлвырд цӕуы уацмысы ӕвзаджы хӕрзгъӕддзинад. Зӕронд, кӕлӕддзаг агъуыстыты хуымӕтӕджы нӕ абары халоны ахстӕттимӕ (халон — ноджы иу фыдуацы символ). Рагон цардӕн ирд ӕвдисӕн у агъуыстыты ахӕм афыст: «Агъуыстытӕн сӕ ӕддаг къулты сӕрст рӕдывстытӕ, скъуыдтӕ, хӕррӕгъ цухъхъайау. Скъуыдтӕй зыны ранӕй-рӕтты къулфӕйнӕджыты морӕ гом буар. Агъуыстыты сӕртӕ — зул сагъд — скъуыдтӕ зӕронд нымӕт худтӕ». Агъуыстыты къулты скъуыдтӕ автор бары хӕррӕгъ цухъхъаимӕ — у абарст. Къулфӕйнӕджытӕ йын ассоциаци кӕнынц гом буаримӕ ӕмӕ у метафорӕ. Автор спайда кодта метонимийы фӕрӕзӕй ӕмӕ агъуысты сӕртӕ рахоны ӕндӕр номӕй — скъуыдтӕ зӕронд нымӕт худтӕ. Æвзаджы аив фӕрӕзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнгӕйӕ, радзырды архайд кӕны удджын, фӕлгонцджын.

Зӕронд царды ӕвдисӕн у аргъуан дӕр: «Фӕзы бӕс-тастӕу схъил агъуыст. Раджы кӕддӕр аргъуан уыди. Ныр та гобытъи, ӕнӕсӕр агъуыст, мӕнг ӕмбӕрзт фӕйнӕджы гӕппӕлтӕй, дурӕй амад къултӕ. Къултӕ — астӕрд змисзмӕстӕй. Астӕрд чъырӕй цагъд — раджы кӕддӕр зама-ны. Чъизи чъиллӕттӕ у зӕронд ӕнӕхсад цӕсгомау…». Аргъуанмӕ ахасты дзырд «схъил»-ӕй кӕй пайда кӕны автор, аргъуаны чъизи астӕрд автор зӕронд ӕнӕхсад цӕсгомимӕ кӕй бары, уый дзурӕг у большевикты ӕнӕхъола, гуымир ахастыл дин ӕмӕ уырнынадмӕ. Уый уыд системӕйы, атеизмы пропагандӕйы ӕндӕвдад, советон дуджы домӕн.

Гӕдыбӕлас дӕр йӕ афыстӕй символизаци кӕны зӕронд цард: «Æнцъылдтӕ цъар ранӕй-рӕтты гӕппӕлтӕй ӕрзӕбул зӕнгыл. Зӕнг бынӕй ихсыд, иуӕрдыгӕй ӕнӕбайгас цӕфау, зынтӕй йыл лӕууы бӕлас. Бӕгънӕг къалиутӕ дзой-дзой кӕнынц ӕнамонд сидзӕртау, лыстӕг тӕнтъихӕг къалиутӕ ныртӕккӕ уады дымдмӕ иуырдӕм ныттынг сты зӕронд усы пыхцыл дзыккутау. Хуыскъ у ӕви ма удӕгас у гӕдыбӕлас, чи йӕ рахатдзӕн…». Хъуыдыйӕдтӕ ӕгасӕй дӕр амад сты абарстытыл. Бӕласы зӕнг автор абары ӕнӕбайгас цӕфимӕ, къалиутӕ — ӕнамонд сидзӕртимӕ ӕмӕ зӕронд усы пыхцыл дзыккутимӕ.

Ам фӕвӕййы радзырды фыццаг композицион хай ӕмӕ йӕ дыккаг хайӕ рахицӕн кӕны фӕлхатӕн хъуыдыйад: «В-ву-р-р, домбайы уыррытт бакӕны уад. — С-с-с — бамӕсты йӕм кӕнынц гӕдыбӕласы бӕгънӕг къалиутӕ». Радзырды дыккаг хайы нӕ автор зонгӕ кӕны горӕт Цхинвалимӕ. Йӕ сӕрмӕ ленкгӕнӕг мигътӕ ӕмӕ арв афыссы диссаджы нывафыстон фӕрӕзтӕй: «Чысыл горӕтӕн йӕ сӕрыл фӕздӕджы худтӕ — хӕдзарӕн худ, цъӕх худ. Арв — цъӕх хъуымызы цад. Мигъы скъуыдтӕ, фӕныкхуыз кӕрдӕны скъуыдтау, гӕзӕмӕ ӕндӕргтау ленк кӕнынц тагъд-тагъд хъуымызы цады».

Уӕларвон тыгъдад фыссæг ныв кӕны фӕлурс ахорӕнтӕй. Цӕвиттон, «фӕздӕджы худтӕ», «мигъы скъуыдтӕ, фӕныкгъуыз кӕрдӕны скъуыдтау», «цъӕх худ». Фӕздӕг, фӕныкгъуыз ӕмӕ цъӕх ацы контексты амонынц иу хуызы гаммӕ, иу фӕлгъуыз. Арв ӕгасӕй ис уыцы хуызы ахорӕнты: «Арв — цъӕх хъуымызы цад». Хъуыдыйӕдтӕ сты абарстытӕ ӕмӕ метафорӕтӕ.

Радзырды тыгъдадон ориентир у Цхинвал, йӕ рӕстӕг у зымӕгон изӕр. Горӕты уынгӕг уынгты ӕмӕ хӕдзӕртты афыст зымӕджы фоныл аразынц радзырды дыккаг хай.

Радзырды ӕртыккаг хайы дӕр уынӕм фӕлхатӕн хъуыддыйад, уымӕй фӕхицӕн вӕййы композицийы иннӕ хай. Автор ӕвдисы «цӕрдцинджын» сабиты хъазт. Уыдон бырынц дзоныгътыл, зилынц цъилау быргӕйӕ, кӕрӕдзийы къухтыл хӕцгӕйӕ, чепенайы кафджытау куы иуырдӕм азилынц, куы иннӕрдӕм, бырынц чъылдымӕй размӕ зӕлджын ныххудтимӕ. Сабитӕ уазалыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц.

Цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинады ныхмӕвӕрд уынӕм цыппӕрӕм хайы: «Цӕхгӕрмӕ уынджы къӕдзӕй зилы змӕлӕг. Цавӕрдӕр сау къуыбылой тулы фӕзмӕ, аргъуанырдӕм у йӕ фӕндаг. Тухӕны у сау къуыбылой, уад ӕй ратон-батон кӕны. Уӕртӕ йӕ фӕхӕссы сисы фисынмӕ, ныртӕккӕ сисыл сӕмбӕлдзӕн ӕмӕ ныппырх уыдзӕн. Уӕртӕ та йӕ уад фӕтулы иннӕрдӕм, — хӕдзары къулмӕ. Хъазы уад сау къуыбылойӕ, раппар-баппар ӕй кӕны фӕзы иу кӕронӕй иннӕмӕ, ратул-батул. Куы та йӕ, сау къуымбилы бындзыгау, хӕрдмӕ сцӕйисы зӕххӕй».

Сау къуыбылой разыны зӕрон ус, уымӕй дӕр «зӕронд хӕррӕгъ ус». Йӕ цыд у аргъуанмӕ, ризгӕ къухтӕй архайы цырӕгътӕ ссудзыныл, фӕлӕ йӕ нӕ уадзы уад. Зӕронд ус йӕхиуыл ӕфтауы дзуӕрттӕ: «Рахиз къух кӕрӕдзийыл ӕвӕрд ӕнгуылдзтӕй абадт ныхыл, гуыбыныл, рахиз уӕхскыл, галиу уӕхскыл. Иу хатт, дыккаг хатт, ӕртыккаг хатт». Уад зӕронд усӕй кӕй хъазы, кӕй йӕ раппар-баппар кӕны, уый срастгӕнӕн ис ӕрмӕст фӕлгонцтӕ символты хуызы ӕвдыст кӕй цӕуынц, уымӕй. Æрымысындзинад арфдӕр кӕны символизм ӕмӕ аллегорийӕ. Зӕронд цард ӕвдисӕн — зӕронд ус, сау къуыбылой, уад — зӕронд царды ныхмӕ тохы символтӕ. Ам зӕронд усы фӕлгонцӕн нӕй ӕмбарӕн йӕ комкоммӕ нысаниуӕджы, ӕрмӕст — куыд символон фӕлгонц, афтӕ. Æндӕр куыд хъуамӕ скодтаид автор зӕронд усы хъазӕн хъул, куыд ӕй сӕвӕрдтаид дӕлдзиныджы уавӕры.

Советон дуг уыд атеизмы дуг, ӕхгӕд цыдысты аргъуантӕ, нӕ уагътой сауджынты архайд. Ног фӕлхатӕн хъуыдыйад дих кӕны радзырды фӕндзӕм хай: «В-ву-р-р, домбайау ныууыррытт кӕны уад. — С-с-с — бамӕсты йӕм кӕнынц гӕдыбӕласы бӕгънӕг къалиутӕ»]. Сабитӕ джихӕй кӕсынц зӕронд усы митӕм ӕмӕ уады архайдмӕ. Хистӕр чызг сабитӕн амоны, цы сты дин ӕмӕ аргъуан. Ацы эпизод Джыккайты Шамил нымайы радзырды лӕмӕгъ бынатыл: «Йӕ ныхас рауад даргъ, атеистон пропагандӕйы хуызӕн, — уый уыд рӕстӕджы гакк, соцреализмы домӕн».

Радзырды аргъуан, гӕдыбӕлас ӕмӕ зӕронд ус сты иу композицион нывӕсты. Ныв баххӕст вӕййы халоны фӕлгонцӕй. Уый бады аргъуаны цъуппыл, ратоны йӕ уад ӕмӕ йӕ зилгӕ ахӕссы, афтӕ аскъӕфы зӕронд усы сау кӕрдӕн дӕр. Сау халон ӕмӕ сау кӕрдӕн — фыдцарды ӕвдисӕнтӕ, символтӕ — зилдух кӕнынц уӕлдӕфы: «халон-кӕрдӕн, кӕрдӕн-халон, дыууӕ дӕр арвы арфы фестадысты».

Нал ис аргъуан, байсӕфтысты халон ӕмӕ зӕронд усы сау кӕрдӕн. Цы бацис зӕронд ус йӕхӕдӕг та? Æрдзы афыст дзуапп дӕтты радзырды мидисӕн: «Уад тызмӕг кӕны». Рӕзы интригӕ. Абарстытӕ ӕмӕ контрастытӕй рӕзы радзырды сюжет. Уыдон ахъазӕй райхӕлы радзырды ӕлхынцъ дӕр:

«Афаста уад зӕронд усы бур фӕныкгъуыз дадалитӕ ӕмӕ сӕ айвӕзта иуӕрдӕм. Дадалитӕ, гӕдыбӕласы къалиутау, къалиутӕ дадалитау, хӕрдмӕ ныттынг сты… Тулы куы иуӕрдӕм, куы — иннӕрдӕм, ус къуыбылойау. Уад ӕй раппар-баппар кӕны зӕронд усы, сау къуымбилы бындзыгау… Фӕтулы талынг уынгмӕ ус-къуыбылой».

Иугӕр фӕтулы талынг уынгмӕ, уӕд йӕ хъысмӕт бӕрӕг у. Нал ис раздӕхӕн адӕймагӕн зӕронды уавӕрӕй ӕвзонгмӕ. Афтӕ нал ис раздӕхӕн зӕронд дугӕн дӕр. Ныхмӕвӕрд ын у ног дуг, йӕ минӕвӕрттӕ — сабитӕ: «Фӕтӕхынц ихӕй ӕмбӕрзт уынгтыл Ленины фӕзмӕ сабитӕ сӕ уӕфсдзоныгътыл ӕнӕцудгӕйӕ. Уад сӕ хӕларӕй скъӕфы уырдӕм йӕ рог базыртыл». Уад — ног царды символ — хӕлар у сабитӕм, фыдӕх — зӕронд усмӕ, аргъуанмӕ, халонмӕ. Асӕтты ӕмӕ афӕлдахы аргъуаны раз гӕдыбӕласы дӕр.

Ам уӕлдай нӕ уыдзӕн Булкъаты Михалы хъуыды бахынцын: «Ай-гъай, уайтагъд нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, Ленин иунӕг Мӕскуыйы 450 аргъуаны кӕй ныххалын кодта, уый. Радзырд фыст у 1936 азы ӕмӕ, чи зоны, Чермен фӕсномыг амӕлттӕй йӕ масты пырх йӕхиуыл калдта! Дарддӕр йӕ хъуыды кодта тынгдӕр ӕмӕ базыдтам, Революци фӕзуат цы уӕлмӕрд фестын кодта, уымӕн йӕ тӕккӕ астӕу аргъуан кӕй уыд, фӕлӕ йӕ адӕм Ленины партийы амындӕй кӕй ныххӕлдтой. Революцийы символ УАД асаста, аргъуаны цур цы гӕдыбӕлас уыд, уый ӕмӕ хынджылӕг скъӕры зӕронд усӕй… Ацы радзырд цал хатты бакӕсын, уал хатты мӕ зӕрдӕйы тугтӕ ныттӕдзынц: цал уый хуызӕн гӕдыбӕласы асаста революцийы уад? Цал уый хуызӕн аргъуан ныхӕлдта ӕмӕ цал адӕймаджы фестын кодта къуыбылой? Науӕд цытӕ кодта большевикон идеологи Чермены хуызӕн генитӕн! Куыд сын хынджылӕг кодта се ̓рттиваг курдиатӕй! Нӕ-ӕ-ӕ, Беджызаты Чермен революцийы зарӕггӕнӕг нӕу». Михалы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Чермен кӕд революцийы хъузон нӕу, йӕ радзырд та у революцийы ирони, уӕддӕр тырны ног, рӕсугъд цардмӕ ӕмӕ йӕ саразгӕ зӕронд ӕмӕ ног царды контрастон фӕлгӕнцтӕ нӕ ӕвзаргӕ контексты сты актуалон.

Зӕронд ӕмӕ ног, хӕлар ӕмӕ хӕрам, фыдӕх ӕмӕ хӕрзиуӕгы ныхмӕвӕрд у радзырды нывӕст. Символизаци кӕны рӕстдзинады уӕлахиз мӕнгдзинадыл, рухсы уӕлахиз — талынгыл.

БИАЗЫРТЫ Аллæ, ХИПУ-йы доцент

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.