Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чиныг саразын æмæ йæ ныммыхуыр кæныны фарстаты фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, зонад-иртасæн институты зонадон кусæг Гаглойты Юри, постконфликтон фарстатæ скъуыддзаг кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Константин.

Æмбырды райдианы паддзахады сæргълæууæг бацымыдис кодта, чиныг бацæттæ кæныныл цахæм куыст цæуы, уымæ.

“Ацы чиныг нæ кæй хъæуы, уый алчидæр хорз зоны. Æмæ мæ цымыдис кæны, цыма хъæуы саразын, цæмæй чиныгыл куыст фæуа  æмæ йæ ныммыхуыр кæнæм?” – бафарста Президент

Гаглойты Роберт, Президенты фарстæн дзуапп дæтгæйæ, банысан кодта, чиныджы æрмæджытыл куыст кæй фæуд кæны  æмæ бавдыст кæй æрцыд нæ республикæйы ахуырад æмæ зонады министрадмæ æркæсынмæ.

“Мах Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттимæ ныхас кодтам, æрмæджытæ сæм адæттам. Ведомствойы эксперттæ нымайынц, зæгъгæ, чиныджы бирæ зонадон терминтæ ис, кæцыты ахуырдзаутæ зынтæй æмбардзысты æмæ æнæмæнгхъæуæг кæй у ноджы ма иу хатт бакусын тексттæ фæхуымæтæгдæр кæныны фæдыл”, – загъта Гаглойты Роберт.

Уыимæ ма банысан кодта,  чиныг кæй æххæссы дуры дугæй суанг 2008 азмæ рæстæгыл.

Президент йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид, чиныгмæ хаст куы æрцæуиккой фæстаг азты хабæртты æрмæджытæ дæр, афтæ ма сбæрæг кæнын хъæуы Ирыстоны историйы кæцы дугты кæцы кълæсты хъæуы ахуыр кæнын.

Паддзахады сæргълæууæг бахаста ахæм фæндон, цæмæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны истори дих ма æрцæуа æмæ бакусой Ирыстоны историйы иу чиныг саразыныл.

“Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæм  иу адæм сты. Æмæ нæ истори хъуамæ уа иу. Махæн нæ бон у, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ нын цы бадзырдтæ ис, уыдоны фæлгæтты, афтæ ма ирон культурæ æмæ æвзаджы рæзты фарстаты фæдыл иумæйаг къамисы фæлгæтты æрæмбырд кæнын историкты иу къорд, цæмæй уæлæмхас æрмæг æрæмбырд кæной”, – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, афтæмæй чиныджы ныммыхуыр кæнын гæнæн ис ныффæстиат   уа. Ахуыргонд историктæн Президент бахæс кодта, цæмæй ацы фарсты фæдыл бацæттæ кæной сæ хъуыдыты æмæ йæм сæ бавдисой æркæсынмæ.

Президенты фæндон хорзыл банымадта Джиоты Мурат. Уый банысан кодта, кæй ис гæнæн уæлæмхас ахуыргæнæн чиныг саразын, хистæр кълæстæн Блиев Марк æмæ Бзарты Русланы ахуыргæнæн чиныджы бындурыл, цыран æвдыст цæуы æрмæст Цæгат Ирыстоны истори нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны истори дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.