Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад, зын цардуагон уавæры чи бахауд, уыдонæн дарддæр хицæн кæны æхцайы фæрæзтæ.

Марты мæйы 1 468 00 сомы бæрц материалон æххуыс райстой 181 æмбæстаджы.

Уыдон нымæцы сты: 1-аг æмæ 2-аг къорды 10 инвалиды (145 000 сомы); гуырцæй 17 инвалиды (160 000 сомы); 61 – бирæсывæллонджын бинонтæ (710 000 сомы); 9 – фæмардуæвджыты бинонтæ (90 000 сомы); 74 – æвæрæз бинонтæ (188 000 сомы), 6 – сидзæртæ (110 000 сомы).  Фондз æмбæстæджы та райстой иурæстæгон материалон æххуыс  се ‘нæниздзинады тыххæй ( 110 000 сомы).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.