Нæ горæты хæрзарæзтæдтæй зæрдæ рухс кæны. Бонæй-бон рæсугъддæр кæнынц нæ уынгтæ, кæддæры талынг азмæлæнты ныр æхсæвыгон судзин дæр ссардзынæ. Кæрæй-кæронмæ Мæскуыйы уынгæн йæ хуыз скалын кодта нæ кадртæ цæттæгæнæн куырдадз – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны университеты цыппаруæладзыгон бæстыхай. Ныр та не ‘скаст у нæ горæты фидауц – Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатрмæ.

Йæ бынат рæсугъд æмæ хъæуæг ран хъуамæ уыдаид, уый раджы ‘рцыд скъуыддзаг, бæлвырддæрæй та 1931 азы. Уды зиæнтты фæстæ, нæ театры басыгъд, йæ байсæфт стыр зæрдæрыст æмæ къуылымпыдзинæдтæ радта Иры дзыллæйæн.

Табу хуыцауæн, сыгъд бынаты ногæй сырæзт æгъуыстаджы цæхæркалгæ бæстыхай – нæ сахары фидауц, нæ сæрыстырдзинад.

Цалдæр азы нæ театры фæзуат уыд æдзæрæджы хуызæн. Зæрдæрыст адæмæй-иу ауылты чи цыд, уый-иу къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ-иу загъта: цы бынат уыдтæ, цы адæм дзы тезгъо кодтой, куыд-иу кастысты сæрыстырæй нæ театры агъуыстмæ.

Дуг йæ бон калы, рæстæджытæ ивынц кæрæдзи. Кæддæр стыр ныхас æрцыд ахæм: – «Театр цы адæмæн нæй, уыцы адæм мæгуыр сты». Мах æй нæхиуыл бавзæрстам  уал азы. Абон Цхинвалæн йæ хуыз бирæ фæрæсугъддæр нæ театры ног агъуыстæй.

Цардæгас уæйыджы хуызæнæй сыстад æмæ нæм дзуры: нæ хæствæллад адæм, нæ зынаргъ театрдзаутæ-сценæмæкæсджытæ æз мæнæ дæн æмæ уын рæхджы байгом кæндзынæн мæ дуæрттæ.

Уыцы бонмæ у Хуссар Иры дзыллæйы скаст, уый уыдзæн рæхджы, уæд нæ бæрæгбон, кæддæры 1931 азы бæрæгбонæй къаддæр нæ уыдзæн. Ирыстоны хуссарварс æгъуыстаджы театрыл цин кæндзæн йæ бирæ æрхонгæ уазджытимæ. Алчи дæр йæхи ‘рдыгонау балæггад кæндзæн нæ уазджытæн, нæ театр æмæ йæ коллективæн.

Уыцы стыр бæрæгбонмæ уæхскуæзæй йæхи цæттæ кæны нæ театры коллектив. Йæ егъау репертуары ис Къостайы поэмæ «Фатимæ» дæр.

Стыр хуындзæутты ‘хсæн ныфсджынæй æрлæудзæн нæ театры æнувыд хæлар, нæ театры историйыл дзæвгар азты чи кусы, уыцы профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Плиты Гацыр йæ диссаджы куыст «Театр – царды айдæн» -имæ.

Чиныг мыхуыры рацыд 2017 азы фæуды, автор йæ разы æрывæрдта хæс, цæмæй театры байгомимæ чиныг дæр стыр хуыны охыл бахауа æрцæуæг адæмы къухмæ.

Стыр æмæ хъæуæг хуын у ацы чиныг театруарзаг дзыллæйæн. Æппæтыл аххæссæн нæй, фæлæ авторæн уæддæр бантыст, кæддæр 1931 азæй абонмæ цы фæлтæртæ змæлыд æмæ змæлы, уыдоныл æрдзурын.

Нæ фембæлды рæстæджы Плийы фырт афтæ загъта: æз цы актертæ æмæ режиссерты кой ракодтон, уыдонæй алкæцы дæр зыдтон Тотраты Бесæйæ фæстæмæ.

Чиныджы фыццаг æрмæг у: Театр – царды айдæн. Бæстон ныхас æрцыдис ам ирон театры фæндæгтыл, куыд райдыдта рæзын  æмæ куыд схызтис профессионалон театры æмвæзадмæ.

Чиныг райдыдта Хетæгкаты Къостайæ. Автор дзы афтæ зæгъы: Ирæн йæ алы хъуыддæгты сæрбос уыдис Къоста. Æмбæлон ныхас æрцыд, Къоста курдиатджын актер дæр кæй уыдис, уыдæттыл.

Театры историйыл дзургæйæ, нæ ахиздзынæ Брытъиаты Елбыздыхъойы иувæрсты. Нафийы ныхæстыл «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын байгом кодта театры дуæрттæ»-йыл хъуыды кæнгæйæ, Гацыр рæсугъд æмæ аив ныхæстæ фæкодта Елбыздыхъойы тыххæй.

Фыццаг ирон профессор Æлборты Барис нæ театралон аивады рæзтæн цы стыр лæггæдтæ бакодта Ольгинскæйы драмкъордæй райдайгæйæ, уыдоныл цæстуарзон ныхас æрцыд Плийы фырты куысты.

Галаты Барис æмæ Хетæгкаты Владимир алыварсон курдиæтты хицау уыдысты, чиныджы автор уыдæттыл дзуры, фæлæ йæ тых сæйраджы дæр радта, ацы дыууæ лæджы Хуссар Ирыстоны драмтеатр йæ къахыл куыд сæвæрдтой æмæ йын дарддæры рæзты фæндæгтæ куыд сарæзтой, уымæ.

Уал азы дæргъы чи уыдысты театры режиссертæ, нывгæнджытæ, кæфтытæ æвæрæг, музыкæ æмæ фæндыр амонæг, зарæггæнджытæ, нæ «Cимд»-ы стыр нысаниуæг  се ‘ппæты кой дæр ис чиныг «Театр – царды айдæн»-ы, кæд бындуронæй нæ, уæддæр рохуаты нæ баззадысты.

Чиныджы автор Дзаттиаты Сонайы нымайы нæ театры мадыл. Уымæй райдыдта æмæ æрхæццæ абоны фæлтæрæй Бибылты Сосланмæ. Автор чиныджы кæронбæттæны куры хатыр, чиныгмæ чи нæ бахауд, уыцы актертæй. Йæ аххосаг та у, темæ æгæр егъау  кæй у, се ‘ппæтыл æрдзурынæн та дзæвгар рæстæг кæй хъæуы. Зæгъы Плийы фырт уый дæр, æмæ кæй кусы уыдоныл дæр æмæ фæстæдæр рæгъмæ хаст кæй æрцæудзысты.

Нæ театры истори рагон нæу, цæуы йыл  87 азы. О, фæлæ, 87 азы 87 боны не ‘сты, æнусмæ æввахс сты æмæ æнусы бакæнгæ хъуыддæгтæ та цъус нæ вæййынц.

Плийы фырты куысты уыцы фæндæгтæ бæлвырдæй зынынц. Тынг бæстон ныхас æрцыд, цы уавæрты сырæзт æмæ байгом нæ профессионалон театр, алы рæттæй, уæлдайдæр, Тбилисæй куыд æрбацыдысты фыццаг фæлтæр: Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Уырысты Муссæ, Туаты Зурапп, Гугкаты Сашæ, Гуыбиаты Георги, Мамиты Димитр æмæ æндæртæ. Уыдон уыдысты фыццаг бындурæвæрджытæ.

Чиныджы бæстон ныхас цæуы, нæ театр цы уавæрты куыста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, куыд куыста фæсхæсты азты дæр.

Алы хъуыддагæн дæр йæ рахæцæнтæ сты цардаразæг фæлтæр. Фæсхæсты азты театр хъуаг уыд профессионалон актертæй. Уый хынцгæйæ, 1936 азы Ленинградмæ æрвыст æрцыдысты 20 лæппу æмæ чызджы. Кæуылты уыд нæ театр æмæ адæмы цин, куы федтой æрыздæхгæ фæлтæры – Багаты Федыр, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Гæззаты Степан, Таугазты Гаврил, Хъайырты Владимир, Саулохты Мухтар æмæ æндæртæ, уæд.

Нæ театр йæ рæзты фæндæгтыл цы стыр къахдзæфтæ кодта, уыдоныл æмбæлон ныхас æрцыд куысты.

1961 азы театрмæ æрцыд ног фæлтæр. Уыдон та уыдысты: Абайты Маирбег, Галуанты Людæ, Зæгъойты Ростик, Харебаты Федя, Еналдыты Вахтанг, Гочыцаты Исахъ æмæ æндæртæ.

Домбай коллектив базмæлыд уæд нæ театры сценæйыл. Кæд се ‘ппæтыл нæ, уæддæр сæ фылдæр хайыл бæстон фæдзырдта нæ театралон критик.

Нæ театр кæддæриддæр уыдис рæзты фæндагыл. Уымæн та ирд æвдисæн 1972 аз. Уæд та ног фæлтæр: – Къацты Филипп, Еналдыты Инал, Тадтаты Фатимæ, Кокойты Махарбег æмæ æндæртæ æрвыст æрцы-дысты Мæскуымæ. Плийы фырт ацы фæлтæры тыххæй зæгъы: абон театры уæз ацы фæлтæры уæхсджытыл ис, ацы фæлтæр федтой ног геноцид, сæ театры сын хуыты змæст чи скодта, уыцы гуырдзийаг лæггæндты.

Ног фæлтæр нæм Мæскуыйæ æрыздæхт 1994 азы. Уыдон уыдысты: Бибылты Сослан, Хуыгаты Дзамболат, Багаты Георги, Харебаты Жан-Жак, Таугазты Дзерассæ æмæ æндæртæ. Кæд се ‘ппæтыл нæ, уæддæр дзы бирæты цард æмæ сфæлдыстадыл æрцыд ныхас Плийы фырты чиныджы.

Куысты фаг загъд æрцыд, Тбилисы Шота Руставелийы номыл театралон институт æмæ Тыбылты Александры номыл паддзахадон университет нæ театрæн кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы цы стыр æххуыс бакодта, уыдæттыл.

Плиты Гацыр цæстуарзон аргъ скодта артисттæ: Джелдыты Андрей, Медойты Заретæ, Мадзаты Мæхæмæт, Гасситы Рая, Мамсыраты Тасолтанæн, зæгъгæ, кæд театралон институттæ нæ фесты, уæддæр хæдбындур курдиæтты хицау кæй уыдысты, уый сын фадат лæвæрдта иннæты æмрæнхъ цæуынæн, уарзон актертæ уыдысты нæ сценæмæкæсджытæн.

Плийы фыртæн ныхас цы актерты фæдыл бацайдагъ, уым æнцайы иу егъау рахæцæныл: театр сæ мад уыдис, сценæ – сæ авдæн.

Актертыл дзургæйæ, Гацыр бирæ рæтты мæстæлгъæдæй фæзæгъы: æмбæлдис сæм адæмон артистты ном, фæлæ Тбилис сгуыйы бæсты махмæ æппæрста æхсыд стæг.

Чиныджы автор дисгæнгæйæ бирæ фæдзырдта Галаты Барисыл, Мамиты Димитр, Хъайырты Владимир, Цхуырбаты Барис, Дзаттиаты Сона, Цоциты Нинæ æмæ æндæртыл. Цас тых, цас зонд бахардз кодтой, уымæн та æвдисæн уыдысты 1940-1957 азты декадæтæ Тбилисы.

Гацыр банысан кодта уый дæр, æмæ кæд Тбилис иуæй-иу актерты барæвдыдта, уæддæр кæй фæхъыг кодта, æнæ рæвдыдæй кæй рарвыста, уыдоны нымæц дæр егъау кæй уыд.

Плиты Гацыр æнгом баст у абоны театры коллективимæ, рæстæггай нæ периодикон мыхуыры фæзынынц йæ уацтæ иу кæнæ иннæ актерты тыххæй. Театры 80 азы бонмæ сарæзта стыр къулын равдыст нæ театрыл, цыран ын уынæм йæ истори 1906 азæй абонмæ. Уый ауыгъд ис университеты къулыл, ирон литературæйы кафедрæйы фарсмæ.

Театрыл цы фыццаг чиныг ныффыста, уый мыхуыры рацыд 2011 азы ахæм сæримæ: «Ирвæдæны зиууæттæ».

Ацы чиныджы – «Театр – царды айдæн»-ы банымайæн ис дыккаг рауагъдыл. Æцæг ыл тынг не сфидаудзæн, уымæн æмæ абоны чиныг бирæ фæгуырахстджындæр, йе ‘рмæджытæ фыццагимæ абаргæйæ бирæ фылдæр сты.

Плиты Гацыр театры историйыл кусгæйæ йæхи фыццаг гутондар нæ хоны, кæны, йæ размæ театрыл фыст цы æрцыд, уыдоны кой дæр.

Ацы  уац фыссæджы хъуыды та у: нæ театры историон фæндаг нырма афтæ бæстон никуы æрцыд загъд, куыд чиныг «Театр – царды айдæн» -ы.

Плиты Гацыры хъуыды та у: нырма нæ театры истори кæронмæ фыст не ‘рцыдис.

«Кусдзæн ыл дарддæр, кæд мын бантыса, уæд», – зæгъы Плийы фырт.

Чиныджы автор стыр бузныг зæгъы нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн, чиныг «Театр – царды айдæн»-æн рухсмæ фæндаг чи радта.

Плиты Мадинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.