Ацы аз 29 майы нæ Республикæ банысан кодта йæ историйы радон нысаниуæгджын бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт райсыныл 30 азы сæххæсты бон.   Бирæ азтæ рацыд ацы историон бонæй, ацы къахдзæф нæ адæмæн уыд лæмбынæг ахъуыдыгонд æмæ уæззау тухиты фæндагыл рацæуыны фæстæ равзæрст фæндон.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн Парламенты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой, ацы хъуыддагыл уæхскуæзæй чи куыста, уыцы фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутаттæ, бæстæйы къухдариуæгад Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Парламенты депутаттæ, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы, æхсæнады минæвæрттæ.

Бæрзонд мадзалы цытæн бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан йæ доклады æрдзырдта ацы бæрæгбоны историйыл. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы ахсджиаг барадон Акт райсынмæ Хуссар Ирыстон рацыд бирæ хæстон ныхмæлæуд æмæ удуæлдай тохы фæндæгтыл. Хъуылымбегты Торезы сæргълæудæй уæды Уæлдæр Совет райста историон ахсджиаг документ. Уый, зæгъгæ, кæронмæ сфидар кодта бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады рæзты фæндæгтæ.

«Хуссар Ирыстон йæ сæр не ‘ркъул кодта æмæ не ‘рлæууыд йæ зонгуытыл. Не ‘мбæстæгтæ равдыстой стыр æнгомдзинад æмæ цыбыр рæстæгмæ æрбаиу сты иумиаг нысаны алфæмблай æмæ арæзт æрцыдысты æппæт хъæуæг паддзахадон структурæтæ», – дзырдта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 1992 азы 29 майы референдумы бындурыл Уæлдæр Советы руаджы ист æрцыд Хæдбардзинад расиды-ны акт, кæцы ссис хæдбардзинады барадон сæйраг элемент.

«Кæд нын нæ бæстæйы хæдбардзинад æндæр бæстæтæ нæ нымадтой, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, рæзт æмæ размæ цыд, фидар кодта йæ паддзахадон суверенитет. 1992 азы 19 январы цы референдум уагъд æрцыд – Хæдбардзинад расидыны акты тыххæй, ууыл никуы фæфæсмон кодтам. Куыд уынæм, уымæ гæсгæ нын ацы къахдзæфты руаджы нæ паддзахадон хæдбардзинад банымадтой Уæрæсейы Федераци æмæ уый фæстæ та – къорд паддзахады. Бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны хъуыддагмæ нæ бæстæйы цæрджытæ бирæ æнхъæлмæ кастысты. Хæдбардзинады акты руаджы бафидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад – уый у нæ адæмы уæлахиз æмæ нæ æнусон бæллицы сæххæсты бон», – дзырдта Президент.

Уæрæсейы Федерациимæ нын цы сразыдзинæдтæ ис, уыдон ахъазгæнæг сты дыууæфарсон ахастытæ рæзын кæнынæн, кæцыты руаджы нæ паддзахад рæздзæн адæмы фæндон æмæ историон уынаффæтæй. Уыдон ноджыдæр здæхт сты Уæрæсейы Федерациимæ интеграцимæ.

Гаглойты Алан йæ доклады фæстæ фехъусын кодта цытджын мадзалы хайадисджытæн, зæгъгæ, ацы бонты йæ къух кæй æрфыста мæ къух референдум аивыны фæдыл Барамындыл.

«Уæрæсейы Федерациимæ мах хъуамæ ауадзæм консультацитæ, уымæн æмæ ре-ферендум инициаци æрцыд иуфарсонæй – æнæ уæрæсейаг коллегæты хъуыды ба-хынцгæйæ. Никæмæн ис бар, æмæ нæ адæмы сомбонæй исчи йæхи интерестæн пайда кæна. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон баст сты æхсæнпаддзахадон ахастытæй. Дыууæфарсон бафысгæ документтæм гæсгæ махæн нæ разы ис бæрæг хæстæ æмæ уый хъæуы хынцын», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны актыл 30 азы сæххæсты цытæн цытджын æмбырды фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат Кокойты Тарзан йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ацы бон бæстæйы историйы нымад æрцыд ахсджиагдæр бонтæй сæ иуыл.

«Æз уыдтæн хæрзæвзонг, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд дзы мæнæй æвзæнгтæ дæр – Плиты Алымбег, Гобозты Вячеслав æмæ æндæртæ. Мах уæд æмбæлдыстæм стыр цæлхдуртыл, æййæфтам æфхæрд, хуыдтой нæ экстремисттæ, сепаратисттæ. Фæлæ, æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, махæн нæ хъару, не ‘мбæстæгты удыхъæд асæттын сæ бон нæ бацис. Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохы истори егъау у, æмæ чиныгæй мыхуыр хъуамæ æрцæуа. Тынг зынаргъ нын слæууыд ацы хæдбардзинад. Махæй йæ алчи дæр зоны, бирæ æвзонг удтæ кæй радтой сæ цард, цæмæй нæ пад-дзахады хæдбардзинад бафта нæ къухты.

Махæн абон нæ иууыл сæйрагдæр хæстæй сæ иу у, цæмæй хъахъхъæнæм æмæ фидар кæнæм нæ паддзахаддзинад, нæ сомбоны фæлтæрты тыххæй, æмæ цы фæсивæд фæхъуыдысты Ирыстоны ирд сомбоны тыххæй, уыдоны ном æмæ кадæн.

Уæлахиз уæд Хæдбар паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон», – банысан кодта Кокойты Тарзан.

«Мах рахызтыстæм стыр зындзинæдтæ æмæ фыдæвзарæнты сæрты, уый фæстæ нæ къухты бафтыд паддзахадон хæдбардзинад. Фыццаг сæвзæрсты депутаттæн уыд мидæггагон знæгтæ æмæ ныхмæлæуджытæ, кæцытæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй нын счъизи кæной нæ ном. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, мах равдыстам нæ рæстдзинад, нæ тохы фæстиуæг та уыд, абон сымахимæ иумæ цы хæдбар паддзахады цæрæм, уый.

1992 азы 29 майы Цоциты Алан, уæды организаци «Адæмон ныхас»-ы лидер, æрбангом кодта не ‘хсæнады æмæ слæууыдыстæм иууыл иумæ Гуырдзыстоны фашистон режимы ныхмæ. Йæ фæстиуæг та у абоны сæрибардзинад. Хъыгагæн, æз раст хъуыддагыл нæ нымайын, абон Цоциты Алан не ‘хсæн кæй нæй, кæй нæй йæ Райгуырæн бæстæйы æмæ тæрхондоны æндæвдады бын кæй ис абоны онг дæр, уый. Мах æй хорз зонæм, уымæн йæ ном кæй счъизи кодтой Гуырдзыстоны æндæвдадæй», – дзырдта фыццаг сæвзæрсты депутат Плиты Беллæ.

Уый бахатыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланмæ, цæмæй баххуыс кæна Цоциты Аланæн йæ Райгуырæн уæзæгмæ æрыздæхынæн.

«Иууыл сæйрагдæр хъуыддагыл æз нымайын иудзинад æмæ уыцы хъуыддаджы егъау ныфсытæ æвæрæм бæстæйы сæргълæууæгæй. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ махæн æнæ Уæрæсейы Федерацийæ фæзын уыдзæн цæрын, уымæн æмæ стæм йе ‘мбæстæгтæ. Уæрæсейы Федерацийæн ахсджиаг у, цæмæй æмарæн кæна, иузæрдион ыл цы паддзахадтæ сты, уыдонимæ. Уыцы паддзахадты ‘хсæн ис Хуссар Ирыстон дæр, мах стæм йæ ныфсджын партнер. Нæ тыхтæ æмæ хъарутæ аздахдзыстæм, цæмæй нæ республикæ уа дидинæфтаугæ, уа тыхджын æмæ хъахъхъæ-нынхъом, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ арæнтæ», – банысан кодта уый.

Хæдбардзинады цытæн ма мадзалы рæстæджы нæ горæты Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ бакастысты патриотикон æмдзæвгæтæ æмæ сæххæст кодтой ирон зарæг.

***

Цытджын æмбырды фæстæ йæ хайадисджытæ бæстæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй дидинджытæ сæвæрдтой нæ республикæйы зонгæ политикон архайæг 1990-1993 азты Уæлдæр Советы Cæрдар Хъуылымбегты Торезы бюсты раз. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хъуылымбегты Торез кæй уыд зынгæ паддзахадон æмæ политикон архайæг. Уый ирон адæмæн у сæрибардзинад æмæ хъæбатырдзинады символ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.