Ацы бонты нæ горæты 9-æм иумиагахуырадон скъолайы кæрты  цытджын æгъдауæй уыд,  ССР Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголы адæмон республикæйы хъайтар, Армийы инæлар, Ирыстоны хъæбатыр фырт Плиты Иссæйы цырт байгом кæныны мадзал.

Цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты нæ бæстæйы Сæргълæууæг Бибылты Анатоли, УФ-йы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Парламенты сæрдар Тадтаты Алан, йæ хæдивæг Чилæхсаты Владимир, РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Уæлвæткон уавæрты фæдыл министр Цоциты Азæмæт, ХИПУ-йы доцент Плиты Гацыр, парламенты депутаттæ  æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Мадзал бацæттæ кодтой æмæ ауагътой скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ хистæр кълæсты  ахуыргæнинæгтæ Танделаты Галинæйы къухдариуæгадæй. Ирыстон æмæ Уæрæсейы гимны зæлтимæ райдыдта мадзал. Танделаты Галинæ раарфæ кодта æрбацæуджытæн æмæ ныхасы бар радта скъолайы директор Зассеты Зарæйæн. «Не скъола йæ сырæзтæй  фæстæмæ, хæссы Ирыстоны цытджындæр фырттæй сæ иу Плиты Иссæйы ном. Мах сæрыстыр стæм Ирыстоны ахæм фырттæй, кæцытæ тох кодтой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æмæ равдыстой хъайтардзинад. Плиты Иссæ у планетарон æмвæзадыл хайтардзинады æмæ хæстон лæджы æнæбастгæ тыхы символ. Йæ хæстон æнтыстыты æмæ æнæбасæтгæ хæстон арæхстдзинæдты тыххæй дыууæ хатты хорзæхджын æрцыд ССР Цæдисы хъайтары кадджын хорзæхæй, у Монголы адæмон республикæйы хъайтар, афтæ ма у тынг бирæ кадджын хорзæхты хицау. Ирыстон сæрыстыр у йæ хъайтартæй, уыдон та цъус не сты. Мах хъуамæ аразæм æппæт дæр, цæмæй сæ нæмттæ рох макуы уой æмæ рæзгæ фæтæры зонгæ кæнæм семæ», – загъта Зассеты Зарæ æмæ бахатыд, цæмæй Ирыстоны хъайтарты нæмттæ  иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой.

Республикæйы Сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы бахатыд рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй зоной сæ истори, сæ хъайтарты, уой сæ  сæрыстыр æмæ сæ фидæны царды фæндæгтæ аразой, уыдоны æнтыстимæ сæхи баргæйæ.

«Плиты Иссæйы хæстон фæндæгтæ афтæ дардыл æмæ хъæздыг сты алыгъуызон æнтыстытæй, æмæ уыдоны руаджы махæн нæ бон у абон фидарæй зæгъæм, Иссæ кæй уыд, зынгæ раздзог, кæцы зыдта, цавæр сæрмагонд хæстæ хъæуы сæххæст кæнын, цæмæй къухты æфта уæлахиз. Иссæ уыд йæ хæстонтыл аудæг сæргълæууæг, уыд æнæбасæтгæ тых æмæ куырыхон зонды хицау адæймаг. Ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ рауагъдонтæ хъуамæ сæрыстыр уой, сæ уарзон скъола Плиты Иссæйы ном кæй хæссы, уымæй. Абон мах цы мадзалы исæм хайад, уымæн рæзгæ фæлтæры хъомылады ис стыр нысаниуæг. Æрæджы нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты та æвæрд æрцыд, Ирыстоны иннæ хъайтар Мамсыраты  Хаджи-Умары  бюст. Ахæм мадзæлттæ уагъд кæй цæуынц, уый дзурæг у, рæзгæ фæлтæримæ кæй цæуы патриотикон, хъомыладон куыст. Уый бирæ ахъаз, у цæмæй нæ фæсивæд зоной сæ хъайтарты нæмттæ, зоной сын се’нтыстытæ æмæ сын аргъ кæной», – загъта Президент. Дарддæр республикæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта, Плиты Иссæйы бюст саразыны хъуыддаджы чидæриддæр хайад райста, уыдонæн, –  скъолайы раздæры рауагъдонтæ Чилæхсаты Владимир, Тъехты Алан æмæ проект «Аллея Российской славы»-йы къухдариуæггæнæг Михаил Сердюковæн.

Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр радзырдта Плиты Иссæйы хæствæндæгты тыххæй æмæ банысан кодта, Иссæ кæй уыд æрмæст Ирыстоны хъайтар нæ, фæлæ йæ хæстон æнтыстытæ кæй уыдысты æппæт дунейы æмвæзадыл. «Иссæ кæм уыд – уым кæддæриддæр уыд уæлахиз! Ахæм хæстон къухдариуæггæнæг уыд Иссæ»,- загъта æххæстбарджын минæвар.

РХИ-йы Парламенты сæрдары хæдивæг, 9-æм скъолайы рауагъдон æмæ Плиты Иссæйы бюст саразыны спонсор Чилæхсаты Владимир раарфæ кодта скъолайы коллективæн, цытджын мадзал бацæттæ кæныны тыххæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Президент æмæ иннæ æрбацæуыджытæн. «Уæлдай бузныг мæ фæнды зæгъын, ацы цырт саразыныл чи бакуыста, уыдонæн, сæрмагондæй та Пухаты Сергей, Тъехты Алан æмæ Козаты Аланæн, Михаил Сердюков æмæ проектыл кусджытæн, афтæ ма цырт саразыны фæндон чи æрбавдыста, уыдонæн, Зассеты Зарæйы сæргълæудæй». Владимир ма куыд загъта, афтæмæй фæнд кæны, æрдæг æнусæй фылдæры дæргъы 9-æм скъолайы рауагъдонтæй чидæриддæр Ирыстоны тыххæй радта йæ цард, чидæриддæр йæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæны, уыдонæн скъолайы стенд саразын.

Плиты Иссæйы бюст байгом кæныны хæс лæвæрд æрцыд Президент Бибылты Анатоли, Марат Кулахметов,Чилæхсаты Владимир æмæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн. Мадзалмæ æрбацæуджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ сæвæрдтой дидинджытæ.

Плиты мыггаджы номæй раныхас кодта ХИПУ-йы доцент  Плиты Гацыр. Уый æрдзырдта Иссæйы биографийыл – йæ сабибонтæй йæ амæлæты онг. «Иссæйæн стыр тохы фæндæгтæ ис, Иссæйæн стыр ном ис æмæ, æвæццæгæн, хæстон сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, уыдоны  ‘хсæн иууыл раззагондæр Иссæ у. Йæ чысылæй фæстæмæ Иссæйæн кафынмæ æмæ бæхыл бадынмæ æмбал нæ уыд. Сидзæр уæвгæйæ, уый йæхи рахаста æмæ ссис æнæмæлгæ кад æмæ номы хицау. Абоны мадзалы æнгæс мадзæлттæ аразын, нæ хъайтартæн цыртытæ æвæрын мæнмæ гæсгæ у тынг хорз хъуыддаг, уымæн æмæ уый нысан кæны, махæй рох кæй ничи у æмæ кæддæриддæр кæй кад кæндзыстæм нæ хъайтартæн. Ирыстоны рæзгæ фæлтæр хъуамæ сæрыстыр уой Иссæйы хуызæн хъæбатыртæй, уымæн æмæ сын ис, сæхи кæуыл барой æмæ царды бæрзæндтæм кæмæ гæсгæ хизой, ахæм æнæфæцудгæ дæнцæг», – радзырдта Плиты Гацыр.

Цытджын мадзал бацæттæгæнджытæ æмæ Плиты Иссæйы цырт сæвæрыны чидæриддæр хайад райста, уыдонæн бузныджы ныхæстæ загъта Зассеты Зарæ. «Мах рагæй бæллыдыстæм  не скъолайы Плиты Иссæйæн мысæн фæйнæг саразынмæ, фæлæ мах хъуыды дæр нæ акодтаиккам ахæм лæварыл. Уый тыххæй стыр бузныг зæгъын парти «Иууон Ирыстон»-ы уæнгтæн, афтæ ма чидæриддæр ацы хъуыддаджы хайад райста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Мадзалы кæронбæттæны скъоладзаутæ равдыстой чысыл концерт æмæ Плиты Иссæйы цырты раз систой зæрдылдарæн къамтæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.