Афтæ хонæм Машхарайаг нæртон гуырд  Козаты  Раздены.

Машхара хъæуы ном у. Ис Дзауы районы, у хæххон хъæу, æрдз ын бирæ рæсугъддзинæдтæ радта, фæлæ уыдон цæрыны фадæттæн дзуапп нæ лæвæрдтой.  Зæхх – адæмы дарæг, уымæй кæддæры Машхарайы цæрджытæ хъуаг уыдысты æмæ сæ уый æркодта сæ фыдæлты уæззæгыл сæ къух сисынмæ.

Дуг йæ бон калы, стæнæг ис Машхара дæр, йæ ном ма йын чи хъахъхъæны уыдон сцъус сты, цæрынц, цы бон сæ ис, фыдæлты уæзæг адджын у.

Ирыстоны ахæм хъæу нæй, йæхи истори кæмæн нæй. Æнæ истори нæу, Машхара дæр (хонынц æй Уалыты хъæу дæр) йæ фæзындæй абонмæ. Йæ ном ын уарзгæйæ дзурынц, чи дзы фæлыгъд, уыдон дæр, æнæ уарзгæ йæ не сты, чи ма дзы баззад, уыдон дæр.

Фæлтæртæ ивынц фæлтæрты, кæстæртæ размæ цæуынц, хæдзарвæндаг, мыггаг æмæ наци дарддæргæнæг сты. Цы номдзыд кæстæртæ дзы рацыд, хъæу æмæ мыггаджы кад бæрзонд чи систа, уыдонæй иу уыд зынгæ профессионалон революционер, æртæ революцийы хайадисæг, 1902 азæй РСДРП уæнг Козаты Разден.

Разденыл дзургæйæ, йæ рæстæджы фыссæг Гаглойты Никъала афтæ загъта: «В лице Раздена Шамеловича Козаева трудящиеся Юго-Осетии выделили стойкого борца за дело трудового народа и партийного деятеля, безгранично преданного Родине и народу.

Все свои силы и энергию он отдавал делу восстановления и развития народного хозяйства области». (Н.Гаглоев, Самородок, Цхинвал, 1962, стр.54).

 

Разден Ленинимæ куыд фембæлд

Нæ нæртон гуырд кæм райгуырд, авдæны тъæпæны баст кæм æрцыд, авдæны зарджытæм кæм хъуыста, уый ирон адæмæн хуымæтæг хъæу нæу. Раздены сабион дуг, йæ ахуыры царды фæндæгтæ, йæ революцион куыст, йæ тохы быдыртæ – легендæйау бирæ цæуылдæрты сты дзурæг. Къæбæр кæмæн нæ уыд, гомкъах – бызгъуырты чи цыд, чиныг, ахуырмæ йæ былыцъæрттæ чи ‘хсыдта, уымæй ахæм дзыллæйы лæг рацæуа, уый царциатæн дзуринаг у.

Ирон аргъæутты рæстдзинадагурæг æфсымæртæй иу ныххæццæ Питермæ Ленинмæ. Фæстæдæр уыцы аргъау рахызт æцæгмæ.

Майы мæйы, 1920 азы, Хуссар Ирыстоны округон комитеты уынаффæмæ гæсгæ, Мæскуымæ коммунистон Интернационалы II-конгрессмæ æрцыд делегаци. Йе сконды уыдысты Козаты Разден æмæ Рæмонты Евген. Уæд фембæлд Разден Ленинимæ.

Райста сæ Ленин, байхъуыста Хуссар Иры уавæры тыххæй Раздены раныхасмæ. Ленины дзуапп уыд: «Зынаргъ хæххон æмбал, цалынмæ сымах уæ райгуырæн хæхтæм хæццæ кæнат, уæд меньшевиктæ Сау денджызы былæй фæфале уыдзысты. Æдыхстæй аздæхут уæ хæдзæрттæм, æхсидгæ салам радтут Хуссар Ирыстоны партион организацийæн, æппæт фæл-лойгæнджытæн».

Нæ адæмы ‘хсæн ма баззад ахæм ныхас дæр, Ленин Разденæн балæвар кодта йæ дзыппыдарæн сахат, зæгъгæ.

1920 азы Гуырдзыстоны лæджыфыдхор меньшевиктæ Хуссар Ирæн цы æбуалгъы митæ бакодтой, уыдоны йæхи цæстæй чи федта, æд кард, æд хотых чи тох кодта, сæрибардзинадмæ тохы фæндæгтæ чи гæрзта, уыдоны раззагдæртæй иу уыд Разден Козаты.

Дыууынæм азты геноцидыл дзургæйæ, нæй ахизæн Абайты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон, Санахъоты Владимир æмæ Козаты Раздены иувæрсты. Уыдон уыдысты раздзæуджытæ, уынаффæгæнджытæ, Хуссар Ирæн рæсугъд фидæн аразджытæ. Кæд бирæ туг ныккалд, кæд тохы тырыса туджы самæхст, уæддæр цæуыл тох кодтой, уый сæ къухты бафтыд. Бафтыд, фæлæ сын дзы цæрын нæ бантыст.

Абоны – бон, геноцидыл дзургæйæ кæй кой кæнæм, уыдонæн зонын хъæуы сæ царды хабæрттæ. Уыдоныл дзургæйæ та, нæ зæрдыл æрбалæууы нæ фыдæлты æмбисонд: «Æххормаг – хæраг, мæстджын – дзураг».

 

Царды фæндтæ

Козаты Шамелы фырт Разден райгуырдис Дзауы районы Машхарайы хъæуы 1873 азы, мæгуыр, æнæзæхх бинонты хæдзары.  Шамел æмæ йæ цардæмбал Санет сæ мæгуырдзинадыл хъæцыдысты, фырты хицау куы баисты, уæдæй.

«Мæгуырæн, дам, йæ рæуæд тагъд гал кæны», зæгъы фыдæлты æмбисонд. Афтæ каст ныййарджытæм дæр Разденмæ кæсгæйæ. Разден йæ сабион бонтæй ницы федта, æвзонгæй йæм æрхауд æххуырсты цардуаг. Нырма уыд Шоропаны уезды къниазы хæдзары æххуырст, уырдыгæй рахауд Тхъуиаумæ – Павленовтæм. Фæлыгъд уымæй дæр, акуыста Атъены хъæдырмæгцæттæгæнæны, ахауд Тбилисмæ, уым та куыста сау кусæгæй.

Цард агургæйæ у, агуырдта йæ Разден дæр. 1889 азы балæууыд Бакойы. Ам базонгæ раззагон зондыл хæст фæсивæдимæ, революцион куыст чи кодта, уыцы революционертимæ. Райдыдта уал кусын электромонтерæй æхсæнад «Свет»-ы, стæй ахызт æхсæнад «Нефт»-мæ.

Бакойы цардуаг, горæты сыгъдæгдзинад кæд йæ зæрдæмæ нæ цыдысты, уæддæр быхста, йæ зæрдæ радта куыстмæ, зонгæ кодта царды раззагон фæлтæримæ.

Бакойы революцион куыстгæнджыты рæнхъыты бирæ уыдис Ирæттæ дæр. Уыдон, семæ Разден дæр, 1905 азы Бакойы сарæзтой ирон культурон æхсæнады филиал «Ир». Уым райста «техник-электрикы дæсныйад». Зæгъын хъæуы уый, æмæ Бако йæ революцион авдæны ауызта Раздены. Ууыл уал дзурæг у, 1904 азы Бакойы цы политикон растад уыд, уым Разден кæй райста активон хайад.

Разденæй рох нæ уыд Ирыстон дæр кæй, 1905-1907 азты революцион дугты партийы бахæсмæ гæсгæ арæх цыд Хуссар Ирмæ, æмбæлд захкусджытимæ, разæнгард сæ кодта сæрибары сæрыл тохы фæндæгтæм.

1917 азы Разден бацыд Бакойы Сырх гвардимæ æмæ та ахъхъаззаджы хайад райста кусджыты революцион ралæудтыты.

1906 азы Бакойы профсцæдисты уыд стыр æмбырд, цыран бынæттон революционерты æмрæнхъ егъау раныхас уыдис Разденæн дæр. Гъеуæд райстой сæ рæнхъытæм Раздены дæр.

Бакойы Разден ссис зынгæ революцион кусæг, цалдæр хатты ахст дæр æрцыд, фæлæ та-иу раирвæзт сæ дзæмбытæй йæ къæхты руаджы. Арæх ивта йæ бынат, куы Дзæуджыхъæумæ цыд, куы – Цхинвалмæ. Азербайджанагау хорз кæй зыдта, уый дæр ын бирæ рæтты баххуыс кодта хицæуттæй йæхи фæтылив кæныны хъуыддаджы.

Цыди зымæгон арф миты лæгæрдгæйæ Цъалагомæй Цæгатмæ. Йæ фæндаг акодта Дзомагъыл, зынтæй ссыдысты Дзугаты хъæумæ. Георгийы фыд Хасæхъо, стæй уæд иннæ бинонтæ дæр зæххыл æрбадын нæ уагътой сæ уазджыты. Дыккаг бон цæуыны къахыл куы ныллæууыдысты, уæд сæ нæ уагъта Хасæхъо, мит бирæ, алы къахдзæфы – зæйуæттæ. Хасæхъо скодта къах-къæлæттæ æмæ сæ æфцæгæй ахизын кодта.

Разден Цæгат Иры хъуыддæгтæм куы акаст, уæд бамбæрста, бæстæ змæст, хæццæ кæй у, Деникины æрдонгтæ туджы зæйтæ кæй уадзынц. Уыдта æмæ æмбæрста уый дæр, Хуссар ныггуыппæввонг кæй у сæрибары сæрыл тохмæ.

Уыцы уæззау дугты, 1918-1921 азты Хуссар Иры революцион тохты активон хайад райста Разден. Æгæрыстæмæй йын 1919 азы бантыст Къахеты, Лагодехы районы сусæг большевикон дæластæрдон къорд саразын, цæмæй растой Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады ныхмæ.

Æввахс кодта 1920 аз. Уыцы аз, майы мæйы, Разден æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны кусæг, зæхкусæгон дæластæрдон къорды уæнгæй.

Сфыхт Разден алы тохты, федта йæхи цæстæй июны мæйы 1920 азы адæмы æд гæрзтæ растад, куыд æрцыд расидт Советон хицауад Онæй Душетмæ. Уым хайадисгæйæ, уыдта гуырдзыйы  меньшевиктæ, туг бануазыныл фæстиат чи нал кодта, уыдон куыд ныббырстой Хуссар Ирмæ.

Тох уыд æнæмсæр, Хуссар Ир басыгъд, бирæ зиæнттæ æрцыд адæмыл, лидзæг адæмы тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кодта. Ирыстоны сæрбостæ, уыдонимæ Разден дæр, архайдтой адæмы къух фæрогдæр кæныныл.

Стыр маст æмæ сагъæссаджы фарст уыд уый дæр, куыд бабын сты Хуссар Иры бригад Бургъустаны. Уыцы вазыгджын хъуыддаг равзарыны тыххæй цы къамис арæзт æрцыд, уый сконды уыдис Разден дæр.

«Фыд бон æмæ фыд знагæн цæрæнбон даргъ нæ вæййы», – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Рæстаг революци фæуæлахиз, знæгтæ лидзæг, дæрæнгонд æрцыдысты, фæуæлахиз Советон хицауад, ног хур ракаст Хуссар Ирыл. Адæм райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм здæхын. Ног цард йæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы егъау уыд Раздены хайбавæрд. Æппæт йæ тыхтæ радта уымæ, цæмæй лигъдæттæ æрфидар, æрбæстон уой, æнæбары къуымтæ саразой, дзаума, къæбæрыл ма тыхсой.

Алы хъуыддаджы дæр домбай лæг уыд Разден. Разденимæ иумæ – Санахъоты Серо, Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон æмæ æндæртæн стыр кад уыд сæ дзыллæйы ‘хсæн.

1922 азы Разден уыдис Фæскавказы Советы I-съезды делегат, уæд æмхъæ-лæсæй æвзæрст æрцыд Фæскавказы Централон Æххæстгæнæн Комитеты уæнгæй.

1932 азы æвзæрст æрцыд зæронд большевикты æхсæнадмæ, уæд ын лæвæрд æрцыд куысты хъæбатыры ном, хорзæхджын æрцыд йæ цæсгомджын куысты тыххæй Фæллойады «Сырх Тырыса»-йы орденæй.

Ног хицауады сконды бирæ бæрнон бынæтты бакуыста Разден. Уыд Хуссар Ирыстоны Совнархозы сæрдар, Централон Æххæстгæнæн Комитеты сæрдары хæдивæг, Хуссар Ирыстоны обкомы уæнг, Фæскавказы Централон æххæстгæнæн Комитеты уæнг, Хуссар Ирыстоны собесы къухдариуæггæнæг.

Зæрдæрухс уыд ног царды хæрзиуджытæй, адæмы царды размæцыды фæндæгтæй, ног хуры хъарм тынтæй. Æцæг цард бафтыд къухты, кусын, змæлын дзы кæй хъæуы, уый хорз æмбæрста Разден æмæ змæлыд, куыста, архайдта, æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадт, зылдис Ирыстоны къуымты æмæ амыдта фæндæгтæ адæмæн царды хостæ ссарыны хъуыддаджы.

Дуг йæ бон калы, арæх ивы йæ хуыз, чи уыд æнхъæл, рæхджы Раздены хуызæттæ кæй нал уыдзысты, уымæн. Къаннæг Ирыстоны сæрмæ иугæй зынын райдыдтой сау тырысатæ 1937-38 азты. Басаухæдзар Разден дæр, цытæ йын кодтой, цы уавæрты йæ барвыстой мæрдтæм, уыдон ма райхъуыстысты дам-думтæй.

Дзæнæты бадæт фыссæг-фронтон, Советон æфсады булкъон Гаглойты Никъала, хорз зонгæ уыд Разденимæ. 1928 азы, Раздены куы æрцахстой, уæд Никъалайыл цыдис 62 азы. Раздены царды хабæрттæ, йæ революцион тохы фæндæгтæ, стæй уæд йæ егъау æхсæнадон куысты фæстиуджытыл зæрдæбын ныхæстæ фæкодта йæ чиныг «Самородок»-ы, кæцы мыхуыры рацыд Цхинвалы 1962 азы.

Раздены байсæфты тыххæй афтæ зæгъы: «В 1938 году вдали от родных гор, на Крайнем Севере, трагически оборвалась полная жизнь мужества и благородства жизнь бывшего бакинского рабочего, пламенного революционера, коммуниста-ленинца, самородка Раздена Шамеловича Козаева».

Никъала йæ фыссы зардæрисгæйæ, фæлæ йæ ныфс саст нæу, фидарæй йæ зæгъы: «Но такие, как он, не умирают, а, сегодня, дарят людям тепло и свет». Зæгъы ма Никъала уый дæр: «Не только Юго-Осетинский народ, но и трудящиеся города Баку с любовью и уважением произносят его имя».

Æнусон уæд сæ ном, адæмæн цард æмæ амонд чи æрхаста, Ирыстоны сæрмæ рухсы цырæгътæ чи ссыгъта, йæ дзыллæйæн сæрбос дæр, стæй уæд, уырдыглæууæг дæр чи уыд, афтæмæй уæлдæр ракойгонд азты чи бабын, уыдонæн.

Ацы бонты нæ Азербайджайнаг – Машхарайаг, ирон мызыхъ лæппулæг Раздены райгуырдыл æххæст кæны 150 азы. Абон Хуссар Ир цы стыр бæрæгбæттыл цин кæны, уыдоныл тох кодта Разден дæр йæ рæстæджы, уыдоны сæрыл дзургæйæ ссардта йæ мæлæт дæр.

Ацы зæрдылдаринаг боны дæр Ир æмæ Ирыстонæн бирæ дзуринæгтæ ис, цы загътой, уыдæттæ фагæй фылдæр сты.

Ахъуыдыгæнгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, Ир у Æвдудон. Сфæрæзтам та стыр тугкæлдтимæ дыккаг геноцид дæр. Стыр Уæрæсейы руаджы не ‘нусон знаг, Гуырдзыстоны лæджыфыдхор бирæгъты фæндиаг нæ фестæм.

Цæй, мах та уыйбæрц амонд уæд, абон кæй мысæм, уыдон цæуыл тох кодтой, сæ цард цы хъуыддæгты фæдыл радтой, уыдæтты куыд нæ ферох кæнæм. Ирон иронæй цы баззайа, Ирыстон дидинæг цы ‘фтауа, йæ хæрзгæнджытимæ цæрын цы зона.

ПЛИТЫ Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.