Джусойты Гришайы фырт Нафи райгуырд Хуссар Ирыстоны автономон облæсты, Дзауы районы, Хæрдысæры хъæуы 27 февралы (æртхъирæны мæйы) 1925 азы. Хæрдысæры цардысты йæ мадырвадæлтæ – Хуыгатæ, æмæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ, фыццаг саби-хæрæфырт хъуамæ райгуырдаид йæ мады цæгаты.

Йæ фыд – Гриша æмæ йæ мад – Сопи уыдысты зæхкусджытæ, 1933 азæй – колхозонтæ. Гриша уыд империалистон хæсты архайæг æмæ хорзæхджын æрцыд 2 Георгийы дзуарæвæрдæй. Уæды рæстæджы уыцы хæрзиуджытæ нымад уыдысты стыр сгуыхтдзинадыл. Гришайæн ма балæвар кодтой йæ хæцæнгарз (винтовкæ) дæр. Мах, йæ байзæддаг, куы фæзындыстæм ацы дунемæ, уæд-иу нын æвдыста йæ хорзæхтæ æмæ-иу нын дзырдта йæ тохы хабæрттæ. Йæ хорзæхтæй æппæты фылдæр уарзта винтовкæйы. Алы бон дæр æй сæрфта æмæ йæ сæрста цавæрдæр сойæ, цæмæй ма сызгæ уыдаид, рыг абадын ыл нæ уагъта.

Фæлæ иу бон хъæусоветы кусджытæ æрбацыдысты нæ хъæумæ æмæ загътой: кæмæдæриддæр хæцæнгарз разына – ахæстонмæ йæ фæндаг. Гриша нынкъард æмæ Маняйæн (нæ хистæр хотæй иуæн) загъта: “Ахæсс хæцæнгарз æмæ йæ хъæды искуы бæласыл æрцауындз Джедшахойы (нæ хъæуы сæрмæ хъæд афтæ хуыйны)”. Маня дæр æй ахаста хъæдмæ æмæ йæ кæмдæр бамбæхста. Иу фондз боны фæстæ ма ссыдыстæм хъæдмæ, фæлæ йæ нал ссардтам.

Нафи райдайæн скъола каст фæци Ногхъæуы (Джусойтæ кæм цæрынц, уыцы хъæу абон дæр афтæ хуыйны). Стæй йæ нæ фыдыфсымæр Уасикъо – Уагго (афтæ йæ хуыдтой йæ сывæллæттæ æмæ йæ мах дæр уыдонмæ гæсгæ, афтæ хуыдтам) акодта Ногирмæ, уый уым царди, æмæ дзы уыд астæуккаг скъола, Ногхъæуы та æрмæст райдайæн скъола. Нафи скъоламæ бацыд, авд азы йыл нæма сæххæст, афтæмæй. Тынг зæрдæргъæвд уыд чысылæй дæр. Уасикъойы хистæр фырт Аким дæр махмæ цард, уый Нафийæ хистæр уыд æмæ скъоламæ цыд. Нафи-иу æм хъуыста, йæ уроктæ куы ахуыр кодта, уæд æмæ бирæ æмдзæвгæтæ базыдта. Иухатт ахуыргæнæг рацæйцыд скъолайæ æмæ фехъуыста, сабитæ Къостайы æмдзæвгæтæ куыд кæсынц, уый. Байхъуыста сæм, æмæ дзы иу чысыл саби бакаст се ‘ппæтæй фылдæр. Дыккаг бон ахуыргæнæг бафарста йе скъоладзауты, чи уыд уыцы саби. Ахуыргæнинæгтæ йын загътой Нафи хуыйны, фæлæ нырма чысыл у, скъоламæ цæуыны афон ын нæма у. Ахуыргæнæг Нафийæн бар радта, цæмæй бада урокты 1- аг къласы æмæ хъуса, уымæн æмæ-иу Нафи бацыд скъолайы цурмæ æмæ-иу хъуыста, рудзынджы цур лæугæйæ, уроктæм.

Нафи Ногиры астæуккаг скъоламæ куы бацыд, уæд уыд зæрдæргъæвд, фæлæ уырыссагау хорз нæ зыдта æмæ йæхимидæг тыхсти. Иуахæмы йын ахуыргæнæг загъта, цæмæй радзырдтаид, хæдзармæ сын лæвæрд цы æрмæг уыд, уый. Нафи ницы дзуры, æнцад лæууы. Ахуыргæнæг фæдис кодта, кæд мыййаг æгомыг у, зæгъгæ. Уæд йе ‘мкъласон – Къæбысты Павел фестад йæ бынатæй æмæ ахуыргæнæгæн бамбарын кодта, зæгъгæ, Нафи æрмæг зоны, фæлæ уырыссагау хорз нæ дзуры æмæ тæрсы, куы фæрæдийа, уымæй. Уæд ахуыргæнæг сыстад, æввахс бацыд Нафимæ, йæ рус ын йæ фæлмæн армæй адаудта æмæ йын рæвдаугæ хъæлæсæй загъта: “Мæ чысыл лæппу, цæй æмæ афтæ бакæнæм: ды мæн ахуыр кæндзынæ иронау, æз та дæу – уырыссагау. Баныхас кодтам! Урокты фæстæ-иу мæм нæхимæ æрбацу”.

Афтæ райдыдта Нафийы фæндаг стыр æмæ æнæбын уырыссаг æвзаджы дунемæ. Уыцы зæрдæхæлар ахуыргæнæг та уыд Людмилæ Николаевнæ Чародеева. Рязайнаг чызг, рынчын уыд рæуджыты низæй æмæ æрцыд Ирыстонмæ дохтырты уынаффæмæ гæсгæ, зæгъгæ, дам, уым æрдзыхъæд хуыздæр, хъармдæр у. Иу рæстæджы Людмилæ Николаевнæ Чародеева тынг фæрынчын. Ногиры цæрджытæ йæм цыдысты радгай, бирæ йæ уарзтой, хорз ахуыргæнæг æмæ зæрдæхæлар адæймаг кæй уыд, уый тыххæй. Нафи дæр бацыд, фæлæ, йæ ахуыргæнæг кæм хуыссыд, уырдæм нæ бауæндыд æмæ Терчы былмæ ацыд, цæмæй йæ кæугæ мачи фена. Æрхæндæгæй бады æмæ йæ цæстытыл уайынц йæ уарзон ахуыргæнæджы фæлмæн цæстæнгас æмæ худт. Кæсы æмæ иу уызын къуыбыры бынæй рабырыд. Нафи йæм нымдзаст æмæ æрбаймысыд йæ ахуыргæнæг ахæм цæрæгойты бирæ кæй уарзы. Уызынæн йæ цармыл бирæ судзины хуызæн сындзытæ ис æмæ йын æнцонæй нæй æрцахсæн. Нафи йæ бызгъуыртæ хæдон феппæрста, уызыны дзы ацахста æмæ лидзы йæ ахуыргæнæгмæ, цæмæй йын йæ зæрдæ барухс кæна (биологи сын лæвæрдта).

Лидзы… Лидзы, фæлæ, хæдзармæ куы бахæццæ, уæд райхъуыст сылгоймæгты зæрдæхалæн хъарæг. Рацыд Нафи дæр кæугæ, йæ уызын цы фæци, уый дæр нал базыдта, фæкуыдта æмæ зæронды бонмæ йæ мысинæгты баззад. Куы-иу æй æрымысыд Нафи, цалынмæ ацы дунейæ нæ ахицæн, уæддæр-иу йæ рæсугъд сау æмæ къуырф цæстытæ доны разылдысты, йæ кæуыны къуыбар-иу йæ хъуыры ныффидар. Нафи уый тыххæй йæ мысинаджы фыссы: “Чародеева Людмилæ нын Ногиры астæуккаг скъолайы лæвæрдта зоологи. Стыр бузныг ын уæд! Мæ сæрæй йын ныллæг кувын. Нæ йæ зонын, цы мæ рауадаид, уырыссаг æвзаг куы нæ сахуыр кодтаин, уæд. Уый мын байгом кодта цытджын æмæ диссаджы дуне!”

Æвдæм къласмæ Нафи хорз базыдта уырыссагау дзурын дæр æмæ æнæрæдыдæй фыссын дæр. Сæ къласы уыд 28 лæппуйы æмæ иунæг чызг. Иууылдæр ахуыр кодтой тынг хорз æмæ уыдысты цæвиттойнаг алы хъуыддаджы дæр. 8-æм кълас куы фесты, уæд æппæт Уæрæсейы Федерацийы бацахстой фыццаг бынат сæ ахуыр æмæ дæнцæгæн хæссинаг уагахастмæ гæсгæ. Иууылдæр райстой лæвæрттæ, Нафи та старостæ кæй уыд, уый тыххæй йын балæвар кодтой уырыссаг классикты уацмыстæй 10 томы. Нафи сæ асыччы бафснайдта æмæ сæ уæлхæдзары бамбæхста. Хæстæй куы рыздæхт, уæд йæ асыкк байгом кодта æмæ дзы иу чиныг дæр æнæхъæн нал уыд, мыстытæ сæ бахордтой. Фæмаст ма кодта, фæлæ ницыуал гæнæн уыд.

Æрыздæхт Нафи Ногирæй Къуыдаргоммæ, йæ уарзон ныййарджытæм, 8-æм кълас куы фæци, уæд æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Кировы астæуккаг скъолайы. Каст æй фæци сыгъзæрин майданимæ 1941 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй 2 боны раздæр. Скъолайы рауагъдонтæ сæхицæн æмæ сæ уарзон ахуыргæнджытæн бацæттæ кодтой хъазтизæр, сæвæрдтой фынг. Иу æрдæг сахат дæр нæма рацыд, афтæ радиойæ райхъуыст æбуалгъ хабар – райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ныссабыр сты рауагъдонтæ, алчидæр хъуыдыты аныгъуылд, цы уыдзæн сæ сомбон… Сæ къласы уыд иу чызг Зассетæй – хъазæгой æмæ уæндон. Йæ æмкъласонты куы федта ахæм æрхуым æмæ сагъæссагæй, уæд ныхъхъæр кодта “Æз цагъайраг нæ дæн, æз нæ хæссын къæлæт! Размæ!”

Дыккаг бон лæппутæ иууылдæр сæхи хæстмæ ныффыстой æфсæддон комиссарады. Нафи дæр бацыд семæ, фæлæ йæ нæ райстой, 17 азы йыл нæма сæххæст æмæ уый тыххæй. Йæ сыгъзæрин майданимæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй институтмæ бацæуа, уый охыл. Фæлæ йын иу æгъатыр хъуыды æнцойад нæ лæвæрдта – ме ‘мбæлттæ хæсты быдыры сæ туг калдзысты, æз та ам æнцад партæйыл бадон. Нæ, уый мæ сæрмæ не ‘рхæсдзынæн. Бацыд та æфсæддон комиссарадмæ, фæлæ та ам дæр йæ хъуыддаг нæ рауад йæ кармæ гæсгæ.

Уæд сфæнд кодта нæ фыдыфсымæр Уаггойæн мæнг ныхас зæгъын, кæд æм тынг зын касти, уæддæр. Æрцыд горæтæй хъæумæ, æрлæууыд Уаггойы раз æмæ йын кæуын хъæлæсæй загъта: “Уагго, институтмæ мæ нæ исынц, æмæ мын хъæусоветæй гæххæтт райс, цыма мыл 17 азы цæуы, уый тыххæй”.

Уасикъо (Уагго) уыд Ногиры кадджын æмæ уæздан лæг. Нафи уый æмбæрста, æмæ йæм ахæм хъуыды дæр уымæн æрцыд. Уагго йын ныфс бавæрдта, фæлæ йæ бафæдзæхста, æвзæр куы ахуыр кæна, уæд æй кæй расурын кæндзæн институтæй. Цалдæр боны фæстæ йын йæ къухмæ радта, 17 азы йыл кæй цæуы, ахæм гæххæтт. Дыууæ боны фæстæ Уасикъо райста фыстæг Нафийæ: “Зынаргъ Уагго, æрыздæхдзынæн уæлахизимæ!”

Ацыд хæстмæ. Хъуыдыджын æмæ æнæзивæгæй кæй æххæст кодта йæ хæстон хæстæ, уый тыххæй æрвыст æрцыд тæхджыты училищæмæ. Куыд ахуыр кодта æмæ цавæр курсант уыд Нафи, уымæн æвдисæн у, цы характеристикæ йын радтой, уый:

“Авиахайы курсант уæвгæйæ, йæхи равдыста хуыздæртæй иуæй. Фидар æгъдауæй уæлдай ма йæм ис иттæг хорз теоретикон цæттæдзинад. Йæ фыццаг тæхтытæ хæдтæхæгыл бынтон зæрдæмæдзæугæ нæ уыдысты, фæлæ йæхиуыл уæхскуæзæй кæй куыста, уый фæрцы аиуварс кодта уыцы аиппытæ. Йе ‘мбæлтты æхсæн ын ис стыр кад. Æхсæнадон куысты дæр архайы зæрдиагæй. Политикон æгъдауæй у æнæзæрдæхсайгæ æмæ раст зондыл хæст. Ленин æмæ Сталины партийы хъуыддагыл дæр у иузæрдион.

Пилот – инструктор А.Н.Горовец.

2./II. 1942 аз” (А.Н. Горовец – Советон Цæдисы Хъæбатыр 1943 азы 6 июлы фæмард Курскы бынмæ).

Афтæ цæсгомджынæй сæххæст кодта Нафи йæ æфсæддон хæс Райгуырæн бæстæйы раз æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ 1945 азы цыппурсы мæйы (декабры). Уыцы аз райдыдта кусын инструкторæй Хуссар Ирыстоны обкомы, стæй та главлиты хицауæй 1949 азы. Уыцы аз мартъийы мæйы ногæй нысангонд æрцыд сæрмагонд уацхæссæгæй “Заря Востока”-йæн Хуссар Ирыстоны æмæ дзы фæкуыста декабрмæ. Нафи ма уыцы иурæстæджы ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты историон факультеты фæссаууонмæ æмæ йæ каст фæци 1949 азы.

1949 азы декабры радта фæлварæнтæ Ленинграды Уырыссаг литературæйы институты аспирантурæмæ æмæ йæ каст фæци 1953 азы декабры. Æнтыстджынæй уыцы аз бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци дæр ахæм темæйыл: “Кавказы темæ уырыссаг литературæ æмæ Къостайы сфæлдыстады”. Æмгъуыдæй раздæр æрыздæхт Ирыстонмæ (кæд æмæ йæ урæдтой Ленинграды институты зонадон кусæгæй, æнтыстджын аспирант кæй уыд, уымæ гæсгæ) æмæ йæ снысан кодтой Хуссар Ирыстоны зонадиртасæн институты Ирон литературæйы истори æмæ фольклоры хайады сæргълæууæгæй. Ацы бынаты Нафи фæкуыста йæ царды фæстаг бонмæ. Иу рæстæджы нысангонд æрцыд институты директорæй дæр, фæлæ уæддæр хайадæн йæхæдæг лæвæрдта дзуапп. Филологон зонæдты докторы ном та райста 1968 азы Мæскуыйы М.Горькийы номыл литературон институты. Йæ диссертацийы темæ уыд: “Ирон литературæйы истори: (Революцийы агъоммæйы рæстæг)”.

Йæ гуырахст диссертацийæн уыд 1200 фарсы, æмæ йæ æртæ оппоненты дæр дисы бафтыдта. Оппоненттæй иу – Абайты Васо фыста: “В словесном мире все подвластно таланту и энергии Нафи”. Йæ ахуыргæнджытæ кæддæриддæр лæууыдысты аспирантты фарсмæ æмæ сын æххуыс кодтой, цæмæй фылдæр æмæ арфдæр аныгъуылдаиккой зонады арф уылæнты. Нафи йæ цард дæр уым баиу кодта йе ‘мкурсон Битюгова Иннæ Александровнæимæ. Рантыст сын рæсугъд чызг Аленæ (Еленæ). Уый йæ мад æмæ фыды сфæлдыстадон фæндаг адарддæр кодта, куыд æнтыстджын тæлмацгæнæг францаг æвзагæй, (куыста французаг æвзаджы ахуыргæнæгæй Ленинграды, фæстæдæр Санкт- Петербурджы университеты), афтæ.

Куыд бирæ уарзта Нафи йæ зонадон къухдариуæггæнæг – Павел Наумовчич Берковы. Уый тыххæй йæ лæппу – Валерий Павлович Берков йæ фыды тыххæй цы стыр куыст ныффыста (“Ныхас мæ фыды тыххæй”), уым амыдта: “Нæ фыды 70 азы бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнынмæ Хуссар Ирыстонæй æрцыд йæ раздæры аспирант, ныр та зындгонд поэт æмæ æгас бæстæйы хъуыстгонд литературæиртасæг Джусойты Нафи (нæ фыд æй тынг уарзта æмæ йын стыр аргъ кодта). Нафи æртахт куырæт æмæ бухар худы. Уый мæ чызджыты стыр дисы бафтыдта æмæ йæм æгас изæры дæргъы сæ цæст кæсынæй не ‘фсæст. Нæ фыд куы амард, уæддæр Нафи Чъребайæ æрхæццæ, афтæмæй та йæ мад ног мард уыдис”.

– Цы сарæзта Нафи 63 азы дæргъы, цавæр мæсыг самадта Ирыстоны бæстастæу, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы адæмæн æмæ дзырдаивадæн, Аланийы рагон æмæ æнæкæрон культурæйæн? – Балæвар сын кодта йæ рæсугъд æмæ æвзонджы бонтæ, йæ уды æрттивгæ сæуæхсид, йæ куырыхон зонды фарн, йæ хæлар зæрдæйы æнæхуысгæ цæхæр, йæ уарзондзинады æхсидав, йæ лæгдзинад æмæ рæстдзинады суадон.

Уыцы ныхæстæн ирд æвдисæн – йæ куыстытæ, кæцытæн сæ нымæц хæццæ кæны – 1360-мæ. Нафи йæ куыстыты æвналы дзырдаивады алы жанртæм дæр: поэзи, прозæ, драматурги, зонад, критикæ, публицистикæ, ахуырады фарстатæ æмæ мадæлон æвзаджы сомбоныл тæрхон (кæс. “Биографический указатель”. Нафи Григорьевич Джусойты: жизнь, творчество и научная деятельность. – Владикавказ, 2017.199 стр.)

Нафиæн йæхи къухфыстæй

Ацы чиныджы цы куыстыты нымæц ис, уыдон ныффыста 2009 азмæ. Уæдæй фæстæмæ цы ныммыхуыр кодта, чиныгаразæг Хуыгаты Джулеттæйы къухмæ чи нæ бафтыд, уыдон та æз мæхæдæг æрæмбырд кодтон – 160 куысты. Уыдон мыхуыргонд æрцыдысты, куыд Ирыстоны журналтæ æмæ газетты, афтæ иннæ национ мыхуыры оргæнты дæр. Нафийы бирæвæрсыг сфæлдыстад ахызт Кавказы хæхты сæрты æмæ æрбынат кодта Советон Цæдисы цæрæг бирæнацион адæмты аивадон культурæйы, стæй фæсарæнты цæрæг адæмты дзырдаивады дæр.

Уымæн фыста дагестайнаг литературæиртасæг Казбек Султанов: “Нафи смотрит на горы и думает горами”. Ацы ныхæсты рæстдзинадæн æвдисæн сты, Нафийы уацмыстæ цы журналты мыхуыргонд цыдысты, уыдон. Нафи йæ курдиат æмæ сфæлдыстадон хъарутæ, йæ интернационалон зондахастæй æрæмбырд кодта æмæ æрхуыдта йæ аивадон фынгмæ æппæт советон адæмты дзырдаивады минæвæртты, æмæ йын йæхицæн дæр ахæм кад кодтой. Уымæн ын мыхуыр кодтой рæдауæй йæ уацмыстæ æппæты раззагдæр æмæ зындгонддæр газеттæ æмæ журналты: “Дружба народов”, “Вопросы литературы”, “Литературная газета”, “Литературная Россия”, “Родина”, “Вопли”, “Украина”, “Отчизна”, “Литературная Грузия”, Литвайы, Латвийы, Беларусы, Болгарийы, Польшæйы, Таджикистаны, Хъалмыхъы, Сомихы, Азербайджаны æмæ бирæ æндæр бæстæты мыхуырон оргæнты.

Цæгат Кавказы цæрæг адæмтæн та Нафи уыд зынаргъ æмæ уарзон, куыд сæхи национ классиктæ, афтæ. Йæ уацмыстæй дæр бирæтæ тæлмацгонд æрцыдысты кæсгон, балхъайраг, мæхъæлон, дагестайнаг, цæцæйнаг, адыгейаг æмæ æндæр æвзæгтæм. Йæ хуыздæр кавказаг хæлæртты уацмыстæ дæр Нафи сдзурын кодта иронау: Гамзатовы, Кулиевы, Яндиевы, Базоркины, Кешоковы, Айдамировы æмæ бирæ æндæрты. Фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма цыдæриддæр хæлæрттæ уыд Нафийæн, куыд Советон Цæдисы, афтæ фæсарæнты дæр, уыдонæй йæм æппæты æввахсдæр уыд Хъайсын Хъули (афтæ йæ хуыдта Нафи буцæн). Куы хицæн кодта Хъайсын ацы дунейæ (бирæ рæстæг рынчын фæци, хуыссыд Мæскуыйы рынчындæтты, Нафи йæм уырдæм дæр арæх цыд, загъта-иу йæ сывæллæттæн, Нафийы кæй мысы, æмæ таиу кæддæриддæр йæ фарсмæ уыд), уæд æм Нафи ныццыд Налцыкмæ. Ацыд йæ хæдзармæ Чегеммæ æмæ Хъайсыны баййæфта зæххыл нымæтыл æвæрдæй (афтæ амоны пысылмон дины æгъдау). Нафи дæр йæ зонгуытыл æрлæууыд йæ цуры, йæ къух ын йæ армы бакодта æмæ æмыр куыдæй куыдта. Æз дæр йæ цуры лæууыдтæн æмæ куыдтон (бирæ рæвдыд дзы зыдтон, куыд хи æфсымæр, афтæ).

Иууылдæр адæм афтæ æнхъæлдтой, Хъайсын ницыуал æмбары, фæлæ йын Нафи йæ къух куы райста, уæд ын æй уый дæр лæмæгъ æлхъывд бакодта, æмæ йæ цæстысыгтæ æркалдысты йæ фæлурс рустыл. Йæ фæлмæн æмæ курдиатджын зæрдæ бамбæрста Нафийы армы хъарм, йæ уарзон æмгары уды рыст, æмæ та зæрдæ байгом. Нафи алы аз дæр цыд Налцыкмæ – Чегеммæ йæ мысæн бонты. Йæ хæлары ингæныл йæ къух авæрынмæ, стæй уæд æрцыд сæ рæстæг, æмæ дыууæйæ дæр бадынц иумæ æмæ нывæндынц сæ рæсугъд  бæллиццаг хъуыдытæ æнусон дунейы. Рухсаг уæнт Кавказы куырыхон хъæбултæ.

ДЖУСОЙТЫ Клавæ,

ЦИПУ-йы доцент,

филологон наукæты кандидат

 

РАУАДЗИНАГ МА ЧИ У, УЫЦЫ 40 ТОМЫ:

Нафийæн йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæй мыхуыры рацыд 10 томы (2015 азы) Хуссар Ирыстоны уæды Президент Тыбылты Леониды æххуысæй, бафыста сын милуан æмæ æрдæг. Иннæ 10 томы та рацæудзысты 2022 азы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы фæрцы, бафыста 2 милуан сомы рауагъдад “Ир”-æн. Уыдон сты Нафийæн йæ аивадон уацмыстæ æмæ тæлмацгонд литературæ.

Зонад – 20 томы:

 а) 5 томы – ирон литературæйы истори:

5 томы – Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл фыст куыстытæ.

æ) 10 томы – ирон литературæйы классиктыл фыст куыстытæ – Секъа, Цомахъ, Арсен, Елбыздыхъо, Нигер, Грис, Абайты Вассо. Ирон прозæйы фæндаг: таурæгъæй романмæ.

б) Публицистикæ æмæ критикæ – 10 томы.

в) Æвзаг – 5 томы.

 г) Литературæ – Нафийы цард æмæ сфæлдыстадыл – 4 томы.

  1. Фыстæджытæ æмæ мысинæгтæ – 4 томы.

 

НАФИЙЫ ХÆРЗИУДЖЫТÆ

  1. Майдан “Германыл Уæлахизы тыххæй” (1945).
  2. Майдан “Хъазуатон куысты тыххæй” (1971).
  3. “Адæмты хæлардзинады журнал”-ы премийы лауреат (1978).
  4. Хуссар Ирыстоны Къостайы номыл паддзахадон премийы дыууæ хатты лауреат (1979, 2014).
  5. РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы кадджын гражданин (1980).
  6. Майдан “Фæллойадон сгуыхтдзинады тыххæй” (1981).
  7. ССР Цæдисы “Кады нысан”-ы орден (1984).
  8. Гуырдзыстоны Наукæты академийы уæнг-уацхæссæг (1988).
  9. Æппæт дунейы критикты ассоциацийы уæнг (1989).
  10. Гæдиаты Цомахъы номыл премийы лауреат (1991).

11 РЦИ-Аланийы адæмон фыссæг (1995).

12 Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг (1996).

  1. Хуссар Ирыстоны адæмон фыссæг (1997).

14 Майдан “Ирыстоны намысæн” (2005).

15 ЦИПУ-йы кадджын профессор (2005).

  1. Пушкины майдан (2008).
  2. Национ преми “Нарты фæткъуы”-йы лауреат (2008).
  3. К. Мечиевы номарæн майдан (2010).
  4. Горæт-Хъæбатыр Цхинвалы кадджын цæрæджы ном (2015).
  5. 2015 аз нымад æрцыд “Нафийы азыл”

20 “1812 азы Фыдыбæстæйы хæсты уæлахизы 200 азы” сæрмагонд майдан (2015).

  1. Орден “Уацамонгæ” (2015).
  2. Кад æмæ намысы орден: Республикæ Абхаз (2015).
  3. Æппæтуæрæсеон Денис Давыдовы номыл литературон премийы лауреат (2015).
  4. Нафийы ном лæвæрд æрцыд Андромедæйы гуппары стъалытæй иуæн (2019).
  5. Хуссар Ирыстоны Сырх хох æмæ Хъелы астæу 3500 метры бæрзæндæн лæвæрд æрцыд Нафийы ном (2019).
  6. 2019 азы 9 майы авиарейс Рейкьявик-Мæскуы уыдис арæзт Стыр Фыдыбæстæйы хæсты тæхæг, хистæр лейтенант, ирон литературæйы зындгонд архайæг Джусойты Нафийы цытæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.