Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» Уæрæсейы Кубокы æрдæгфиналы Мæскуыйы хъазыд бынæттон «Динамо»-имæ. Хъазты фыццаг æмбисы хуыздæр архайдтой фысымтæ. Бантыст сын иу пути бакъуырын. Фембæлды дыккаг хайы «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак ивындзинæдтæ бахаста командæйы скондмæ æмæ уыцы хабар хуыздæрырдæм бандæвта  хъазтыл. Æцæг алайнæгты хъахъхъæнæг Саулохты Давид кæй фæрæдыд, уый аххосæй мæскуыйæгтæ бакъуырдтой дыккаг пурти дæр. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ алайнæгтæ ныхмæлæууæг командæйы кулдуары раз сæвзæрын кодтой цалдæр хорз гæнæны пурти бакъуырынæн, фæлæ сæ, хъыгагæн, не спайда кодтой. 73-æм минутыл та тæрхонгæнæг сырх карточкæ равдыста Саулохты Давидæн. Фæлæ дæсæй дæр дзæуджыхъæккæгтæ нæ фæивтой сæ тактикæ. Хъазты кæрон «Динамо» хыгъд скодта 3:0, фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ бузныг хъæуы зæгъын «Алани»-йæн.

«Динамо»-йы тренер немыцаг специалист Сандро Шварц дæр дисы бахаудта алайнæгты хъазтæй. «Фнæдит мæ, цæмæй ахæм командæтæ, куыд «Алани», фылдæр уа Уæрæсейы премьер-къорды. Хъазты фæстæ Гогниты Спартакæн загътой мæ комплименте. Дисы бахаудтæн «Алани» куыд уæндонæй æмæ агрессивонæй хъазыд, уымæй. 2:0 хыгъдæй дæр агуырдта уавæртæ пурти бакъуырынæн. Уымæ гæсгæ дис нæ кæнын командæйæн кæй бантыст æрдæгфиналмæ рахизын, ууыл».

Хъазты фæстæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы журналисттæ бафарстой Дзæуджыхъæуы стадионы арæзтады уавæры тыххæй.

«Стадионмæ нырма уыд æндæргъуызон домæнтæ, стæй та бынтон æндæртæ. Ныр алы зындзинæдтæ дæр иуварсгонд æрцыдысты. Стадионы арæзтад цæуы ахæм домæнтæм гæсгæ, кæцытæ хауынц фыццаг категорийы стадионмæ. Проект у бынтон ног. Уымæн æмæ раздæры проект дзуапп нæ дæтта нырыккон домæнтæн. Ныр уæлæмхасæй хицæнгонд æрцæудзысты иу миллиард сомæй фылдæр. Арæзтад цæуы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ иннæ аз стадион сараздзыстæм. Фæнд кæнæм иннæ аз лицензии кæныны процедурæ рацæуын. Æппæт уавæртæ дæр ис. Ныры уавæр нæ бандавдзæн клубы финанскæнынадыл. Ис клубы сæйраг инвестор. Абон махимæ ис уыцы инвестор, кæцы цæттæ у клуб финанскæныны хайад райсынмæ», – загъта Сергей Меняйло.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.