Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутаттæ рахæцыдысты, 1920 азты Гуырдзыстоны æрдыгæй хуссайраг ирæттæ цы геноцид баййæфтой, уый банымайыны сæраппонд Хуссар Ирыстонæй сæ коллегæты куырдиат лæмбынæг сахуыр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй   Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володины хъусынгæнинаджы фарс, хъусын кæны УФ-йы Паддзахадон Думæйы официалон сайт.

Хæдбар паддзахадты æмхæларады хъуыддæгты фæдыл, евразиаг интеграцийы æмæ æмфыдыбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Калашников куыд банысан кодта, афтæмæй сахуыр кæнын хъæуы аргументты, хъæуы кæсын историон аспектмæ, æппæт уыдонæн анализ саразын хъæуы.

«Вячеслав Викторы фырт тынг раст загъта, зæгъгæ, геноциды факттæн саргъ кæнын хъæуы. Ахæм анализ арæзт куы æрцæуа, уæд Паддзахадон Думæ æрæвналдзæн Гуырдзыстоны æрдыгæй ирæтты геноцид банымайыны тыххæй фарстмæ. Ахæм факт банымайын тагъд æмæ  хуымæтæг нæ вæййы, уымæн æмæ Турчы æрдыгæй сомихаг адæмы геноцид банымайыны факт ныддаргъ сæдæ азы», – загъта уый.

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты, евразиаг интеграцийы æмæ æмфыдыбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Константин Затулин дæр банысан кодта, зæгъгæ, фарстмæ лæмбынæг æркастæуыдзæн.

«Ирон æхсæнады уыцы темæйыл раджы цыд уынаффæ, æмæ сидтытæ хъуыст, цæмæй 1920 азты уæды рæстæджы Гуырдзыстоны рæстæгмæ хицауады æрдыгæй ирæтты куынæг кæнын нымад æрцыдаид геноциды актыл.

Уымæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны Парламент уыцы фарсты фæдыл официалонæй бахатыд фыццаг хатт», – фехъусын кодта парламентари.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æнæдызæрдыгæй куырдиатмæ æркастæуыдзæн.

«Хъусдард аздахын мæ фæнды, уый серьезон фарст кæй у æмæ йæ уæлæмхас сахуыр кæнын кæй хъæуы,  уымæ. Мах æй зонæм, геноциды факт сбæрæг кæнынимæ баст цы у, уымæн абон иугъуызон нысаниуæг нæй. Мах æй зонæм, æппæт дунейы нымад æрцыд Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы дзуттæгты геноцид. Уыимæ официалонæй никуы æвæрд цыд уыцы азты уырыссæгты æмæ славяйнаг адæмты геноциды фарст, кæд æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ ам бындуртæ ис, уæддæр», – йæ ныхасмæ бафтыдта парламентари.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, Осмайнаг империйы сомихæгты геноцид дунейы бæстæтæ кæй банымадтой, уыцы факт дæр.

«Дзырд дзуттæгты, сомихæгты адæмты геноцидыл куы цæуа, уæд уый тыххæй ис бирæнымæц документалон æвдисæнтæ. О, фæлæ фембæлæн ис  уыцы темæ сцырын кæныны мæнг бафæлвæрдтытыл дæр, зæгъæм, Украинæйы президент Виктор Ющенко куы уыд, уыцы рæстæджы бафæлвæрдтытæ уыд, ома, украинаг адæмы скуынæг кæныны тыххæй ССР Цæдисæн уыд план», – загъта уый.

Константин Затулин зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы меньшевикон Гуырдзыстоны сцырын национализм ирæттæм ахасты дæр æмæ абхазæгтæм ахасты дæр.

«Уыцы фарстмæ æз æркæсин тынг хъавгæйæ. Куыдфæндыйæ дæр уый хъуамæ уа бæлвырдгонд», – банысан кодта Затулин.

Æмбæстагон æхсæнады рæзты фæдыл, æхсæнадон æмæ динон баиугæндты фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Сергей Гаврилов рахæцыд Паддзахадон Думæйы Сæрдары позицийы фарс.

«Æз афтæ нымайын, æмæ уый раст у, уымæн æмæ у, амæйразмæ Президент кæй загъта,  уыцы позицийы хуызæн. Фæскавказы æнгæс мидæггагон конфликттæ Гуырдзыстоны цыдысты бирæнымæц уды зиæнттимæ», – загъта парламентари.

Сергей Гаврилов банысан кодта, зæгъгæ, лæмбынæг сахуыр кæнын хъæуы зиæнтты масштаб.

«Уымæй дæр, кæд уый ныры рæстæджы æрцыд, уæд сахуыр кæнын хъæуы адæймаджы барты дзыллон æгъдауæй халыны аххосæгтæ, уыдоны тыххæй бæрндзинад æмæ дины, этникон æмæ территориалон принциптæм гæсгæ дзыллон   æгъдауæй адæймаджы бартæ халын аиуварс кæнын», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.