2-æм июны Бундестагы депутаттæ райстой резолюци, кæцы 1915 азы сомихæгты ныхмæ Осмайнаг империйы фыдракæндтæ банымадта геноцидыл.

Ацы цау базмæлын кодта хуссарирыстойнаг æхсæнады, кæцы тырны Гуырдзыстон хуссайраг ирæтты ахасты цы фыдракæндтæ сарæзта, уый дæр геноцидыл банымайынмæ.

Сомихæгты геноцид Герман кæй банымадта, уыцы фактæн комментари кæны РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик. Уый ма у 1920 азы Гуырдзыстоны Демократон республикæ хуссайраг ирæтты ахасты цы геноцид сарæзта, уый мемориализацийы фæдыл Къамисы сæрдар.

«Фыццæгæм дунеон хæсты рæстæджы милуанæй фылдæр сомихаджы кæй скуынæг кодтой, уый катастрофон æгъдауæй бандæвта сомихаг адæмы дарддæры историйыл. Раст нæ чысылнымæц адæмы историйыл дæр афтæ бандæвдта 1920 азы Гуырдзыстон 50000 адæймаджы кæй скуынæг кодта, уыцы цау дæр. Уымæ гæсгæ махæн æввахс у сомихаг адæмы рыст æмæ махæн нæ бон нæу æмæ йын дзуапп ма радтæм. Æз нымайын афтæ, æмæ ацы цауы фæуæлахиз историон рæстдзинад, æмæ мæ ныфс ис, мах ахасты дæр дунеон æмæх-сæнад, æппынфæстагмæ Гуырдзыстонмæ кæй фæсиддзæн моралон бæрндзинадмæ хуссайраг ирæтты геноциды тыххæй.

Хуссар Ирыстоны хицауад ацы здæхты фыццаг аз нæ кусы. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын, уартæ ма 2006 азы Хуссар Ирыстоны Парламент легендарон политикон архайæг — Гасситы Знауыр Никъалайы фырты къухдариуæгадæй кæй райста Уынаффæ „1918-1920 азты цаутæн политикон аргъ скæныны тыххæй“, цыран цаутæн лæвæрд æрцыд политикон-барадон аргъ, афтæ ма Уынаффæйы ис сидт дунеон æмæхсæнадмæ, демократон паддзахадты сæргълæуджытæм, цæмæй банымайой 1918-1920 азты хуссайраг ирæтты геноцид.

Афтæ ма 2015 азы 17-æм июны Президент Тыбылты Леонид йæ къух æрфыста Барамындыл геноциды фæдыл къамис саразыны тыххæй. Йæ нысан у дунеон æмæхсæнадмæ информаци, геноциды тыххæй историон рæстдзинад фæхæццæ кæнын, кæцы геноцид ирæтты ахасты арæзт æрцыд 1920 азы, цæмæй дунеон æмæхсæнад геноциды фактыл стæрхон кæна.

Ацы здæхты активон архайд кæны РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Афтæ ма уагъд æрцыд Къамисы цалдæр рабадты, кæцымæ бацыдысты зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ.

Фæстаг фембæлды уынаффæ цыд геноциды мемориализацийы фæдыл мадзæлтты нывæзтыл, сæ нымæцы ис Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты эгидæйы бын бындурон зонадон-публицистикон куыст бакæнын. Уый хъуамæ рацæуа 2020 азы ирон адæмы фыццаг геноциды 100-азы бонмæ».

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.