«1920 азы хуссайраг ирæтты геноцид банымайыны тыххæй УФ-йы Паддзахадон думæмæ сидт арвитын скъуыддзаг не ‘рцыд æрмæст æвдæм æрсидты Парламенты. УФ-йы Паддзахадон думæмæ æмæ Федерацийы Æмбырды Советы Федерацимæ ахæм сидтытæ арвыстой цыппæрæм æмæ фæндзæм æрсидты  депутаттæ дæр», – загъта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Спикеры хъуыдымæ гæсгæ, 20-æм азты архайдтытæн йæ рæстæджы политикон æгъдауæй аргъ кæй не скодтой, уый расайд-та агресситæ, кæцытæ Гуырдзыстон уагъта уый фæстæ азты.

«Цыфæнды фыдракæндтæ, кæцытæн дунеон æхсæнады аргъ не ‘рцæуы, ис фæлхат кæныны тенденци, кæцытæ æвдисæн сты 1989-1992, 2004 æмæ 2008 азты Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстон цы агресситæ уагъта, уыдон. Уыцы рæстæджы дæргъы Гуырдзыстоны барадхалæн архайдтытæн не скодтой политикон аргъ. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ 1920 азы геноцид куы банымадтаиккой, уæд уый фæстæ азты агресситæн аиуварсгæнæн уыд», – банысан кодта Тадтайы фырт.

Æвдæм æрсидты Парламенты сидт хуссайраг ирæтты геноцид банымайыны тыххæй, спикеры ныхæстæм гæсгæ, у хуссарирыстойнаг адæмы фæндон, историон растдзинад сæндидзын кæнын.

«Ацы фæнд, фыццаджыдæр, баст у ирон адæмы фæндимæ уыцы историон растдзинад сæндидзын кæнын, кæцыйыл мах тох кодтам бирæ азты дæргъы. Нæ фыдтæ дæр ууыл тох кодтой, цæмæй нæ геноцид банымайой æмæ махæн уый бар нæй, æрцæугæ цаутыл ма дзурæм, хъуамæ йæ дунеон æхсæнады онг фæхæццæ кæнæм», – банысан кодта спикер.

Тадтайы фырты ныхæстæм гæсгæ, Вячеслав Володин йæ хъус æрдардта хуссарирыстойнаг Парламенты сидтмæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæйы Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй сидт æнæ хъусдардæй кæй нæ ныууадздзысты, уый.

Спикер бузныджы ныхæстæ загъта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Парламенты цины æнкъарæнтимæ райстой, сентябры мæйы Паддзахадон Думæйы фыццаг рабадты ацы гæххæтмæ кæй æркæсдзысты.

«Уыцы сидтмæ ма бахæсдзыстæм геноциды фæдыл уæлæмхас документтæ, цæмæй уыдонимæ базонгæ уой Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ Федералон æмбырды сенатортæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, архивты геноциды тыххæй информацийы фылдæр хай развæлгъау скуынæг кодтой гуырдзиæгтæ, уымæн æмæ уыдон фæндыд бирæ цаутæ бамбæхсын. Уый тыххæй æвдисæн у профессор Бзарты Русланы чиныг. Йемæ ныхас кæныны рæстæджы, уый ноджыдæр банысан кодта, æрмæджыты егъау нымæц куынæг кæй æрцыд, уый», – загъта Парламенты спикер.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хуссайраг ирæтты геноцид банымайыны фарстимæ кусын хъæуы æрмæст УФ-имæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстон хæларадон ахастыты цы бæстæтимæ ис, æппæт уыцы бæстæтимæ.

«Фидæны мах нысан кæндзыстæм ирон адæмы геноциды 100 аз. Арæзт æрцæудзысты мадзæлттæ. Ацы зæрдылдарæн бон хъæуы банысан кæнын афтæ, цæмæй дунеон æхсæнады онг бахæццæ уа геноциды факт. Цас тагъддæр саразæм ацы хъуыддаг, уыйас нæ хуссайараг сыхæгтæ тагъддæр æрсабыр уыдзысты æмæ «нæ» зæгъдзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ агрессивон риторикæйæн – загъта спикер.

«Мах ныхас кодтам профессор Бзары фыртимæ æмæ нын бар радта йæ чиныг мыхуыры рауадзынæн, кæцыйы бирæ æрмæджытæ уыдзæн 20-æм азы геноциды тыххæй. Чиныджы уыдзæн уыцы цауты тыххæй документалон бæлвырдгæнæнтæ. Уыцы чиныг лæвар æрцæудзæн Паддзахадон Думæйы æмæ Федеарцийы Советы депутаттæн», – банысан кодта спикер.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.