Ацы аз фæззæджы ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 160 азы.  Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 2019 аз расидт Къостайы азæй. Ацы юбилейы сæраппонд канд нæ горæты нæ, фæлæ районты культурæйы уагдæттæ дæр бацæттæ кæнынц алыгъуызон мадзæлттæ. Иу ахæм культурон мадзал ацы бонты бацæттæ кодтой      Къуайсайы горæты администраци æмæ централон библиотекæйы кусджытæ йæ сæргълæууæг Багаты Асиаты хъæппæрисæй. Поэты номыл уагъд мадзалы хайад райстой Къуайсайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Культурон мадзалмæ æрбацыдысты Къуайсайы администрацийы кусджытæ администрацийы къухдариуæггæнæг Бæзаты Геннадийы сæргълæудæй, бынæттон цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Библиотекæйы фоейы баконд æрцыдис стенд, цыран æвдыст æрцыдысты Къуайсайы скъолайы ахуыргæнинæгты конд нывтæ поэты фæлгондзимæ æмæ зынгæ поэтæн йæ фыст уацмыстæй скъуыддзæгтæ. 

Къоста егъау курдиаты хицау уыд, уый æрмæст йæ уацмысты не ‘вдыста йæ поэтикон ахаст æмæ йе стыр уарзондзинад йæ бæстæмæ, йæ адæммæ, фæлæ ма йæ конд нывты дæр æвдыст æрцыд йæ адæмы цардуаг, йæ бæстæйы рæсугъддзинад. 

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта библиотекæйы сæргълæууæг Багаты Асиат. Уый мадзалмæ æрбацæуджыты базонгæ кодта поэты цард æмæ сфæлдыстады историимæ. «Къоста йæ райгуырдæй фæстæмæ бирæ зындзинæдтыл сæмбæлд, фæлæ æппæт зындзинæдтæм æнæ кæсгæйæ, уый æргомæй тох кодта хицæутты ныхмæ мæгуыр адæмы сæрыл. Къостайы цард уыд уæззау, бирæ зындзинæдтæ баййæфта, чысылæй баззад сидзæрæй, нæ зыдта мады рæвдыд, нæ йæ барæвдыдта йæ дыккаг мад дæр, фæцух йæ уарзон Ирыстонæй. Фæлæ æппæт уыцы зындзинæдтæм æнæ кæсгæйæ, Къостайæн йæ литературон æмæ æхсæнадон архайды бирæ бантыст саразын, кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр. Уый йæ адæмæн ныууагъта цæрдхъом æмдзæвгæтæ æмæ уыдоны руаджы бацахста æппæт дунейы поэзийы фæлгæтты раззаг бынаттæй сæ иу. Мæнгæй йæ нæ хонынц ирон литературæ æмæ æвзаджы бындурæвæрæг. Хетæгкаты Къоста æрмæст поэт æмæ æхсæнадон архайæг нæ уыд, фæлæ ма уыд публицист, драматург, фыццаг ирон нывгæнæг. Къоста ирон адæмæн у Бонвæрнон стъалы, у нæ боны рухс æмæ нæ царды фарн.  Номы лæг уыд Къоста, йæ царды бонты йæ къухы фæхаста уарзондз-инад æмæ рæстдзинады стъалы. Цы хæхтæ æмæ быдырты сæрты фæцыд, уым фæтыдта хæлардзинады тæгтæ. Йæ низæфхæрд фæстаг бонты дæр ма уый фæдзæхста йæ адæмы: «Мæ адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!», – банысан кодта йæ раны-хасы кæрон Багаты Асиат.

Мадзал уыд алыварсонæй дæр æххæст, ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ æмæ хорз тæлмæнтæ ныууагътой мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæты, æххæст ма цыдысты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ.                                                                                                                                                                                                                                                            

Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннади бузныджы ныхæстæ загъта мадзал бацæт-тæгæнджытæн, æмæ банысан кодта, арæхдæр кæй хъæуы ахæм мадзæлт-тæ уадзын, цæмæй адæмæй рох ма уой ирон æвзаджы бындурæвæрджытæ.    

Мадзалы кæрон уагъд æрцыд викторинæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстады, афтæ ма – ирæтты рагфыдæлты историйы фæдыл дæр. Викторинæйы хайадисджытæн кæронбæттæны лæвæрд цыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Къуайсайы централон библиотекæйы сæргълæууæг Багаты Асиат стыр бузныг загъта администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннадийæн, вокалон хайады гæс Зассеты Аланæн, скъолайы ахуырæнæг Зассеты Фатимæ æмæ хореограф Зассеты Зазайæн, мадзал бацæттæ кæныны рæстæджы йæм се ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кодтой, уый тых-хæй.

Танделаты Виленӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.