Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбеджы.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уазæгæн йæ æдзухон хъусдарды тыххæй, куыд Паддзахадон Думæйы депутат æмæ куыд адæй-маг, кæцы æцæг уарзтæй уарзы Хуссар Ирыстоны.

Тайсауты Хъазбег банысан кодта, республикæйы цы позитивон ивындзинæдтæ цæуынц, уыдон.

Бибылты Анатоли æмæ Тайсауты Хъазбег æруынаффæ кодтой Паддзахадон Думæмæ ирон адæ-мы геноцид банымайыны тыххæй РХИ-йы Парламенты сидтыл, кæцыйы фæдыл арæзт æрцыд кусæгон къамис æмæ йæм хаст æрцыдысты УФ-йы закъондæттæн æмбырды æппæт политикон партиты минæ-вæрттæ.

«Къамис йæ куыст райдыдта, æрæмбырд кодтам хъомысджын экспертон къорд, кæцы кусы ацы те-матикæйы фæдыл. Серьезонæй бацыдысты ацы фарстмæ, арæзт æрцыд куыстыты егъау гуырахст», – загъта депутат.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, абоны онг ирæтты геноцид банымайыны фарстмæ серьезон ахаст нæ уыд.

«Мах Паддзахадон Думæмæ арвитдзыстæм, юридикон бындур кæмæн ис, ахæм документтæ, уыдон махмæ сты æмæ сбæрæг кæндзыстæм хуссарирыстойнаг кусæгон къорды сконд. Æмæ кæрон æрæвæрын хъæуы ацы фарстæн. Геноцид уыд. Махæн уый у трагикон рæстæг. Уый фæстæ, суанг 2008 азмæ, иууылдæр сты 1920 азы геноциды фæдтæ. Æмæ ахсджиаг у, цæмæй ацы факты тыххæй бæл-вырдгæнæнтæ фæхæццæ уой дунейы æппæт æмæхсæнадмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды ма ныхас кодтой транспортон фæрæзтæн «ввоз» саразыны проблемæйыл, кæцыимæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæг-тæ сæмбæлынц таможнæйы, УФ-йы арæныл хизгæйæ.

Бибылты Анатоли йæ позици раргом кодта ацы быцæуон фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй, аф-тæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуыйы плангонд сты кусæгон фембæлдтытæ, кæцытæ здæхт сты ацы проблемæ аиуварс кæныны механизмтæ бакусынмæ.

«Махæн ахсджиаг у фыццаг этапы уыцы æмбæстæгты проблемæ аскъуыддзаг кæнын, кæцытæ æдзух цæрынц Хуссар Ирыстоны. Проблемæ мах адих кодтам дыууæ этапыл: нæ фыццаградон хæс у, Хуссар Ирыстоны æдзух цы æмбæстæгтæ цæрынц æмæ æдзух УФ-йы арæныл чи хизы, уыдоны фарстытæ аскъуыддзаг кæнын, дыккаг этап та у «ввоз»-ы фарст иумæйагæй аскъуыддзаг кæнын.

Уыцы проблемæйыл цæуы 11 азы. Æмæ уый периодиконæй сæвзæры. Хъыгагæн, ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ серьезон ахаст нæ уыд. Абон уый скъуыддзаг цæуы бæрзонд æмвæзадыл», – загъта Президент.

Тайсауты Хъазбег фæндон бахаста, закъондæттынадон базæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад куы уа, уæд уыцы фарстмæ  УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутатон корпусы бакæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.