Бадæнтæ

Хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Ногбоны фæстæ къуырисæр æхсæв фæкæнынц мæрдты бæрæгбон, Мæрдты бадæн, хонынц ма йæ Бадæнтæ. Мæрдты бадæн аразынц, ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыд, æрмæстдæр уыдон. Райсомæй изæрмæ алцыдæр фæцæттæ кæнынц, хонæг арвитынц хиуæттæм.

Уый фæстæ изæрдалынгтæм иууылдæр сæ хæдзæрттæм бацæуынц. Мардмæ æввахсдæр адæймаг дыууæ лæдзæгимæ хæдзары къуымы слæууы, æмæ уынгæг зæрдæйæ бахъарæг кæны. Йæ лæдзджытæ йын байсынц æмæ сæ дзуарсæ баст бакæнынц. Уый фæстæ æрбахæссынц марды дарæстæ æмæ сæ дзуарсæ баст лæдзджытыл скæнынц, афтæмæй дзы рауайы сæ марды æнгæс быдыргъ æмæ рагацау кæй æрцæттæ кæнынц, уыцы бандоныл æй æрфидар кæнынц. Бандоны алыварс равæрынц мардæн йæ зынаргъдæр дзаумæттæ. Къулыл-иу ауыгъд уыдысты, цы хæцæнгæрзтæ дардта, цавæр æрмдæсныйы кусæнгæрзтæй куыста, цавæр фæндырæй цагъта, уыдон.

Фынгыл фæсудзынц мыдадзын цырæгътæ. Мардæн йæ гуыбыны кой бакæнын дæр сæ нæ ферох вæййы — бандоны цур сæвæрынц дзæрнаты къус æмæ авджыдзаг арахъ. Быдыргъ кæуыл сæвæрынц, уыцы бандоны фæйнæ фарс слæууынц, нæлгоймæгтæ иуæрдыгæй, сылгоймæгтæ иннæрдыгæй æмæ кæуын байдайынц. Ӕхсæв-бонмæ не ’рсабыр вæййынц. Бонивæнты хистæр лæг фынгыл кæй рывæрдтой, уыдон ныххæлар кæны мардæн æмæ арфæ ракæны æхсæвбадæнты мардæн лæггадгæнджытæн. Уый фæстæ фынгыл æрбадынц.

Ирон динон уырнынадмæ гæсгæ, чи амæлы, уый уд афæдзы дæргъы йæ кæндты æрыздæхы йæ хæдзармæ, йæ бинонтæм йæ хъус дары, сæхи куыд дарынц, уымæ гæсгæ сыл хæрзмæ ауды. Мæрдджын йæ дзыхмæ ног дыргъ, ног халсар не схæсдзæн, цалынмæ дзы йæ мардæн рухс зæгъа, уæдмæ. Ног мард дам, афæдзы дæргъы йæ алы кæндмæ дæр Мæрдты бæсты хицау Барастырæй йæхи ракуры уæлзæхмæ, æмæ йæ уд æрбацæуы сæ хæдзармæ. Йæ райст бавæрд уæлæдарæсæй йын цы быдыргъ скæнынц, уым бацæуы, æмæ йæ фынджыдзаджы хæринæгтæй йæхи хорз фены. Хæргæ та сæ æхсæвбадæнты чи фæбады, уыдон бакæнынц.

Ацы бæрæгбон адæмæй абон дæр нæма ферох, æрмæст гыццыл фендæргъуызон ис.

Зымæджы бæрæгбонтæ иуцасдæр сты мардæн кадгæнæг, йæ сурæт ын сног кæнынц, сæ зæрдæ сын балхæнæм, зæгъгæ сын кæндтæ фæкæнынц. Баузæлынц сыл, цæмæй сыл мæрдты æгъдауæй аудой.

Раздæр иу марды быдыргъмæ хатгæ дæр кодтой. Ома, мæнæ уыцы хæринæгтæй, дыргътæй, халсартæй дæр ахæр, ацы нозтæй дæр ануаз. Сæрмагондæй ма-иу ын дзыкка дæр скодтой. Стæй-иу æй фæсæмбис марды хуыссæны дæр схуыссын кодтой.

Фæцбадæн

Ногбонты фæстæ дыккаг сабаты, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Бадæнты фæстæ хуыцауæхсæв ралæууы Фæцбадæн. Фондз боны дæргъы-иу адæм æддаг дунейæ аиппæрд сты. Уыцы бонты сæ хъæумæ уазæг нæ цыди, сæхицæй дæр æддæмæ никæй уагътой. Фæцбадæн-иу хъæуы кæй æрыййæфта, уыцы уазæджы дæр-иу бахъуыди бæрæгбоны фæудмæ æнхъæлмæ кæсын, ома, æнцой бонмæ, цыппæрæммæ. Уазæг-иу, хъæуы цæрæг адæмы домæнтæм гæсгæ хъуамæ бæрæгбоны архайдтаид.

Фыццаг цыппар боны алы бинонтæ дæр куывд кодтой сæхи хæдзары, фæлæ сæ дуæрттæ æрбацæуæгæн гом уыдысты, кæрæдзи хæдзæрттæм цыдысты. Фæндзæм бон арæзтой хъæугуывд.

Фæцбадæнты фæстæ-иу мæй куы сног, уæд фыццаг сабаты нысан арæзтой Нафы бон æмæ-иу ахаста æнæхъæн къуыри. Куыд парахатæй йæ арæзтой, фынгтыл-иу цы хæрд æрæвæрдтой, уый æмбисондæн баззад. Афтæ фæзæгъынц ныр дæр: «Нафы куывды кæд нæ бадтæ», кæнæ «Нафы куывдæй кæд нæ цæуыс».

Бæрæгбон арæзтой æгас мыггаг кæнæ хъæубæстæ, æвзæрстой-иу дзуарылæгтæ. Къусбары задæй-иу бахсыстой бæгæны, сфыхтой иу «гуыдын». Уый та æнгæс уыдис Ногбоны гуыдынимæ. Гуыдын-иу алыг кодтой, куывды архайæг хæдзæрттæ цал уыдысты, уал дихы.

Куывд фыццаджыдæр арæзтой хорæрзадыл аудæг дзуæртты номыл. Наф мыггаджы цардыуагимæ баст кæй уыди, ууыл дзурæг сты егъау гуыдынтæ. Гуыдынæн уыди мыггаджы иугæнæг æмæ кæрæдзиуыл бæттæг нысан. Ацы бæрæгбон арæзт цыди мыггаджы дзуары кадæн, кæцы равзæрди рагон ирайнаг культурон мæрæй.