Нӕ фыдӕлты, скифтæ æмæ сæрмæтты сæйрагдæр хæцæнгæрзтæ уыдысты кард, уарт, цирхъ, арц, фат æмæ æрдын. Ахæмтæ уыдысты  аланты сæйрагдæр хæцæнгæрзтæ дæр, фæлæ цард размæ куыд цыд, афтæ  хуыздæр кодта сæ хæцæнгæрзты гъæд æмæ конд дæр, фæлæ сын уæддæр бахъæхъхъæдтой сæ бындурон формæ. Скифтæ æмæ сæрмæтты хæцæнгæрзтæй фат æмæ æрдын, кард æмæ уарт, цирхъ ӕмӕ арц уыдысты нартæм дæр. Уый та бæрæг у, цы таурæгътæ сыл баззадис, уыдонæй. Зæгъæм, мæнæ ахæм таурæгътæ: “Ӕхсар æмæ Ӕхсæртæджы мæлæт”, “Уырызмæджы æнæном лæппу”, “Уырызмæджы фæстаг балц” æмæ æндæртæ. Нартæм фат æмæ æрдынæн уыдис цыппар нысаниуæджы: знаджы ныхмæ тох кæнын, хабар фыссын, милмæ раст æхсын ахуыр кæнын æмæ хабар бынатмæ хæццæ кæнын, уыимæ, дам, нæртон фат хаудта, кæй онг æмæ йæ кæдæм æхстой, уырдæм комкоммæ. Ирон адæмы фыдæлтыккон хæцæнгæрзтæ фат æмæ æрдын, уарт æмæ згъæр сæ нысаниуæг фесæфтой æстдæсæм æнусы, фæлæ ма кард дардтой. Уыимæ ма дардтой фарсылдарæн кард, уый хъуындис кусынæн æмæ абон дæр ис.

Фæстæдæр Ирмæ фæзындис цыргъдæр хæцæгнарз – цирхъ. Цирхъæн уыд кæрддзæгат, йæ бырынкъ йæ цæгатырдыгæй дæр  уыд цыргъ, арæзт уыд хъандзал æфсæйнагæй, тасыд къæлæтау, фæлæ-иу, феуæгъд кæнгæйæ, фæстæмæ йæ бынаты абадт. Ирон адæммæ стыр хæстон нысаниуæг уыд арцæн. Арц арæзт цæуы, фидар, тасгæ чи  нæ кæны, ахæм хъæбæр æфсæйнагæй, йæ бырынкъ та вæййы æндонæй. Ӕрцытæ уыдысты дыууæхуызон: къухы хæсгæ æмæ къахыл бæтгæ æрцытæ.

Фæстæдæр цирхъ, арц æмæ карды æмрæстæджы фæзынд цыргъаг хæцæнгарз-æхсаргард. Уый бирæ хъомысджындæр уыд кард æмæ цирхъæй алы рæстæджы дæр. Ӕхсаргарды ныхмæ никæцы цыргъаг хæцæнгарз лæууыд æмæ-иу кæмæ уыд, уыдон дзы стыр æхсарджын уыдысты. Ӕхсаргард афтæ хъомысджын у æмæ æдых лæг дӕр, зӕгъгӕ, уæхскуæзæй галы астæу ныццавта, уæд æй йæ гуыбыны онг ахауын кæндзæн. Лæджы уæхск дзы, зæгъгæ, ныццавтай, уæд æй ронбасты онг ныффады.

Ирон цыргъаг хæцæнгæрзты  ‘хсæн зынгæ бынат ахсы хъама. Фæлæ нырма бæстон бæрæг нæу, кæцы æнусы фæзындис, уый. Хъаматæ, сæ асмæ гæсгæ, кæнынц æртæ дихы: егъау, рæстæмбис æмæ чысыл хъама. Сæ арæзт æмæ хуызмæ гæсгæ дæр кæнынц æртæ дихы: æхгæд æвзист хъама, æвзист хъама æмæ сауарæзт хъама. Ӕхгæд æвзист хъама хъаматæн се ‘ппæтæй кадджындæр æмæ зынаргъдæр у. Уымæн æмæ йæ  фистоны æддаг цъар кæрæй-кæронмæ вæййы æвзистæй æмæ йæ уый тыххæй хонынц æхгæд æвзист хъама. Ӕвзист хъамайæн йæ дæлвистоны тæлы æмæ къæ-дзилы тæлыйы астæу та æхгæд вæййы сау фидар æмæ уæздан сæракæй. Сау арæзт хъама у иннæ хъаматæй  егъаудæр æмæ уæз-заудæр, уымæн æмæ йæ тъæпæ-ны æфсæйнаг вæййы иннæтæй бæзджындæр.

Ирон адæммæ хъамайæн ис  фондз бындурон нысаниуæджы, хæстон, куыстадон, дарæсы фидыцæн, æхсарæууæнчы æмæ ди-нон нысаниуæг. Иннæ цыргъаг хæцæнгæрзты хъауджыдæр уымæн йæ бырынкъ у тæссагдæр. Уыимæ хъамайæн дыууæрдыгæй дæр ис цыргъ кæмттæ æмæ дзы чердæм фæнды февзид уӕддӕр ӕм йӕ фистоны ‘рдыгæй йедтæ-мæ бавналæн никæцырдыгæй ис, æмæ зын байсæн у искæй къухæй дæр.

Ирон нæлгоймаджы дарæсы фæлысты бындурондæр хæйттæ сты уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, бæрцытæ, кафæн, хæдбынтæ сæракæй, хъама æмæ рон. Уыцы хæйттæй сæ иу дæр куы нæ уа, уæд нæлгоймаджы национ дарæсы фæлыст у æвидыц æмæ йæ лæгау лæг йæ сæрмæ нæ хаста.

Хъама уыд æхсарæууæнк æфтауæн дзаума. Уымæй ард кæй хордтой, уый тыххæй йæ хуыдтой “æрдхæрæны дзаума” дæр. Ирон лæг ард хордта йæ комбæсты йæ хъæубæсты, йæ мыггаджы, йæ кæнгæ æфсымæры, йæ уарзон сылгоймаджы раз. Тынг карзæй йæ ардбахæрд чи нæ сæххæст кодтаид, уый нымад цыд фыдæлты фидар æууæнк халæгыл, комбæсты, хъæу æмæ мыггаджы худинаггæнæгыл æмæ йын уыдоны ‘хсæн цæрæн нал уыдис. Хъоды, кæнæ йын кодтой марыны тæрхон дæр. Ахæм адæймагæй дзырдтой, йе ‘ууæнк бахордта, зæгъгæ, æмæ-иу фæлыгъд йæ хъæубæстæй. Хъамайæн ирон адæмы  ‘хсæн уыдис дины нысаниуæг дæр. Дин куыд амыдта, афтæмæй, дам,  хæйрæг, дæлимон, бирæгъы дæндагæй фæстæмæ, хъамайæ тынгдæр ницæмæй тæрсы. Цæвиттон бæлццоныл-иу фæндагыл цæугæйæ кæм баталынг, уым-иу æрæхсæвиуат кодта. Йæ алыварс-иу йæ хъамайы бырынкъæй тымбыл хахх æркодта æмæ сæрибарæй фынæй кодта.

Цыргъаг хæцæнгарзыл нымад цæуы бичъы бын дарæн кард дæр. Уый тынг уӕздан арӕзт уыд, æмæ йæ фырбуцæн хуыдтой “хъамайы лæппын”.  Гъе, ахæмтæ сты ирон адæмон хæцæнгæрзтæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.