Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет куыд фехъусын кодта, афтæмæй къуырисæры изæрæй Ленингоры районы Æмдзæрины хъæуы цур Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæн фехæлдтой Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвилийы партийы уæнгтæй дыууæ расыг адæймаджы. Уыдон машинæйыл рахызтысты арæны сæрты æмæ дарддæр цыдысты мидæмæ – нæ республикæмæ.

Арæнхъахъхъæнджытæ федтой фæткхалджыты æмæ сæ цалдæр хатты фæдзæхстой, куынæ æруромой, уæд хæцæнгарзæй кæй спайда кæндзысты, фæлæ сæ фæткхалджытæ ницæмæ дардтой. Уый нæ, фæлæ ма сæ  æлгъыстой æмæ сæм фæрæтæй дæр лæбурдтой. Стæй та бафæлвæрдтой машинæ сыл баскъæрын, афтæмæй тæссаг уавæр сæвзæрын кодтой арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджыты цард æмæ æнæниздзинадæн.

Цæмæй арæнхалджыты æнæ-закъонон архайд æрурæдтаиккой, уый тыххæй уал арæнхъахъхъæнджытæ фыццаг хæцæнгарзæй уæлдæфмæ фехстой, фæлæ гуырдзиæгтæ куынæ састысты, уæд та сын фехстой сæ машинæйы цæлхыты.

Хъыгагæн, фæткхалджытæй иу уæззау цæф фæцис. Экстренон медицинон æххуыс бакæныны тыххæй цæф фæткхалæджы арвыстой Гуырдзыстонмæ, фæлæ фæстæдæр фæзиан, дыккаг фæткхалæджы та æрцахстой.

Ацы инциденты фæдыл Хуссар Ирыстоны компетентон органтæ кусынц.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты куыд банысан кодтой, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн халын ма бауадзыны тыххæй кæд бадзырдтæ уадзынц Гуырдзыстонимæ, уæддæр гуырдзиаг фарс дарддæр провокацитæ аразы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл. Æмæ уымæй карз кæнынц уавæр.

Паддзахадон арæныл ныртæккæ уавæр у стабилон. Гуырдзыстоны æрдыгæй уавæрыл контроль кæнынц пъæлицæйæгтæ.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет, Арæнхъахъхъæнæг управлени æмæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управлени иумæ активонæй кусынц, Гуырдзыстонимæ арæныл цы инцидент æрцыд, уый равзарыны тыххæй, æмбæлон мадзæлттæ уадзынц арæны уавæры режим хъахъхъæныны тыххæй.

 

Хуссар Ирыстон дарддæр дæр закъонон мадзæлттæй хъахъхъæндзæн йæ арæнтæ

 

Республикæйы паддзахадон арæныл фæткхалджыты ахсы-нимæ баст инциденты Хуссар Ирыстон нымайы, Гуырдзыстоны территори Республикæ Хуссар Ирыстоны арæныл кæй фæуд кæны, уыцы реалондзинады  официалон Тбилис кæй нæ нымайы, уый фæстиуæгыл. Уый тыххæй дзырдæуы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты официалон хъусынгæнинаджы.

6 ноябры Ленингоры районы цæрæн пункт Æмдзæринмæ æввахс Гуырдзыстонимæ арæнгæрон территорийыл, арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнхалджыты æруромыныл куы архайдтой, уыцы рæстæджы æрцыд инцидент, кæ-цыйы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны иу æмбæстаджы æрцахстой, иннæ æмбæстаг та фæцæф æмæ фæс-тæдæр фæзиан.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады банысан кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны къухдариуæгад 30 азы дæргъы цы позицийыл хæцынвæнд кæны, уый фæстиуæг вæййынц, Хуссар Ирыстоны территорийыл гуырдзыстойнаг барадхъахъхъæнджыты демонстративон æбæрндзинады фæстиуæгæн æнæзакъонæй февзæрæг Гуырдзыстоны бирæнымæц æмбæстæгты ахсыны факттæ.

«Уæлдæр банысангонд паддзахадон арæны фадыгыл цы инцидент æрцыд, уым 2023 азы ап-релæй фæстæмæ æрцыд паддзахадон арæны фæткхалджыты ахсыны æхсæз цауы. Ацы цауты Гуырдзыстоны минæвæрттæ алыгъуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл æвдисынц, куыд афтæхуыйнæг «æнæзакъонæй аскъæфтытæ». Уый, официалон Тбилисы хъуыдымæ гæсгæ у, гуырдзиæгтæ æхсæнадæмон æмæхсæнадæн тыххæй цы æрымысгæ фæтк хъарынц, уыцы афтæхуыйнæг «Гуырдзыстоны хайы оккупаци», – банысан кодтой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

Ведомсвойы куыд загътой, афтæмæй Хуссар Ирыстон ахæм позици нымайы абсолютонæй контрпродуктивоныл. Уыдон разæнгард кæнынц, æндыгъддзинадмæ цы инциденттæ æркæнынц, ахæмты.

«Хуссар Ирыстон дарддæр дæр развæлгъау исдзæн æппæт закъонон мадзæлттæ йæ суверенон территори æмæ уæлдæфон тыгъдад арæнхалджытæй хъахъхъæныны тыххæй. Ногæй сидæм Тбилисмæ, цæмæй байхъуса паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы тыххæй нæ фæндонмæ. Уый ахъаз уыдзæн арæныл хизыны æмæ транспортон фæрæзты цивилон фæтк бæрæг кæнынæн дæр», – дзырдæуы РХИ-йы æддагполитикон ведомствойы хъусынгæнинаджы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.