Ленингор æмæ Дзауы районты 20-æм августы байгом сты Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункттæ. Уыдон кусынц ныр цалдæр боны. Ацы дыууæ районы цæрджыты номхыгъд Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ бавдыстой дыууæ районы администрациты сæргълæуджытæ. Уыдоныл цыд æмбæлон куыст æмæ уый фæстæ номхыгъдтæ лæвæрд æрцыдысты Арæнгæрон управленимæ. Ныр алы мæй дæр  20-æм бонæй-30-мæ бонмæ, сæрмагонд бары гæххæтмæ гæсгæ, уадзæн пункттæ «Раздæхæн» æмæ «Переу»-ыл сæ бон ахизын уыдзæн ацы дыууæ районы фыст чи у, ахæм æмбæстæгтæн.

Раздæр азты, ома, цалынмæ арæн нæ сæхгæдтой, уæдмæ бары гæххæт лæвæрд цыд æртæ азы æмгъуыдмæ. Ныр куыст цæуы, цæмæй уыцы формат ноджы фæхуымæтæгдæр кæной æмæ лæвæрд æрцуа иухаттон бары гæххæт дæр.

Ленингоры районы администрацийы сæйраг специалист Чысиаты Майя куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ дæр уыдонмæ цæуы бирæ адæм, алчидæр тырны, цæмæй бабæрæг кæна йæ хæстæджыты. «Администрацимæ æрвылбон дæр æрбацæуы бирæ адæм. Мах абоны онг бацæттæ кодтам 700 адæймаджы гæххæттытæ. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды нæ районы депутат Дриаты Зазайæн. Уый зæрдиаг архайд ленингойрæгтæ æнкъарынц æмæ йын аргъ кæнынц. Уæлдай бузныг стæм нæ ног сæргълæууæгæй. Алкæмæдæр лæмбынæг байхъусы, аразæн цæмæн ис, уый бынаты аскъуыддзаг кæны æмæ аздæхынц райгондæй», – зæгъы Чысиан.

Арæнгæрон службæйы хистæры хæстæ æххæстгæнæг Алиханты Валери нын куыд загъта, афтæмæй фыццаг дыууæ суткæ «Раздæхæн» æмæ «Переу»-ы уадзæн пунктыл ахызт 500 адæймаджы бæрц. Фæстаг бонты арæныл хизджыты нымæц бæрæг фæкъаддæр. Арæныл ницы бы-цæутæ æрцæуы. Хисæрмагонд транспортыл Гуырдзыстоны паддзахадон номыртимæ ахизæн ис æрмæстдæр Гуырдзыстоны ‘рдæм. Къухы цы уæз хæсса арæнылхизæг, уый 50 килограмæй фылдæр ма хъуамæ уа.

Арæны сæрты хизджытæй сæ иу Тваури Мзия зæгъы: «Мæ чызг, арæн æхгæд куы æрцыд, уæд ахуыр кодта Гуырдзыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны. Йæ амонд уым ссардта æмæ йын чысыл лæппу дæр райгуырд. Скайпæй аныхас кæнын сиахсимæ, фенын сывæллоны дæр, фæлæ йæ мæ къухмæ никуыма райстон. Ныр æз тынг амондджын дæн мæ хъæбулы хъæбулы мæ хъæбысы кæй æрбатухдзынæн».

Арæныл æрбахизджытæй сæ иу (йæ ном æмæ мыккаг зæгъыныл не сразы) фæлæ йæ хæдзар бæрæггæнæг кæй æрбахызт, уый бамбарын кодта.

Гуырдзыстонмæ чи хызт, уыдонæй иу – Чаладзе Зейнаб та зæгъы, зæгъгæ, цæуы йæхи дохтырæн басгарыны тыххæй. Цалдæр азы размæ, дам, мын Гуырдзыстоны клиникæтæй сæ иуы сарæзтой ахсæны операци. Радон хатт сæм хъуыд басгæрст саразын, фæлæ, дам, уæдмæ фæндаг сæхгæдтой. Ныр кæд æрвылмæй дæр цæуин мæ дохтырмæ.

Социалон хызæгты фæзынд ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цыфæнды хорз хъуыддаджы дæр агурынц хъæнтæ. Иуæй-иутæ куыд фыссынц, афтæмæй арæны бакондыл цæрджытæ иууылдæр нæ фæцин кодтой. Ома, дам, тæссаг у ацы мадзал куы бандава регионы æдасдзинадыл.

Æндæр ленингойраг цæрæг Тамара Меарахъишвили, кæцы йæхи хоны «æхсæнадон активисткæ» «Эхо Кавказа»-йæн интервью дæтгæйæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ленингойрæгтæ тынг тыхсынц райцентрæй сæ «Раздæхæн»-мæ транспорт кæй нæ ласы. Кæд, æцæгæйдæр, ахæм «æхсæнадон активисткæ» у æмæ йæ зæрдæ тынг риссы, уæд хъуамæ зонит, Ленингоры автопаркы кæй нæй æхсæнадон транспорт, кæцы сæрмагондæй куса уадзæн пункт «Раздæхæн»-мæ. Дæсгай адæймæгтимæ фæныхас кодтам мах, журналисттæ, нæ кусæгон балцы рæстæджы Ленингоры районмæ, æмæ сæ иуæй дæр нæ фехъуыстам, уадзæн пунктмæ нæ паддзахадон транспорт цæмæннæ ласы, зæгъгæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.