Цхинвалы паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыдис цытджын æмбырд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 25 азы сæххæсты сæраппонд.

Ведомствойы кусджытæ æмæ ветерантæн раарфæ кæнынмæ ардæм æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, экс-президент Тыбылты Леонид, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы раздæры уӕлвӕткон æмæ æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ æмæ республикæмæ æрцæуæг уазджытæ.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев раарфæ кодта ведомствойы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд æмæ радзырдта йæ сырæзты историйы тыххæй.

«ССР Цæдисы ныппырхы фæстæ Гуырдзыстоны йæ сæр сдардта национализм. Гуырдзиаг æнæформалты бандитон къордтæ стъыгътой æмæ пырх кодтой ирон хъæуты, мардтой сабыр цæрджыты. Кæй амардтой æмæ чи фæцæфтæ сты,  уыдоны нымæц нымад цыдис мингæйттæй. Æмбæрстгонд уыд, ирон адæм кæй уыдысты æххæстæй скуынæг кæныны къæсæрыл, экстренон æмæ адекватон мадзæлттæ куынæ райстæуыдаид, уæд. 1992 азы 28 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Совет райста уынаффæ паддзахадон хицауиуæгады къорд органы саразыны тыххæй, кæцыты нымæцы уыд Ӕдасдзинады министрад дæр. Ног ведомствойы фыццаг къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд фæлтæрд кусæг Тыбылты Леонид», – загъта уый.

Виктор Шаргаев банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Паддзахадон æдасдзинады комитет дзуапп дæтты нырыккон спецслужбæты æппæт домæнтæн дæр, ифтонг у нырыккон техникон ифтонггæрзтæй æмæ хорз цæттæгонд профессионалон кадртæй, кæцытæн сæ бон у хуссарирыстойнаг паддзахады æдасдзинады æппæт тасдзинæдтæн дзуапп радтын.

«Нæ куысты фæстиуджытыл цыбыртæй куы дзурæм, уæд уыдон сты дæсгай теракттæ аиуварс кæнын, статьятæ «шпионаж», «паддзахадон гадзрахатдзинад», «терроризм»-ы фæдыл 30 равзæрст уголовон хъуыддагæй фылдæр,  фæсарæйнаг спецслужбæты агентты уголовон бæрндзинадмæ æркæныны 10 цауæй фылдæр, хæцæнгæрзты æнæзакъонон æрзылдæй сæдæгай иуæджы байсын, паддзахадон арæны сæдæгай халджыты æруромын», – фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ Виктор Шаргаев банысан кодта, зæгъгæ, динамикон æгъдауæй ивæг оперативон уавæрты кæддæриддæр бынат ис Паддзахадон æдасдзинады комитеты архайд хуыздæр кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уый æрдзырдта уæрæсейаг коллегæтимæ сæ иумиаг куыстыл, сæрмагондæй, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй æхсæнведомствæйон базæйон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын, кæцы, Виктор Шаргаевы ныхæстæм гæсгæ, уæрæх фадæттæ байгом кодта æдасдзинады хуссарирыстойнаг органтæн.Дарддæр Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ æмæ ветеранты адресыл арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон æдасдзи-нады комитет йæ сырæзтæй абонмæ æххæст кæны ахсджиаг æмæ бæрнон хæстæ национ æдасдзинад ифтонг кæныны æмæ æддагон æмæ мидæггагон тасдзинæдтæй хъахъхъæныны фæдыл, республикæйы закъондзинад хъахъхъæныны фарстыты эффективон инструмент уæвгæйæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта ведомствойы кусджыты нысаниуæг Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны гарзджын агрессийы азты.

«Уæ профессионализмы руаджы иуварс æрцыдысты терактты æнæхъæн сери, паддзахады разамынад та ифтонг цыдис, Хуссар Ирыстоны алыварс æмæ йæхи мидæг цы процесстæ цыдысты, уыдоны тыххæй æххæст информацийæ. 2008 азы августы ведомствойы оперативон сконд æмæ кусджытæ хайад истой Цхинвалы сæрыл тохты. Уыдонæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты уæлдæр æфсæддон хорзæхтæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент сæрмагондæй банысан кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты куыст 2011 æмæ 2017 азты республикæйы Президенты æвзæрстыты рæстæджы мидполитикон æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл.

«Кæд æмæ бынат уыдис зындзинæдтæ æмæ тасдзинæдтæн, уæддæр уыдонмæ нæ кæсгæйæ, махæн нæ бон ссис гарзджын æмбæстагон ныхмæлæуд аиуварс кæнын. Æмæ уый та махæн сымахимæ у нæ сæйраг уæлахиз. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр намысджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ профессионалон хæс æмæ уый та, æнæдызæрдыгæй, суыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны дидинрафтыдæн ахъазгæнæг», – загъта уый.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбонмæ раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы къухдариуæггæнæг Александр Крикунов. Уый бакаст Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортниковы арфæйы фыстæг.

«Ныр æнусы æмбисы дæргъы нæ бæстæты æдасдзинады органты кусджытæ хъахъхъæнынц кадджын ирон традициты æмæ æнгом æмархайд кæнынц Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады органты интерестæн. Ныфс мæ ис, чи æрбиноныг, нæ ведомствоты уыцы конструктивон æмгуысткæнынад кæй рæздзæн æмæ фидардæр кæндзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты хæрзиуæгæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты æппæт коллективæн мæ цæст уарзы æнтыстытæ бæстæйы æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы, кусджыты æмæ ветеранты бинонты уæнгтæн та – фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад», – дзырдæуы арфæйы фыстæджы.

Цытджын æмбырды кæронбæттæны Президент радта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ йе стыр ба-вæрды, паддзахадон æдасдзинад хъахъхъæныны фæдыл йæ активон архайды æмæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 25 азы сæххæсты сæраппонд Паддзахадон æдасдзинады комитеты фыццаг сæрдар, Республикæ Хуссар Ирыстоны æртыккаг Президент Тыбылты Леонид хорзæхджын æрцыд Кады орденæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинад хъахъхъæныны фæдыл служ-бæйон архайды йе стыр лæггæдты, афтæ ма Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад хъахъхъæныны хъуыддагмæ йе стыр бавæрды тыххæй Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцыд Паддзахадон æдас-дзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.