Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонимæ арæныл гуырдзыстойнаг æмбæстаджы амарыны цау Евроцæдис Уæрæсейы аххосджын кæны политикæ аразгæйæ æмæ мæнгдзинадыл къухдариуæг кæнгæйæ.
Æрæджы Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады службæ фехъусын кодта, зæгъгæ, сæ бæстæйы æмбæстаджы фехстой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, гуырдзиаг хъæу Кирбалимæ æввахс æй æрцахсынмæ куы хъавыдысты, уæд. Фехъусын ма кодтой се ‘мбæстæгтæй иуы æрцахсыны тыххæй дæр.
«Евроцæдисы уыцы позицийы дисы бафтыдта, уымæн æмæ хуссарирыстойнаг фарс цы цæстуынгæ факттæ радта, уыдоны ницæмæ æрдардтой. Иууыл диссагдæр та у, æмæ Брюссель æнæопелляцион æгъдауæй æрцæугæ цау Уæрæсейыл сæвæрынмæ кæй хъавы, уый. Уый у политизацигонд, иуварсон, мæнг аргъкæнынад. Æппæт уыдон æвдисæнтæ сты Европæйаг цæдисы æнæраст митæн», – загъта уый.
Захаровайы ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы организацийы æмсæрдартæй сæ иу уæвгæйæ æнæууæнкдзинад æвзæрын кæны йæ ахæм позицийæ.