Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ нывгæнæг Зассеты Сæрмæты. Фембæлды рæстæджы уыдон паддзахады сæргълæууæгæн фенын кодтой Беслæны трагедийы амæттæгтæн фидæны цырты эскизтæ.

Цырт æвæрд æрцæудзæн нæ горæты центры, Сыгъдæг Æртæиууон аргъуаны фарсмæ.

«Беслæны трагеди у иумиаг æппæт ирон адæмæн. Республикæйы разамонджытæ æрвылаз дæр ацæуынц Беслæнмæ æмæ хайад райсынц фыдохы мадзæлтты. Фæлæ ацы трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ ссарыны фадат хъуамæ уа нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр», – загъта президент.

Культурæйы министр Зæгъойты Рада Беслæны амæттæгты цырт сæвæрын банымадта приоритетондæр хæстæй сæ иуыл, уымæн æмæ фидæн азы Ирыстон нысан кæндзæн ацы æбуалгъ трагедийыл 20 азы сæххæсты бон.

Эскизты автор Зассеты Сæрмæт куыд загъта, афтæмæй йын цасдæрбæрцæй зын уыд ацы темæйыл кусын.

«Уæззау темæ у, хуымæтæджы куыст нæу, уæлдайдæр та йæм психологон цæстæй куы акæсæм, уæд. Мах иууылдæр зонæм, уыцы лæгсырдтæ цы бакодтой, уый. Æмбарæм, иууыл сæйрагдæр кæй уыдис сывæллæтты фервæзын кæнын, нæ зæрдыл дарæм, куыд сæ хъизæмарæй мардтой æнæ донæй. Уый æвдисæг у эскизты варианттæй сæ иу – æгас дунейы цæрæг ирæтты рыст. Цы æртæ мæсыгы дзы ис, уыдонæй иу афаст æрдæгыл æмæ йе скъуыдæй цæуын райдыдта, нæ сывæллæтты афтæ тынг чи хъуыд, уыцы дон», – загъта нывгæнæг.

Президентæн уый лæмбынæг радзырдта йæ идеяты тыххæй. Нырма кæронмæ скъуыддзаг не ‘рцыд, цырт кæйас уыдзæн æмæ цахæм æрмæгæй арæзт æрцæудзæн, уый. Цырт æрмæст Беслæны амæттæгты номарæн нæ уыдзæн, фæлæ «Альфа»-йы къорды службæгæнджытæй чи фæмард, уыдоны номарæн дæр.

Зассеты Сæрмæт банысан кодта, зæгъгæ, цыртыл ныртæккæ кусын куы райдайæм, уæд гæнæн ис æрбалæугæ азы сæрды æмбисмæ арæзт фæуа.

Паддзахады сæргълæууæгæн ма равдыстой Ереды трагедийы амæттæгты цырты эскизтæ æмæ Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгты скульптурæтæ дæр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.