(Кæрон. Райдиан нæ газеты 24 июны номыры)

Абайты Владимир – номдзыд юрист æмæ ахуыргонд, прокуратурæйы органтыл къухдариуæг кæныны фæдыл æм уыд æнæмæнгхъæуæг фæлтæрддзинад æмæ зонæнтæ. Уыд Мæскуыйы паддзахадон университеты юридикон факультеты рауагъдон, каст фæцис аспи-рантурæ. 1925 азæй 1930 азмæ уыд Хуссар Ирыстоны автономон областы прокурор, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг. 1937 азы йæ æрцахстой, æрцыд репрессигонд, фехстой йæ Тбилисы, 11.12.37 азы.

Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы иннæ къухдариуæггæнджытæ – Санахъоты Гаврил, стæй та Гояты Михалы бахъуыд, сæхæдæг дæр кæй амæттаг баисты, уыцы политикон репресситы вазыгджын уавæрты кусыны сæр. Хуссар Ирыстоны хистæр зонадон кусæг Уанеты Владимиры историон-биографион очеркты нысангонд цæуы: «…ам чиныджы ис скъуыддзаг Солженицыны чиныг «Архипелаг Гулаг»-æй: «Центр чекисттæн бахæс кодта, цæмæй æрцахсой æмæ скуынæг кæной 500 буржуазон националисты. Уайтагъд Ирыстонæй райстæуыд куырдиат: махæн 500 цъус у, бафтаут ма сæм 250». Æцæгæй та адæм репрессигонд цыдысты мингæйттæй. Уыдонæй 12 – сылгоймæгтæ. Бадын сæ кодтой афтæ, бынтон æнæаххосæй. Сæхæдæг дæр æй нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Цæвиттон æрхæссæм Санахъоты Гаврилæй. Уый ирон æвзагыл ныффыста географийы ахуыргæнæн чиныг. Стæрхон ын кодтой 10 азы. Йæ цардæмбал куыста мæ мадимæ. Æмæ мын уый радзырдта, куы фембæлдысты, уæд æй уый бафарста: цы дзурынц уым, цæй тыххæй мæ æрцахстой? Уыдон нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Афтæмæй та сæ ахстой уый тыххæй, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ кæй уыдысты. Уæд паддзахады мидæг ахæм репресситæ цыдис алы ран дæр. Фæлæ уыцы репресситæн Гуырдзыстоны уыдис спецификон æууæлтæ. Гуырдзиæгтæ куынæг кодтой, 20-æм азы сæ ныхмæ чи тох кодта, уыцы ирæтты, æмæ кæцытæн сæ бон уыд ирон адæмы бахъахъхъæнын. Æмæ уыдон фактон æгъдауæй скуынæг кодтой ирон интеллигенцийы хуыздæрты…»

Областон прокуроры хæдивæг, Фыц-цаг дунеон хæсты Хъæбатыр Санахъоты Мате рацыд салдатæй офицеры онг фæндаг, уыд Ирыстоны историйы иууыл аккагдæр архайджытæй, стыр авторитет ын уыд куыд Ирыстонæн йæ хуссар хайы, афтæ йæ цæгат хайы дæр. Хæстон фæлтæрддзинад, хисæрмагонд хæрзæгъдаудзинад æмæ йæ хъуыддагыл æнувыд кæй уыд, уый тыххæй йæ уыд бирæнымæц адæмы хорзæх. Йæ цард снывонд кодта Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттыл ныддихтæ кæ-ныны ныхмæ тох кæныны сæрвæлтау, æмæ йæм гуырдзыйы  рдыгæй уыд сæрмагонд æнæуынондзинад. Æрцыд реп-рессигонд.

Ахæм хъысмæт баййæфта Бахъаты Уасил æмæ Гасситы Никъалайы дæр, уыдонмæ цы азымтæ æрхастой, уыдон бирæ дæр ницæмæй хицæн кодтой, се мбæлтты цæмæйты азымджын кодтой, уыдæттæй: уыдонæн дæр – куыд контрреволюцион знагиуæггæнæг организацийы активон хайадисты тыххæй. Репрессигонд чи æрцыд, уыдоны хсæн уыд сылгоймæгтæ-прокурортæ дæр, зæгъæм, Плиты Олгъа, кæцыйы уæхсджытыл уыд æрмæст профессионалон нæ, фæлæ карз хæстон фæлтæрддзинад дæр. Бирæ азтæ батыдта лагерты.

Дарддæр кодта æппæт ахсджиаг бынæтты дæр гуырдзиæгты уромыны хъуыддаг. Фыццаграды сæ хъус æр-дардтой, Ирыстоны баиу кæныны идейæ кæмæ уыд, уыдонмæ. Ирон адæмы аккагдæр минæвæртты исын райдыдтой сæ куысты бынæттæй. Æмæ, фæндзайæм азтæй  суанг æстайæм азты онг областон прокуратурæ-йы æппæты ахсджиагдæр бынæтты куыстой æрмæстдæр этникон гуырдзиæгтæ.

1935 азы Гуырдзыстоны Совнаркомы минæвар Мгалоблишвили йæ бæлвырдгæнæнты тугтæригъæдты бын фæкодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæты, цыма сæ æнæразыдзинад æвдисынц Бериямæ ахасты, цыма Хуссар Ирыстоны «хъыгдарынц», цыма Гуырдзыстон йæ хъус нæ дары адæмон хæдзарады рæзтмæ, сæудæджерадон куыстуæттæ, фæндæгты арæзтадмæ, скъолаты, коммуналон хæдзарады, цæрæнуатон объектты рæзтмæ, цыма бюджетæй то-на кæнынц æмæ афтæ дарддæр. Прокуророн æхсæнады цъус нæ уыд  цæс-гомджын, балхæнæн кæмæн нæ уыд, бархалынад æмæ æнæрæстдзинадыл чи никуы сразы уыдаид, ахæм кусджытæ, кæцытæ æххæстбæрцæй æмбæрстой, цы цæуы, уый, цауты ахæм рæзт цæмæ æркæндзæн, æмæ ирон адæммæ цы тасдзинад æнхъæлмæ кæсы, уыдæттæ…

Областон прокуратурæйы нæ фæндыд политикон терроры хайад исын, æмæ йæ къухдариуæггæнджытæ бахаудтой уæззау уавæры. Гуырдзыстоны хицæуттæ хорз æмбæрстой – Хуссар Ирыстоны прокурортæ цæттæ кæй не сты, уыдонæн пайда чи уа, ахæм уынаффæтæ рахæссынмæ. Ахæм позицийæ разы куыд хъуамæ уыдаиккой мид-хъуыддæгты органтæ – уыдонæн сæ цæстмæ дардтой «адæмы знæгты ныхмæ тохы фæстиуджыты лæмæгъ рæзт» æмæ «классон къæрцхъусдзинад ныццауазын», æмæ уæд фæзындысты мæнг нымыгъдтытæ, сызгъуыммæгонд азымтæ, уголовон хъуыддæгтæ, нырыккон цæстæнгасæй кæсгæйæ бынтондæр æруадзæн кæмæн нæй, ахæмтæ.

Уайтагъд фæзынд цавæрдæр, оперативонæй бацæттæгонд хъуыддаг, кæцы æвдыста националон нысанмæздæхт чи уыд, ахæм мæнг антисоветон «дæластæрдон» куыст раргом кæнын, кæнæ та прокуратурæйы чи рæгъæд кæны, ахæм знагиуæгон ба-дзырды тыххæй. Уæлдай тыхджындæр æмæ дзырддзæугæдæр прокурорты алырдыгæй «цасмæлхъывд» бакодтой. Фæуæлдæр сты æнæ тæрхон ра-хæсгæйæ æфхæрыны системæйы «тæрæзтæ», афтæхуыйнæг «тройкæ» – æнæ тæрхон рахæсгæйæ куынæггæнæн орган, кæцы мæлæты профессионалон скондæй нæ уыд, фæлæ йе сконды уыдысты гуырдзиаг «титулон» нацийы минæвæрттæ. Æмæ уыцы системæ йæ аууон бакодта æрмæст прокуратурæйы нæ, фæлæ тæрхондоны дæр, адвокатурæйыл та дзырд дæр нал цыди.

Æгæрыстæмæй формалон закъондзинад хъахъхъæныны æмвæзадыл дæр, зæгъæм, гæнæн ис дзурæн Джиоты Темболы реабилитацион хъуыддагагмæ гæсгæ дæр, цыран нысан цæуы, цыма йæ фехсыны тыххæй «тройкæ» уынаффæ рахаста 1937 азы 15 августы, афтæмæй та фæдагуырд фæуыны тыххæй суагъæ фыст æрцыд 1937 азы 7 октябры, кæцыйыл йæ къух фыссы Джиоты Тембол. Афтæ цæуы æмæ йæ фехсыны тыххæй уынаффæ рахастæуыд, цалынмæ хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд фæцис, уæдмæ, кæннод та хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд фæуыны тыххæй суагъæ фыст æрцыд Джиойы фырты фехсыны фæстæ йæ мæнг къухфыстимæ.

Æгъатырæй æфхæрд цыдысты тæр-хонгæнджытæ дæр, милицийы кусджытæ, партион æмæ советон кусджытæ, кæцытæ сæ уавæртæм гæсгæ архайдтой куынæггæнæг уæгъдибарады ныхмæ æрлæууыныл, тырныдтой, кæй фæдыл зылдысты, уыцы æмбæстæгтæн исты хуызты баххуыс кæнынмæ. Ахæм хуызы хъуыддæгты фæдыл иууыл арæхдæр пайда кодтой мæлæты тæрхон рахæссыны æфхæрдæй. Хуссар Ирыстонæн репресситы фæстиуджытæ, æцæгæй дæр, уыдысты, йæ бындур ын чи зилын кодта, ахæмтæ.

Дæргъвæтъин рæстæджы дæргъы махæй æмбæхстой рæстдзинад легендарон хъайтарты тыххæй, нæ уагътой Райгуырæн бæстæйы æцæг патриоттæн æмбæлон кад кæнын, архайд-той диссаджы гоймæгты хъысмæт историйæ схафыныл, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ адæмы бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнынæн, ацы проблемæйы фæдыл æрмæджытыл уырзæвзæрстæй  дуæрттæ фидар æхгæдтой. Хуссар Ирыстонæн йæхи мидæг уыцы репресситы тыххæй æрмæджытæй практикон æгъдауæй ницыуал баззад, иууылдæр ласт æрцыдысты Тбилисмæ.

Дыууынæм азты прокурортæ æмæ Хуссар Ирыстоны дыууынæм æнусы райдианы трагикон цауты æндæр хайадисджыты мысинæгтæ, кæцытæ мыхуыры рацыдысты Цхинвалы 1957 æмæ 1960 азы уырыссаг æмæ ирон æвзагыл, лæмæрст æмæ æхсæст æрцыдысты рæстæджы æндæвдадмæ гæсгæ, æмæ сæ геноциды тыххæй дзырд цæуы, æрмæстдæр Ирыстоны советон хицауад расидын чи сорганизаци кодта, уыдонмæ гуырдзиаг меньшевикты классон æнæуынондзинады контексты.

Мах бахъуыд бирæ дæсгай азтæ, цæмæй æппынфæстаг фервæзæм идеологион хæрвæй æмæ райдайæм уыцы стыр адæймæгтæн, Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фыдтæ-бындурæвæрджытæн, Ирыстоны номдзыд фырттæн сæ ном арын, æмæ сæ мысынады раз нæ хæс сæххæстгондыл нæ банымайдзыстæм, цалынмæ кæд-дæры хъуыстгонд нæмттæ, кæцытæ уый бæрц азты дæргъы дзырдтой æрмæстдæр сусæгæй, нæ райдайой хъæрæй хъуысын.

Гуырдзыстоны æхстæрцæуæг номхыгъдтæм гæсгæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдонæй алкæй хъысмæты тыххæй дæр – кæцыты фæстæ ис сæ комкоммæ фæстагæтты дæсгай æмæ сæдæгай трагедитæ: сывæллæттæ, хъæбулы хъæбултæ, уыдоны хъæбултæ, кæцытæ нæ зонынц, кæм сты сæ ингæнтæ, кæм аскъуыд се ввахс адæмы цард… Кæм кæуой сæ мæрдтыл? Кæдæм бахæссой дидинджытæ? Кæдæм бацæуой æмырæй алæууынмæ? Кæм радзурой æрыгæттæн нæ царды трагикон этапты тыххæй?

Репрессигонд чи æрцыд, уыдон тыххæй мысын – уый у фидæныл аудын, уый у нæ табуйаг æмæ хæрзæгъдауон хæс. «Политикон репресситы амæттæгты среабилитаци кæныны тыххæй» 25.06.2003 азы истæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон бар дæтты сæ æмбæстагон бартæ сын сæн-дидзын кæнын, уæгъдибарады æндæр фæстиуджытæ сын аиуварс кæнын æмæ сæ ныры рæстæджы материалон æмæ моралон æфхæрды тыххæй компенсацийæ сифтонг кæнын.

Кæйдæриддæр хъуыддæгтæ сбæрæг сты, уыцы прокурортæ се ‘ппæт дæр реабилитацигонд æрцыдысты фæндзайæм-æхсайæм  азты, фыдракæнддзинад сæм кæй нæ разынд, уый тыххæй, уголовон хъуыддæгтæ æхгæд æмæ урæд æрцыдысты, цаутæ кæнæ сæ фыдракæнддзианæдтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй.

Уыцы адæмæй хъуамæ цæвиттон исой прокуророн кусджыты æрыгон фæлтæр куыд Фыдыбæстæ æмæ раттæг адæмæн æцæг патриотты удуæлдайæ лæггад кæнынады дæнцæг, паддзахадон хъуыдыкæнынад кæмæн уыд, уыдонæй, намыс æмæ бæрндзинад æнкъарæг адæмæй, зондджын æмæ фæндвидар адæмæй. Хъæуы дзурын уыдоны тыххæй, сæ цард æмæ сæ архайды тыххæй, цæмæй Ирыстоны арæнтæн æддейæ дæр зоной, Ирыстон кæй у ахæм стыр лæгты Райгуырæн бæстæ, кæцытæ арæх йæ сæрвæлтау сæ цардæн тасдзинадыл нæ хъуыды кодтой хæстон, æмæ æгæрыстæмæй сабыр дуджы дæр. Уыдонæн сæ ном арын – уый у махæн нæ табуйаг æмæ хæрзæгъдауон хæс. Уый, æцæгæй дæр, хъæуы мæрдты нæ, фæлæ удæгæсты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.