Советон Цæдисы хъайтарты æмæ инæлæртты нымæцæй Ирыстон ис лидеры бынаты. Ирон адæмы хъæбатыр фырттæй сæ радтæг Ирыстоны кад бæрзонд чи систа, уыдонæй иу уыд артиллерийы инæлар-майор Джиоты Къоста. Уымæн йæ цард йемыдзаг уыд алыгъуызон хъæздыг æмæ цымыдисон цаутæй. Ирон хъæбатыр инæлар йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта Фыдыбæстæйæн лæгкад кæныны хъуыддагæн.

Джиоты Къостайы хорзы кой рагæй хъуыстон, фæлæ йæ лæгæй-лæгмæ нæ зыдтон 1982 азы 10-æм ноябры онг.  Уыцы бон ме ‘мкусджытимæ уыдыстæм газет «Хурзæрин»-ы архивы кабинеты, уалынмæ дуар чидæр æрбахоста æмæ мидæмæ æрбакаст бæрзонд, æлвæст, рæсугъд нæлгоймаг. Æнæзонгæ уазæджы ауынгæйæ, мах нæ бынæттæй фестадыстæм æмæ йæ рæдауæй æрбахуыдтам мидæмæ. Нæлгоймаджы цыдæр уац хъуыд раздæры азты газеттæй.

Нæ уазæгимæ иу мыггагæй æмæ иу хъæуккæгтæ кæй разындыстæм (Моргойы хъæуæй рацæугæ у), уымæй дæр зындгонд инæлар, уымæ гæсгæ йыл уæлдай цин фæкодтон, уый дæр нын цыдæртæ радзырдта йæ царды хабæрттæй. Мæ зынгæ æрвадыл уыцы бонæй фæстæмæ никуыуал сæмбæлдтæн.

Фидæны инæлар райгуырд 1916 азы декабры мæйы Дзауы районы Моргойы хъæуы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Дыууæ азы фæстæ Къостайы фыд æмæ йæ дыууæ æфсымæры сæ бинонтимæ хуыздæр цардагур ралыгъдысты Знауыры районы Иончайы хъæумæ. Джиоты Иван æмæ йæ цардæмбал Софияйæн уыд фондз лæппу æмæ цыппар чызджы. Куыстуарзаг ныййарджытæ сæ цотæн дæр бауарзын кодтой фæллой кæнын. Къостайы 12-аздзыдæй йæ фыд сахуыр кодта цæвæгæй кæрдын. Райдиан скъола лæппу каст фæцис хъæуы, æмæ 1930 бацыд Цхинвалы фæллойы скъоламæ. Дыууæ азы фæстæ Къостайы йæ хистæр æфсымæр Васили йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй акодта Ростов-на Дону-мæ. Æвзонг лæппу ацыд Уæрæсемæ уырыссагау цалдæр ныхасы йедтæмæ нæ зыдта, афтæмæй. Уымæ гæсгæ йын райдианы зын уыд университеты цур рабфакы ахуыр кæнын, фæлæ æвзыгъд лæппу тынг тагъд базыдта уырыссаг æвзаг æмæ 1935 азы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис йæ ахуыр. Æрæздæхт йæ Райгуырæн бæстæмæ æмæ кусын райдыдта Зиулеты астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Æртæ азы фæстæ йæ ракодтой Знауыры районы финансон хайады хистæрæй, æмæ иу азы фæстæ та ссис Хуссар Ирыстоны партийы обкомы инструктор.

1940 азы йæм ацы бынаты кусгæйæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уæдмæ уый æркодта бинонтæ, фæзынд ын сывæллæттæ дæр.  1941 азы июны Джиойы фырт каст фæцис политкъухдариуæггæнджы зылдон курсытæ æмæ нысан æрцыд Фæскавказы Æфсæддон зылды уæлдæфхъахъхъæнæг æфсæдты 415-æм  зенитон-артиллерион полчы батарейы политкъухдариуæггæнджы бынаты. Уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, æмæ Джиоты лæппу дæр йæхи куырдиатмæ гæсгæ ацыд хæстмæ. Снысан æй кодтой 9-æм æхсæг полчы политикон хайады сæргълæууæгæй, ацы полк хæцыд горæт Орджоникидзейы цур. Цæгат Кавказы советон æфсæдты къорды раз æвæрд æрцыд хæслæвæрд, цæмæй куыдфæндыйæ дæр æруромой знаджы дарддæры цыд, Кавказы фашистон емынæй асыгъдæг кæнгæйæ. Ацы къорд фæтыхджындæр кæныны тыххæй арæзт æрцыд 9-æм корпус, кæцыйы сконды Джиоты Къоста хæцыд  1943 азы кæронмæ. 9-æм æхсæг корпус хъахъхъæдта горæт Орджоникидзе æмæ йæ бацæуæнтæ. Знаг куыдфæндыйæ дæр архайдта горæт бацахсыныл æмæ уым æрæмбырд кодта стыр тыхтæ. 1942 азы ноябры райдианы хъахъхъæнынад атонгæйæ, ахызт горæтгæронмæ, Джызæлы хъæу бацахсгæйæ. Фæлæ тагъд рæстæджы советон æфсæдты æмæ адæмон бархионты тыхджын цæфы фæстæ гитлерон æфсæдтæ æрлæууыдысты. Советон хæстонтæ  фондз бонæй фылдæр мæлæтдзаг тох кодтой Цæгат Ирыстоны столицæйы цур. Петр Барбашов йæ буарæй бамбæрзта знаджы дзоты амбразурæ (сармадзаны уадзæн мæсыг). Йæ амæлæты фæстæ уымæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном æмæ йын цырт æвæрд æрцыд Джызæлы хъæуы. Тыхджын архайдтыты, уды зиæнтты  аргъæй æмæ контрабырстыты фæстиуæгæн знаг æппæрст æрцыд Цæгат Кавказæй.

Фæскомцæдисон раздзог уæвгæйæ, Джиойы фырт алыхатт дæр уыд салдатты ‘хсæн æмæ сæ йæхи цæвиттонæй разæнгард кодта знаджы ныхмæ хъæбатыр тохмæ. 1943 азы райдианы фашисттæй ссæрибар кодтой горæт Мæздæджы. 44-æм армийы командæгæнæг инæлар-майор Мельник банысан кодта 9-æм æхсæг полчы стыр нысаниуæджы тыххæй ныхмæлæууæджы къорды скуынæг кæныны хъуыддаджы. Йæ бардзырдмæ гæсгæ, корпус хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй, æмæ йæ хуыдтой Сырхтырысаджын. Советон æфсæдты æнтыстытæм йе стыр хайбаврæд бахаста не ‘мзæххон 25-аздзыд лæппу дæр. «Æппæт размæабырстыты тохты дæр политкъухдариуæггæнджытæ цыдысты раззагон рæнхъыты æмæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады хисæрмагонд цæвиттонæй сæ фæстæ кодтой дæлхайы сæрмагонд сконды. Политхайады корпусы хистæры æххуысгæнæг, хистæр лейтенант Джиоты Къоста йæ хъæбатырдзинадæй разæнгард кодта салдатты знаджы ныхмæ тохмæ», – фыста командæкæнынад.

Ирон афицер йæ зæрдыл уæлдай тынгдæр бадардта 1943 азы Ангелинскийы хуторы цур цы карз тохтæ цыдис, уыдоны. Фашисттæ ацы хуторы сарæзтой æцæг фидар: алы хæдзары дæр дзы уыд дзоты хуызæн. Знæгтæ сæ сармадзæнтæ æмæ минæзгъæлтæ сæвæрдтой хæдзæртты уæлхæдзæртты, ныккæндты. 9-æм фистæг корпусы 43-æм фистæг бригады дæлхæйттæ хуторы цурмæ куы бацыдысты, уæд сыл знæгтæ нæмыг нызгъæлстой æмæ советон æфсæдæтæ бахудтой уæззау уавæры. Æхсæвы Джиоты Къостамæ фæсидтис корпусы командир, Советон Цæдисы хъайтар Рослый æмæ йын бардзырд радта, цæмæй æмбæлон фæткмæ æркæна йе ‘фсæддон хæйтты, æмæ сæ райсомæй сразæнгард кæна размæбырстмæ. Джиойы фырт йæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй хæстонты разæнгард кодта знаджы сæрсæттæн цæф ныккæнынмæ. Дыккаг райсом нæ сармадзантæ, минæзгъалтæ æмæ нæмыгзгъалтæ знагыл æнæнхъæлæджы нызгъæлстой нæмыг, райхъуыст хæстонты «ура» æмæ знаг фæстæмæ лидзинаг фæцис.

Ангелинскийы хуторы цур тохы хъæппæрис, ныфсхастдзинад æмæ фæндвидардзинад равдисыны тыххæй Джиойы фырт хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Дарддæр не ‘мзæххон хайад иста станицæ Джерлиевскаяйы ссæрибар кæныны тохты, афтæ  ма цæугæдæттæ Кубань æмæ Курнойы тохты дæр. Хуссар фронты фæтыхджындæр кæныны тыххæй командæкæнынад аскъуыддзаг кодта уырдæм æндæр баиугæндты нымæцы 9-æм æхсæг полчы дæр бакæнын. Сæ разы æвæрд уыд хæслæвæрд Сталинойы (Донецк) ссæрибар кæнын. Æртæ суткæйы дæргъы  æнæрлæугæ тохты фæстиуæгæн сæрибар æрцыд ацы горæт. Изæры Мæскуы салют радта Донбассы ссæрибаргæнджыты цытæн. Уый фæстæ корпус йæ фæндаг акодта Днепрмæ. 1943 азы 26-æм октябры 36 боны фæстæ опреаци фæцис æмæ Днепрмæ фæндаг байгом.

1943 азы ноябры командæкæнынады бардзырдмæ гæсгæ, Джиоты Къоста æрвыст æрцыд Мæскуымæ политсоветы 10-мæйон курсытæм. Курсыты фæстæ 1944 азы октябры нысан æрцыд 26-æм гвардион бригадæйы политхайады хистæры хæдивæгæй, цыран службæ кодта 1947 азы онг. Прибалтикæйы æнтыстджын хæстон архайдтыты æмæ Балтийы денджызы донбылгæрæттæм фыццæгты нымæцы рахизыны тыххæй 26-æм гвардион бригадæ хорзæхджын æрцыд Суворовы ордены II-аг къæпхæнæй.

Джиоты Къостайæн кæд хæст фæцис, уæддæр æфсады йе службæ адарддæр кодта. 1947 азы Къоста бацыд æфсæддон-политикон академимæ. Конкурс уыд стыр, фæлæ уый æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ. Академи тынг хорз нысæнттыл каст кæй фæцис, уымæ гæсгæ йæ ном хаст æрцыд мраморон фæйнæгмæ. Академийы фæстæ Джиойы фырты бафæндыд йе службæ адарддæр кæнын Ирыстонмæ æввахс, нысан æрцыд Бакуйаг зылды 50-æм зенитон-артиллерион дивизийы командиры хæдивæгæй, уый фæстæ та – бæстæйы уæлдæфхъахъхъæнæг æфсæдты 50-æм дивизийы политхайады хистæрæй. 1956 азы та Къоста æрвыст æрцыд Ленинграды æфсæддон зылды ахуыры центры политхайады хистæрæй. Уый фæстæ та нысан æрцыд Дард Хурскæсæны æфсæддон зылды баиугæндтæй сæ иуы политхайады хистæрæй æмæ дзы баслужбæ кодта аст азы. «Дард Хурскæсæны службæйы азтæ сты ме ‘фсæддон царды иууыл хуыздæр азтæ. Ам мæнæн саккаг кодтой Советон Цæдисы  артиллерийы инæлар-майоры кадджын ном», – дзырдта-иу уый.

1968 азы раконд æрцыд Мæскуыйы цур Кубинкийы районмæ бæстæйы  уæлдæфхъахъхъæнæг æфсæдты ахуыры центры политхайады хистæрæй, цыран баслужбæ кодта 1975 азы июлы мæйы онг. Ам фæцис йе службæ дæр, цы æмгъуыд æм æмбæлд, уыцы рæстæг баслужбæ кæнгæйæ. Инæлар-булкъон Иван Халипов æй схорзæхджын кодта «За безупречную службу в Советской Армии»-йы орденæй.

Отставкæйы ацæуыны фæстæ Къоста йæ цардæмбалимæ æрцард йæ райгуырæн хъæу Иончайы. Йæ фыдыæфсымæры лæппу Роман куыд загъта, афтæмæй уæд нырма йæ ныййарджытæ дæр удæгас уыдысты. «Къоста скъуыддзаг кодта хъæуы фарстатæ. Йæ активон хайадистæй 1976 азы арæзт æрцыд донæмбырдгæнæн, æмæ сыгъдæг суадоны донæй пайда кодтой хъæуы цæрджытæ. Уый фæстæ та райдыдта 3,5 километры фæндаджы арæзтад Гобозтыхъæуæй Иончамæ. Уыцы аз фæззæджы автобус цæуын райдыдта хæххон хъæумæ. Инæлар-майор активон хайад иста æхсæнадон мадзæлтты, 12 азы дæргъы уыд фæсивæды æфсæддон-патриотикон хъомылады фæдыл областон комитеты сæрдар. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд Иончайы хъæуæй Cтыр Фыдыбæстæйон хæстæй цы 21 зынгхуыст хæстон нал æрæздæхтысты, уыдонæн цырт. Фæлæ йын йæ сабыр цард ныр та гуырдзиаг тыхæйисджытæ фехæлдтой. Хъæумæ гуырдзиæгтæ куы æрбабырстой, уыцы рæстæджы Къоста уыд Мæскуыйы æмæ йын йæ хæдзарæй ахастой йæ исад, йæ дыууæуæладзыгон хæдзар ын спырх кодтой. Мæскуыйы дæр иуран нæ бадт, бæстæйы къухдариугадмæ цалдæр хатты бахатыд Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныны тыххæй», – радзырдта нын Джиоты Раман.

Джиоты Къоста ма хорзæхджын уыд Фыдыбæстæйон хæсты I-аг къæпхæны, «Советон Цæдисы Гарзджын тыхты службæ кæныны тыххæй» III-аг къæпхæны ордентæй, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй, 17 майданæй. Уый ма уыд РХИ-йы Кады ордены кавалер дæр. Джиойы фырт ныффыста цалдæр чиныджы. Уыдонæй иуы –  «Ныхас фидæны салдаттимæ»-йы дзуры йæ æвзонджы бонты тыххæй. Ацы чиныг бакæсгæйæ, æвзонг адæймаг бирæ хорздзинæдтыл сахуыр уыдзæн. Тынг арæхст ныв кæнынмæ, ныв кодта хъæдыл, нывтæ арæзта хъæмпы хæлттæй дæр.

Джиоты Къоста йæ фæстæ ныууагъта хорз кæстæртæ, йæ фырт Джиоты Феликс у медицинон зондæты доктор, профессор, йæ чызг Галинæ та – медицинон службæйы майор. Йæ кадджын фыдæй сæрыстыр сты йæ дыууæ хъæбулы, уыдоны хъæбултæ. Йæ фырт Феликсимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, уымæ тынг æхсызгон уыд йæ фыды сгуыхтдзинæдты тыххæй йын кæй нæ рох кæнынц адæм, уый.

Хъæбатыр инæлар-майоры зæрдæ йæ кусынæй æрлæууыд 2011 азы Мæскуыйы 95-аздзыдæй. Йæ фæстаг фæндагыл æй афæндараст кодтой стыр кадимæ. Хъæбатыр инæларæн йæ ном рох никуы уыдзæн. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.