Фæсауæрцы чи ис, уыцы æмбæстæгты 2019 азы хæстон æмбырдгæндтæм æрсидыны тыххæй

«Хъахъхъæнынады тыххæй» 2009 азы 27 июлы æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны мобилизацион цæттæкæнынад æмæ мобилизацийы тыххæй» 2000 азы 5 апрелы закъæттæм гæсгæ, мобилизацийы æмæ хæстон рæстæджыты æмбæстæгты архайд сбæрæг кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

1. 2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй ауадза РХИ-йы фæсауæрцы уæвæг æмбæстæгтæн хæстон æмбырдгæндтæ, ахæм гуырахсты, РХИ-йы Гарзджын тыхты хæстон комлектацийæн æнæмæнгхъуæг чи у.

2. Хæстон æмбырдгæндтæ уагъд æрцæуæнт ахæм æмгъуыд æмæ гуырахсты, кæцы бæрæг кæны РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад.

3. РХИ-йы Хицауад æмæ РХИ-йы паддзахадон хицауады æндæр органтæ сифтонг кæнæнт уыцы мадзæлтты æххæсткæнынад, кæцы баст у РХИ-йы фæсауæрцы уæвæг æмбæстæгты æрсидтимæ, хæстон æмбырдгæндтæ рацæуын æмæ уыцы æмбырдгæндтæ  ауадзыны нысанæн.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,

 2019 азы 5 июль

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Биазырты Роланды тыххæй

1. Биазырты Роланд Данелы фырт сæрибар æрцæуæд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы бынатæй.

2.  Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,

 2019 азы 5 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы тыххæй

1. Гæбæраты Юри Константины фырт нысан æрцæуд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй.

2.  Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,

2019 азы 5 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.