КУСЫНЦ ÆНÆКЪУЫЛЫМПЫЙÆ

Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, раздæры профтехахуыргæнæндоны бынаты цы дыууæ бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуы, уым райсомы 8 сахатæй изæры æхсæз сахатмæ æнæрынцойæ фехъуысы кусджыты æмæ сæ техникæйы хъæлæба.

Ам кæронмæ бахæццæ сты бындурæвæрæн куыстытæ æмæ рæхджы æрывналдзысты арæзтадæн йæ каркас аразынмæ. Уыцы иурæстæджы бындурæвæрæн куыстытæ цæуы дыккаг цæрæн корпусæн дæр.

Æппæт ацы куыстытæ æххæст кæны подрядон организаци «СТМ-Юг».

Ацы корпусты арæзтадмæ æрывнæлдтой ацы азы райдианæй. Арæзтадон æрмæджытæ æмæ техникæйæ сты ифтонг. Æдæппæт дзы кусы 28 кусæджы бæрц. Объект арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 2019 азы кæрон.

 

ХÆРЗАРÆЗТ ÆРЦÆУДЗÆН

КОЦТЫ ГРИЙЫ УЫНГ ДÆР

Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм æрывнæлдтой Коцты Грийы уынджы. Ацы уынг арæзт цæуы 2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр, фаццаг рады куыстытæм æрывнæлдтой «Водоканал»-ы кусджытæ. Ацы уынджы дæр коммуникацион хæххытæ ивд никуы уыдысты, æмæ  дзы арæх уыд аваритæ. Ныр кусджытæ ивынц канализацион хæххытæ, уый фæстæ æрывналдзысты до-ны хæтæлты арæзтадмæ. Уыдæттæ баконд куы æр-цæуой, уæд та ивд æрцæудзысты газы хæтæлтæ. Кусджытæ ифтонг сты техникæйæ, æппæт куыстытæ дæр цæуынц развæлгъау планмæ гæсгæ. Дарддæр асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ бакæндзæнис «Дорэкспострой».

 

БЫНДУР ÆВÆРД ÆРЦЫД

САБИТЫ РÆВДАУÆНДОНÆН

Бындурæвæрæн куыстытæм æрæвнæлдтой нæ горæты Вокзалгæрон уынджы сабитæн цы рæвдауæндон арæзт цæуы, уым. Ацы бынаты раздæр дæр арæзт уыдис сывæллæтты цæхæрадон. Фæлæ  ууыл дæр дуг йæ дæрзæг арм æрæвæрдта. Хæсты фæстиуæгæн ныппырх, ныххæлæттаг æмæ хъæдхъиутæй лæууыд уæдæй абоны онг. Ныр æм къуырийы размæ æрыв-нæлдтой аразынмæ. Уый дæр арæзт цæуы 2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Арæзтады прораб Замир Хамурзов куыд загъта, афтæмæй арæзт æрцæудзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ, сабитæн дзы уыдзæн æппæт уавæртæ дæр. Эксплуатацимæ та лæвæрд æрцæудзæн ацы азы кæрон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.