КУСЫНЦ УЛÆФТБОНТЫ ДÆР

Кусæг лæгæн улæфтбонтæ йæ фæллад суадзыны тыххæй кæд æнæмæнгхъæуæг сты, уæддæр уыцы бонтæй нæ пайда кæнынц «Дорэкспострой»-йы кусджытæ. Кусынц сабат, хуыцаубонты дæр. Сæ куыст та райдайынц сæумæрайсомæй æмæ нæ банымæг вæййы суанг изæрдалынгтæм. Тындзынц кусджытæ, уымæн æмæ нæ горæты ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы уынгтæ арæзт цæуынц, уыдон хъуамæ арæзт фæуой банысангонд æмгъуыдтæм. Æмæ сæ куыстæн ис хорз фæстиуæг. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн – адæм сæхæдæг. «Дорэкспострой»-йы кусджытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй  хæрзарæзт уынгтæй цæрджыты зæрдæ рухс кæна. Уалдзæджы æрбалæудæй фæстæмæ банысангонд коллектив иу бон дæр дзæгъæлы нæ сафы, уымæ гæсгæ йын дзæвгар куыстытæ сæххæст кæнын бантыст. Хуыцаубоны та уыдон асфальты фыццаг фæлтæр æвæрдтой нæ горæты Руставелийы уынджы.

НОГ БРОНКАЛÆН АСЫЧЧЫТÆ, НОГ ТЕХНИКÆ

Бонæй-бонмæ нæ горæт рæсугъдæй-рæсугъддæр, сыгъдæй-сыгъдæгдæр кæй кæны, раздæрау брæтты обæуттæ алы рæтты пырхытæй фенæн кæй нал вæййы, уый бирæбæрцæй баст у нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытыл. Уыдон æрвылбон дæр сæумæрайсомæй разилынц нæ горæты уынгты æмæ рæстæгыл аласынц, æмбæлон бынæтты цы брæтты егъау асыччытæ æвæрд сты, уыдоны брон. Арæх сты, нæ горæты уынгты, скверты, фæзуæтты цы чысыл бронкалæн асыччытæ æвæрд сты, уыдон дæр. Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æрзилынц уыдоныл дæр æмæ сæ ссыгъдæг кæнынц рæстæгыл. Æппæт уыдæттæ домынц бирæ куыст.

Хорз хъуыддаг уыд, горæты егъау бронкалæн асыччыты кæй баивтой ногтæй, уый. Уыдонæн сæ сæртæ сты æхгæд æмæ сæм ныр нал ныббырдзысты дзæгъæл куыйтæ æмæ брæтты нал ныппырх кæндзысты уынгты.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæн сæ куыст бирæ фæрæвдздæр ис, цы 5 иуæджы ног техникæ балхæдтой, уыдоны руаджы дæр. Уыдонæй 3 сты стыр уæзласæн машинæтæ æмæ 2 та – трактортæ. Комбинаты кусджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæм цы техникæ уыд, уыдон базæронд сты æмæ уый аххосæй арæх хæлдысты. Ныр ног техникæйы фæрцы ноджы фæрæвдздæр ис сæ куыст.

 

РÆСУГЪД КÆНЫНЦ ДЕКОРАТИВОН БÆЛÆСТЫ

Нæ горæты рæсугъд кæныныл архайынц горæты администрацийы цъæхдарæнты хайады кусджытæ дæр. Уыдон уалдзæджы æрбалæудæй суанг зымæджы æрбалæудмæ сæ хъус фæдарынц, нæ горæты фæзуæтты, скверты цы дидинджытæ æмæ цъæхдарæнтæ, декоративон бæлæстæ ныссадзынц, уыдонмæ æмæ сæм фæзилынц суанг миты æруардмæ. Ацы бонты дæр та срæсугъд кодтой æмæ бахсæстой, Тугъанты Махарбеджы уынджы газонтыл цы декоративон къутæртæ æмæ бæлæстæ ис, уыдон. Кусджытæ ма æркарстой централон фæндагмæ æввахс газонты хус кæрдæг дæр. Уырдыгæй та ахиздзысты æндæр уынгтæм æмæ фæткмæ æркæндзысты, уым цы декоративон къутæртæ ис, уыдоны дæр.

Раппæлыны аккаг сты, хисæрмагонд хæдзæртты раз алыгъуызон дидинджытæй чи срæсугъд кодта, уыцы цæрджытæ дæр. Сæрдыгон сæрддæргъы, уыдон æхцондзинад хастой, чи сæ ныссагъта канд уыдонæн нæ, фæлæ ма сæ рæзты дыууæрдæм чи цыдис, уыдонæн дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хæрззылд тротуартæ хисæрмагонд хæдзæртты раз фылдæрæй фылдæр кæй кæнынц.

 

БАНЫСАН КОДТОЙ ЗЫНДГОНД ФЫССÆДЖЫ ЮБИЛЕЙ

Ирон æмæ уырыссаг адæмты æхсæн фыдæлтæй фæстæмæ хæларадон ахастытæ кæй ис, уымæ гæсгæ нæ адæмæн зынаргъ у уырыссаг литературæ æмæ аивад. Уымæн æвдисæн, зындгонд уырыссаг гоймæгты юбилейтæ кæй банысан кæнынц нæ адæм дæр, уый.

Ныр дæр та стыр уырыссаг фыссæг Иван Тургеневы райгуырдыл 200 азы кæй сæххæст, уый охыл нæ горæты Анахарсисы номыл библиотекæйы ауагъд æрцыд сфæлдыстадон изæр.

Поэт, публицист, драматург æмæ тæлмацгæнæг Иван Тургеневы номыл мадзалы бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд уыцы бон. Сæ раныхæсты докладгæнджытæ дзырдтой фыссæджы сфæлдыстадыл, уырыссаг литературæмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй.

Мадзал сорганизаци  кодтой Уæрæсейы зонад æмæ культурæйы центр æмæ нæ республикæйы ахуырады министрад. Активон хайад дзы райстой нæ республикæйы иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цалынмæ Тургеневы тыххæй сфæлдыстадон мадзал ауагъд не ‘рцыд, уæдмæ стыр фыссæджы уацмыстæ хуыздæр равдисыны тыххæй иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгты ‘хсæн ауагъд æрцыд конкурс ахæм номинацитæм гæсгæ: Иван Сергейы фырт Тургеневы сфæлдыстад, æрдз Тургеневы сфæлдыстады, Иван Тургеневы номыл музейтæ.

Конкурсы уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыдысты дипломтæ, лæвæрттæ æмæ сертификаттæ.

 

ХУЫЗДÆРÆЙ-ХУЫЗДÆР КÆНДЗЫСТЫ СÆ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ

Æрæджы нæ республикæйы ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй Уæрæсейæ æрцæугæ специалисттæ ауагътой мастер-кълæстæ. Уый фæстæ та сын бакастысты лекцитæ æндæр æмæ æндæр предметтæй. Уыдон ныр фæндзæм хатт æрцыдысты нæ горæты ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæргæнæн институтмæ æмæ сæ фæл-тæрддзинад, сæ зонындзинæдтæ рæдауæй амыдтой нæ республикæйы ахуыргæнджытæн. Ныр та ахуыр-гæнджытæн мастер-кълæстæ ауадзыны тыххæй æрцыдысты Цæгат Кавказы Федералон университеты специалисттæ, уыдон æхсæн ис профессортæ, доценттæ. Йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй уырдæм цы ахуыргæнджытæ цæуынц байхъусынмæ, уыдонæн цымыдисон сты ацы мастер-кълæстæ, уадзынц сæ диалоджы хуызы æмæ сын алцы дæр вæййы æмбæрстгонд. Мастер-кълæстæ уагъд цæуынц цыппар боны дæргъы. Ахуыргæнджытæ кæд лекцитæм байхъусынмæ уроктæ ауадзыны фæстæ фæл-ладæй æрбацæуынц, уæддæр æмбарынц ацы хъуыддаджы ахсджиагдзинад, базонынц бирæ ногдзинæдтæ, уроктæ хуыздæр амоныны сусæгдзинæдтæ.

Ахуыргæнджытæн сæ зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæныны тыххæй ардæм, бынатмæ кæй æрхонынц специалистты, уый та бирæбæрцæй аразы ахуыргæнджыты къух, уымæн æмæ дзы алкæмæн фадат нæй республикæйæ æддæмæ ацæуынæн.

Сæ квалификаци фæбæрзонддæр кодтой 29 ахуыр-гæнæджы æмæ баззадысты райгондæй.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.