Раздæр мæм афтæ каст, цыма, мæлæтæй тыхджындæр ницы ис. Уый бирæ цардбæллон удтæ аскъæфы, нæ сæ æвзары зæронд æмæ æвзонгæй. Фæлæ нæ республикон рынчындоны кусгæйæ, мæн фидарæй бауырныдта, Кокойты Маирбег мæлæтæй тыхджындæр кæй у, уый. Уымæн æмæ бирæ рынчынты байста мæлæты дзыхæй. Йе ‘нкъараг æнгуылдзтæ, зæгъæн ис, æмæ никуы рæдийынц операци кæнгæйæ. Уымæн æм баппарынц тыхст рынчынтæ сæхи, уымæн æй æрцагурынц.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ йæ адæмæн дохтыр-хирург Кокойты Маирбегæн. Уый, æцæгæйдæр, у Хуыцауæй ратгæ дохтыр æмæ йæ рынчынты дзæбæх кæны, канд йæ зонындзинæдты, йæ арæхстдзинады руаджы нæ, фæлæ ма сæ тавы йæ зæрдæйы хъармæй, йæ хъарм ныхасæй. Чи сæ банымайдзæнис, Маирбег цал æмæ цал рынчыны байста мæлæты дзыхæй. Уымæн бацæуы уæззау рынчынты дæр царды ныфс.

Маирбегæн ахæм ахаст кæй ис рынчынтæм, уымæ гæсгæ йын уыдон дæр дзуапп дæттынц ахæм уарзтæй. Æууæндынц ыл, æмæ уыимæ æууæндынц, кæй сынæниз уыдзысты, ууыл дæр. Æрмæст йæ фæлмæн бакаст дæр ныфс уадзы рынчынты æмæ йæм цæуынц алы низты тыххæй дæр цавæрдæр ныфсимæ.

Йæ рынчын куынæ вæййы, уæддæр сын сабырæй бамбарын кæны, æндæр дохтырмæ йæ бацæуын кæй хъæуы. Æз лæмбынæг фæдарын мæ хъус йæ архайдмæ, йæ ахаст адæммæ куыд у, уымæ æмæ, æрцæуын ахæм хъуыдымæ: тæхудиаг куыннæ у ахæм адæймаг, йæ адæммæ уарзондзинад йæ зæрдæйы цырагъау кæмæн фæсудзы, æппæт йæ тыхтæ, зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад йæ къух кæмæн аразынц, æмæ сæ æнæвгъауæй йæ адæмæн чи дæдты. Уый нæ, фæлæ ма царвау йæ адæмыл батайынмæ дæр цæттæ у.

Æнувыд у йæ дæсныйадыл дохтыр-хирург Кокойты Маирбег æмæ йæм ацы хъуыд-даджы дæр ис батæхуды кæнæн. Æмæ уæд фæзæгъын: тæхудиаг куыннæ у ахæм адæймаг, йæ зæрдæмæ æввахс чи лæууы, ахæм куыстыл хæст чи у, æрвылрайсом дæр æм райзæрдæйæ чи фæтындзы, æмæ изæрæй та фæлладæй, фæлæ йæхицæй буц æмæ разыйæ чи рацæуы йæ куыстæй.

Ахæм у Маирбег. Уый æдзух ис рынчындоны, рынчынтимæ. Цæры йæ рынчынты цинтæ æмæ хъыгтæй.

Бирæ нæм ис, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм дохтыртæ, фæлæ Маирбег хицæн кæны йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй, йе стыр арæхстдзинадæй. Йæ рынчынтæм та афтæ кæсы, цыма, æнæ апаратурæйæ дæр рафæлгъауы, цы низ сæ тыхсын кæны, уый. Æмæ нæ рæдийынц рынчынтæ. Маирбегæн ахæм курдиат лæвæрд у æрдзæй. Хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма уымæ ис цыдæр æнæуынгæ тых. Йæ иу фендæй дæр рынчын æрсабыр вæййы æмæ йæ уавæр фæхуыздæр вæййы. Диссаг у йæ куыстуарзондзинад дæр. Операцион стъолы уæлхъус ма уæт, уый йедтæмæ йæ кусæн кабинеты раз æдзух радтæ вæййы. Ничи хъуыды кæны ахæм цау, Маирбег диагноз сæвæра æмæ фæрæдийа, кæнæ æмбæлон хъусдард ма аздаха рынчынмæ. Æмæ ма йæм ноджыдæр ис, адæймаджы тынгдæр чи рæсугъд кæны, ахæм хорз миниуæг. Нæу, йæхиуыл æмæ йæ зонындзинæдтыл чи феввæрса, ахæм адæймаг. У хуымæтæг, нæ хицæн кæны мæгуыр, хъæздыг адæймæгты, алкæмæ дæр йæ ахаст у иугъуызон.

Маирбег канд рынчынты стыр ныфс нæу, фæлæ ма йæ дæлбаруæвæг кусджыты ныфс дæр. Уымæн уæлдайаг не сты  йе ‘мкусджыты царды уавæртæ дæр. Уый æз банкъардтон мæхиуыл. Кæд иу бакастæй мадзура зыны, уæддæр афтæ нæу. Æнкъардæй дæ куы фена, уæд æнæмæнг бацымыдис кæн-дзæнис, кæд, мыййаг, истæуыл тыхсыс, зæгъгæ. Æмæ, гæнæн уæвгæйæ, де ‘нцой балæудзæнис, дæ хъуыддаг дын сараздзæнис. Ахæм хистæримæ кусын æз мæхицæн амондыл нымайын.

Маирбегæн йæ цæсгомыл цы нуæс ис, уымæ фыццаг хатт куы фæкомкоммæ дæн, уæд мæхимид ахъуыды кодтон, цымæ йыл цæй  аххосæй баззад? Уый йæ фыдуынд нæ, фæлæ йын, цыма, рæсугъддæр кæны йæ цæсгом, афтæ мæм фæкæсы. Æцæгæй та, чысылæй хъазгæ-хъазын йæ ных куынæ аскъуыдтаид, уæд дохтыр суæвын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис. Дохтыры рæвдаугæ ныхас æмæ йæ аудгæ ахастæй æппæт дæр скъуыддзаг æрцыд – 6 аздзыд сабийæ сфæнд кодта дохтыр суæвын æмæ рынчын, тыхст адæмæн æххуыс кæнын. Царды диссаджы хъысмæттæ ис, хорз у æмæ афтæ рауад, æндæра абон чизоны Маирбег дохтыр не суыдаид æмæ йæ адæмæн ахæм ныфс нæ уаид.

Цымæ дохтыр куыннæ суыдаид, æндæр дæсныйад куы райстаид Маирбег, уæддæр афтæ æнувыд уыдаид йæ дæсныйадыл? Æвæццæгæн. Уымæн æмæ йæ афтæ хъомыл кодтой йæ ныййарджытæ, куыстуарзондзинад æмæ адæммæ уарзондзинадыл. Адæмимæ хъæрмуд цард кæнынц йæ ный-йарджытæ сæхæдæг дæр. Иудзырдæй хæрзчысылæй, цумахъом куы фæцис Маирбег, уæдæй фæстæмæ уыд сæ фæдисон.

Æвзæр нæ цард Маирбег, дохтыры дæсныйад кæм райста, уым, Мурманскы дæр. Уайтагъд ын радтой хирурджы бынат. Цы рынчындоны куыста, уый нымад цыд раззагон рынчындоныл, куыстой дзы номдзыд хирургтæ æмæ ахуыр кодта сæ фæлтæрд-дзинадыл. Стыр ахъаз ын фесты. Цыбыр рæстæгмæ ссис йæ куысты дæсны. Уыцы рынчындоны 7 азы бакусыны фæстæ Маирбегы фæхуыдтой Мурманскы областы горæт Кировы рынчындонмæ хирургион хайадмæ. Ссис йæ сæргълæууæг. Æнцон нæ уыд, ахæм бæрндзинад хæссын, фæлæ йын йæ арæхстдзинадыл йæ куыстуарзондзинадыл уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой. Уым кусгæйæ дæр уый стыр ном скодта йæ раттæг адæмæн. Раст ахæм ирон лæппутæ свæййынц номгæнæг сæ адæмæн. Афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн – Мурманскы областы горсоветы   депутатæй æвзæрст кæй æрцыд, уый.

Куыд ма загътон, афтæмæй хъæстаг нæ уыд йæ куыст йæ цардæй, фæлæ йыл фæтых йæ Ирыстонмæ, йæ раттæг адæммæ уарзондзинад. Æмæ æрцыд нæхимæ –  Ирыстонмæ, снысан æй кодтой нæ горæты соматикон рынчындоны сæйраг дохтырæй æмæ уæдæй абонмæ кусы ацы бæрнон бынаты. Уым кусгæйæ йыл æрвылбон дæр æмбæлын æмæ йæ фыццаг фарст вæййы – кæд, мыййаг истаæуыл тыхсыс? Æрмæст уыцы аудгæ ныхасæй дæр, цыма, мæ тыхтæ фæдывæр вæййынц, афтæ мæм фæкæсы æмæ уæд фæзæгъын, ацы диссаджы адæймаджы Хуыцау махæн лæварæн ратта, цæмæй йæ удæй, йæ зæрдæйы хъармæй тава йæ адæмы æмæ сын, сæйраджы сæйраг та хъахъхъæна се ‘нæниздзинад.

Кокойты Маирбеджы лæгдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ йæ сæр тынг куы хъуыд йæ адæмы, уæд кæй æрыздæхт се ‘хсæнмæ. Зын ын у, тынг зын, нæ адæмы æнæниздзинад фæстаг азты кæй фæцудыдта, уый. Æмæ архайы цас йæ бон уымæй, цæмæй сын сафа сæ низ.

Арвæй æрхаугæ хæзнайау у йæ адæмæн, – афтæ фæзæгъынц мæлæты дзæмбытæй кæй байсы, уыцы рынчынтæ, стæй мæхæдæг дæр. Ахæм хæзнатæн та мах хъуамæ кад кæнын зонæм, тæрсæм ын йæхи æнæниз-дзинадæн дæр, цæмæй уый та йæ рады ауда йæ адæмы æнæниздзинадыл. Æнæниз адæм цы бæстæйæн уа, уыдонæн та сæ сомбон кæддæриддæр рæсугъд уыдзæн.

Амондджын у йæхи сæрмагонд царды дæр Кокойты Маирбег. Йе ‘мкъай Аллæ дæр дохтыр у, гинеколог. Хъомыл кæнынц æртæ хъæбулы. Æмæ цы бирæ рынчынтæн схос кæнынц, уыдоны арфæтæ сæм кæй здæхдзысты, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Æнæхъуаджы нæ баззад адæмы ‘хсæн: цы байтауай, уый æркæрддзынæ.

Гæбæраты Азæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.