Ивгъуыд  къуырийы Знауыры районы Балтайы хъæумæ æввахс нæ республикæйы  паддзахадон арæны цур  Гуырдзыстоны  националистон организациты минæвæрттæ ауагътой митинг. Митинг арæзт æрцыд, иу къуырийы размæ арæн сæхгæныны   тыххæй, хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ  цы быру аразын райдыдтой,  уый ныхмæ.

Иууыл активондæрæй митинджы сæхи равдыстой  парти «Нæ тых ис иудзинады»-йы, змæлды активисттæ йæ раздзог Давид Кацаравайы сæргълæудæй. Уый фæстæ сæм баиу сты ультра-либералон парти «Гирчи»-йы уæнгтæ, кæцытæ раздæр уыдысты Михаил Саакашвилийы фарсхæцджытæ. Ныртæккæ ацы парти у нырыккон либералон ногдзинæдты æмæ наркотикон буарадтæй марихуанæйæ сæрибарæй  пайда кæныны фарсхæцæг. Иууыл иумæ митинджы хайадисджыты нымæц уыд 300 адæймаджы бæрц, паддзахадон арæнмæ уыдон æрбацыдысты бирæнымæц машинæтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, митинджы хайадисджыты бырумæ хæстæг не ‘рбауагътой, уыдонæн сæ разы æнгом  слæууыдысты гуырдзиаг полицийы кусджытæ. Паддзахадон арæны алыварс цы уавæр сæвзæрд уыцы бон, уый æнæхъусдардæй нæ баззад Евроцæдисы миссийы хъусдарджыты ‘рдыгæй дæр. Уыдон кæд митинджы ницы хайад исæг уыдысты, уæддæр æнæаргъæй къамтæ истой акцийы хайадисджытæн, кæцытæ сæ архайдæй æмæ уагахастæй адæймаджы зæрдыл æрлæууын кодтой цахæмдæр хъæддаг сырдты.

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй паддзахадон арæнмæ бацыдысты хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджыты  æмæ мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæ, афтæ ма бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттæ, кæцытæ сæ рады кастысты æмæ систы æвдисæнтæ, арæны иннæ фарс цы митæ чындæуыд, æмæ фыдныхæстæ хъуыстысты, уыдонæн. Бынаты фенæн уыдис  æвзæр сценаримæ гæсгæ ист цыбыр  киноныв. Æппæт уыцы æнæсæрфат митæ зæрдыл æрлæууын кодтой, дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг адæмæн гуырдзиаг фашисттæ цы фыдракæндтæ фæарæзтой, уыдон.

Уыцы бон парти «Нæ тых ис иудзинады»-йы  активисттæ йæ сæрдар Давид Кацараваимæ  паддзахадон арæны цурмæ æрбацыдысты  райсомæй, фæлæ  митингæн йæ сæйрагдæр хай райдыдта сихорафон. Митинджы хайадисджытæ сæ партиты сæргълæу-джыты хъæппæрисæй Гуырдзыстоны телеканалты камерæты раз хъæрæйдзурæнтæй хъæр кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ лозунгтæ, куыд: «Уæрæсейаг окуппанттæ, ацæут нæ зæххæй, Цхинвал у нæ зæхх». Митинджы хайадисджыты къухты канд гуырдзиаг  паддзахадон тырысатæ нæ уыд, фæлæ ма Украинæйы паддзахадон тырысатæ дæр. Æввæццæгæн «нæ сыхæгтæн» сæ ацы лозунгтæ дзырд куы фесты, уæд райдыдтой дзурын æмæ хъæр кæнын æнæгъдау æвзагæй Уæрæсе æмæ Хуссар Иры ‘рдæм, сæ буæртты æнæмбæлон рæтты сæгом кæнгæйæ. Афтæмæй та уыдон ногæй равдыстой се ‘цæг цæсгом. Митинджы хайадисджытæ сæ æнæсæрфат митæй æмæ хъæртæй куы бафæлладысты, уæд сæ кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, азарыдысты сæ паддзахадон гимн æмæ сабыргай цыдысты  Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны цурæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт ацы æнæраст политикон къахдзæфтæ та дзурæг  сты ууыл, æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад  йе ‘мбæстæгтимæ  кæй уадзынц æнæраст политикæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Уыцы æнæраст къахдзæфтæ та  комкоммæдæр баст сты  уавæр карздæр кæнынимæ.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.