ÆХХÆСТ ÆРЦЫДИС ЦÆРДЖЫТЫ ДОМÆН

Автотранспортон управлени нæ горæты ног маршрутон рейс кæй æрбакодта, уый уыдис ахсджиаг хъуыддаг. Уымæн æмæ горæты кæрæтты чи цæрынц, уыдонæй алкæмæн нæй йæхи сæрмагонд автотранспорт æмæ сын алы бон та такситыл цæуыны фадæттæ нæй. Уæдæ, ног маршрутон рейс автотранспортон управлени æнæнхъæлæджы не ‘рбакодта, уый уыдис цæрджыты домæн.

Маршрутон такси йæ куыст райдайдзæн райсомæй 8 сахат æмæ 20 минутыл æмæ йæ фæуыдзæн 21 сахатыл. Уымæн йæ æрлæууæн бынат уыдзæн хъæды куысты комбинаты цур æмæ уырдыгæй йæ фæндаг акæн-дзæн горæты уынгтыл. Йæ фæстаг æрлæууæн бынат та уыдзæн Остъаты æфсымæрты уынджы. Йæ маршрут та уыдзæн ахæм: хъæды куысты комбинатæй уый ацæудзæн Вокзалгæрон уынджы уырыссаг æфсæддонты базæйы цурты, стæй йæ фæндаг акæндзæн Хъайтарты уынгыл, 12-æм скъолайы рæзты, уый фæстæ бахиздзæн Октябры уынгмæ, стæй Ленины уынгыл бахиздзæн Чкаловы уынгмæ æмæ уырдыгæй та Ленины уынджы кæронмæ. Уым хидыл разилдзæнис æмæ йæ фæндаг акæндзæнис Мамсырайы фырты уынгыл, базилдзæнис Сталины уынгмæ æмæ богирийыл йæ фæндаг акæндзæнис турбазæйы цурты, Олимпы рæзты Остъаты æфсы-мæрты уынгмæ. Уырдыгæй та йæ маршрут ракæндзæнис фæстæмæ, цы уынгтыл æрбацыд, уыдоныл.

 

«ИУГОНД ИРЫСТОН» ДАРДДÆР ДÆР ÆХХУЫС КÆНЫ ÆВÆРÆЗ ЦÆРДЖЫТÆН

Йæ хæрзиуæгон мисси дарддæр кæны «Иугонд Ирыстон». Йæ хъæппæрисон архайды руаджы хуыздæр кæнынц цæрджыты цардуагон уавæртæ. Уыдон раивтой 80-йæ фылдæр хæдзары æмбæрзт. Ацы бонты та уыдон æрывнæлдтой Советон уынджы 55-æм хæдзары æмбæрзт раивынмæ. Хæдзары хицау Плиты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый ныппырх 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Йæхи тыхтæй йæ йæ бон нæ уыд саразын æмæ уæдæй фæстæмæ хатыд алы инстанцитæм, фæлæ йæ хъуыды дæр ничи æркодта. Ныр ын æрæвнæлдтой йæ хæдзары æмбæрзт раивынмæ æмæ йæ цинæн кæрон нæй. «Хæдзарæн сæйраг  йе ‘мбæрзт у, нал мыл тæдздзæнис. Бузныг нæ республикæйы разамынадæн, «Иугонд Ирыстон»-æн æмæ кусджытæн дæр», – загъта Владимир.

Кусджытæ, æцæгæйдæр, кæнынц æнæзæрдæхудт куыст.

«Иугонд Ирыстон» ма ахæм куыстытæ  кæны  Белинскийы  уынджы 16-æм хæдзары дæр.

АРÆЗТ ЦÆУЫ НОГ ХЪАЗÆН ФÆЗУАТ

Нæ горæты микрорайонты фæстаг рæстæджы сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ арæзт кæй цæуы, уый у стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Арæзт та цæуынц горæты администрацийы хъæппæрисæй.

Ацы бонты та сывæллæттæн хъазæн фæзуат аразынц, нæ горæты Сталины уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны кæрты, цады былмæ æввахс.

Ныртæккæ ам куыст цæуы фæзуат фæткмæ æркæныныл, сыгъдæг цæуы йæ территори. Уый фæстæ дзы сæвæрдзысты хъеллаугæнæнтæ, каруселтæ æмæ æндæр хиирхæфсæн хъазæнтæ. Афтæ, уæдæ, ацы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты цы сывæллæттæ цæрынц, уыдонæн фадат уыдзæн ам сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.