Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Сланты Виталиимæ йæ фембæлды рæстæджы йын бузныджы ныхæстæ загъта, спортсменты бирæ фæлтæртимæ цы стыр куыст кæны, уый тыххæй.

«Витали Константины фырт, бузныг дын нæ сывæллæттимæ цы куыст кæныс, уый. Ды архайыс ныфс бавæрæн кæмæй ис, уыцы боксертимæ æмæ стыр æнтыстытæ кæмæн ис, уыцы боксертимæ. Уыдон сты Тедеты Сослан æмæ Гасситы Мурат – ирон бокс бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, ахæм спортсмен, æмæ дзы йæ райгуырæн бæстæ у сæрæстыр. Æмæ уыцы æнтыстæн йæ фылдæр хай у дæ фæрцы», -загъта Бибылыт Анатоли.

Уый ма æрымысыд Сланты Виталийы æндæр хъомылгæнинæгты, раздæр азты рингыл æнтысджынæй йæхи чи равдыста, уыдоны.

«Раздæр дæр дæ къухдариуæгады бын бирæ æнтыстджынбоксертæ уыд – Цоциты Оскар æмæ Эдгар, Æлборты Игорь, Зæгъойты Игорь, Плиты Игорь – Мухаммед Алийы кубок чи райста, уый. Æмæ мæ ныфс ис, дæ къухдариуæгадæй бирæ боксерты æнтытыстытæ ноджы кæй фендзыстæм», -банысан кодта Президент.

Уый ма банысан кодта, Гасситы Мураты тох кæй нымайы æнтысджыныл Дунеон боксерон сперсерийы æмæ Сланы фыртæн бахæс кодта, цæмæй спортсменæн Хуссар Ирыстонмæ хуынды ныхстæ фæхæццæ кæна.

«Нæ зынаргъ Гасситы Мурикыл дзургæйæ, йæ ралæуд Дунеон боксерон суперсерийы уыд стыр æнтыстджын, уыйæппæт боксерты ‘хсæн иууыл кæстæр кæй уыд, уый нымайгæйæ. Мах уымæй сæрыстр стæм æмæ нæ ныфс ис йæ фидæны уæлахиздзаутæй. Æппæт ирон адæмы номæй  дæ курæг дæн, цæмæй йæ бон куыд суа, афтæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуа æмæ цы кады ныхæсты æмæ хъусдарды аккаг у, уыдон ын ам республикæйы цæрджытæ зæгъой», – саккаг кæной Бибылты Анатоли.

Сланты Витали бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Президентæн йæ хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.

«Бузныг дын де ‘ххуысы тыххæй, мах уый хатæм æмæ ахсджиаг у куыд Муратæн, афтæ мæнæн дæр. Уæлахизтæ, хъагагæн, алыхатт нæ вæййынц. Финалон тохмæ Муарт хъæуæг формæйы нæ бахызт, фæлæ уый у æвзонг æмæ нырма йæ табугæнджыты зæрдæтæ бирæ хæттыты барухс кæндзæн йе ‘нтыстытæй. Уый ныртæккæ ис Германийы, хъæуы йын хос кæнын, гæнæн ис æмæ йæ бахъæуа операци. Куыддæр сынæниз уа, афтæ мах Цхинвалмæ æрцæудзыстæм», – загъта тренер.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта Сланты Виталийæн, Хуссар Ирыстоны стыр хъусдард здæхт кæй цæудзæн   иумæйагæй спортмæ æмæ боксмæ та сæрмагондæй.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.