РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд ацы азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ æххæст кæныны фарстыты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой ХПÆ-ы  паддзахадтæ, Хусссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл УФ-йы Президенты Управленийы хистæр Денис Травин, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд кусæгон балцы, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæ-гъойты Эдуард, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты Сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард,  Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, объектты арæзтады архайæг подрядон организациты минæвæрттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг æмбырд райдыдта республикæйы территорийыл кусæг подрядон организациты цæхгæр критикæйæ. Уыдон æбæрн куысты тыххæй фæзыны зындзинæдтæ объекттæ афоныл эксплуатацимæ раттыны хъуыддаджы. Объекттæй иуæй-иутæ хизынц азæй-азмæ.

«Ныртæккæ нæй иунæг ахæм объект дæр, куыстытæ дзы графикмæ гæсгæ цæуынц, зæгъгæ, афтæ кæмæй зæгъæм. Иунæг аразæгæн дæр нæу йæ бон зæгъын, æмбырдты нысангонд куыд вæййы, афтæ афойнадыл йæ куыстытæ æххæст кæны, зæгъæ. Фæлæ мах тыхæй никæйы кусын кæнæм. Аразджытæ кæнæ кусынц, кæнæ сæмбырд кæнынц сæ кусæнгæрзтæ æмæ афардæг вæййынц аразæн фæзуæттæй», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æрæмбырдуæвæг подрядонтæ се ‘ппæтдæр сты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, æмæ æрсидт се ‘ппæтмæ дæр, цæмæй сæ архайдмæ дарой бæрнон ахаст. Уый та нысан кæны, цæмæй æххæст кæной снысангонд график æмæ уымæ цы техникон домæнтæ ис, уыдон. Бибылты Анатоли зæрдæ бавæрдта, паддзахад йæхи ‘рдыгæй кæй сараздзæн æппæтдæр, йе ‘ппæт хæстæ дæр кæй сæххæст кæндзæн, сæрмагондæй та финанс кæнынады хъуыддаджы.

«Курæг уæ дæн, цæмæй пайда кæнат гъæдджын æрмæджытæй, асфальты гъæд хъуамæ уа æмбæлон. Мæнæн æппындæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы Хъайтарты уынджы цы куыст æрцыд, уый, уымæн æмæ дзы ныридæгæн фæзынди дзыхъхъытæ. Курæг уæ дæн, цæмæй æххæст кæнат æппæт техникон домæнтæ дæр. Æмæ адон се ‘ппæтдæр хъуамæ арæзт цæуой куысты график хъахъхъæнгæйæ. Уый нæ горæт у æмæ нæ уынгтæ сты. Сымахæрдыгæй хъуамæ уа бæрнон ахаст, цы куыстытæ æххæст кæнут, уыдон-мæ», – загъта уый.

Президент æрсидт æппæт подрядонтæм дæр, цæмæй афоныл цæттæ кæной æмæ-иу æрбавдисой æмбæлон документаци.

«Гæххæттытимæ хъуамæ уат æн-гом æмæ кусат семæ. Мах мæйгæйтты бахъæуæм æрмæст процентовкæтæ цæттæ кæныныныл, æмæ уый аххосæй фæстейæ зайæм финансон фæрæзтæ хардз кæныны хъуыддаджы. Раттут-иу сæ рæстæгыл, уый уæхи пайдайæн у», – загъта Президент.

Дарддæр æмбырды хайадисджытæ æрæвнæлтой Инвестпрограммæйы объектты арæзтады, æмбæлон документаци цæттæ кæныны, объекттæ экслуатацимæ дæттыны æмгъуыды фарстытыл уынаффæ кæнынмæ.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтадыл уынаффæгæнгæйæ, ООО «Эверест»-ы минæвар Руслан Файтыхов фехъусын кодта, зæгъгæ, объекты архайы 72 адæймаджы, цæуынц  монтажон  куыстытæ, иннæ къуыри æрæвналдзысты хъæдын дзаумæттæ æмбырд кæнынмæ, октябры та æвæрд æрцæудзæн сценæйон инфтонгад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ фæуын æмæ йæ эксплуатацимæ раттын нысангонд у ноябры фæудмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, графикмæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой 30-æм августы æмæ бацымыдис кодта, къуылымпыты аххос цы у, уымæ.

Йæхи рады Руслан Файтыхов загъ-та, зæгъгæ, паддзахадон драмтеатры арæзтады сæйраг куыстытæ сты конд, ныртæккæ ма дзы куыст цæуы цы цухдзинæдтæ дзы рабæрæг, уыдон  аиуварс кæныныл.

«Ныртæккæ, сæйраджыдæр, æххæст цæуынц уыцы цухдзинæдтæ, уыдон баззадыдсты ООО «Меркурий»-йы фæстæ. Махмæ æрцыд фæлындзджыты къорд Казанæй, уыдон ма кæнынц рарастгæнæн куыстытæ, уымæн æмæ райгонд не стæм куысты гъæдæй. Уый хауы бæстыхайы æттаг хуызмæ дæр», – загъта уый.

Афтæ ма уынаффæ цыд республикæйы цæрæн хæдзæртты арæзтад æмæ реконструкцийы фарстытыл.

Арæзтадон компани «Алфазар»-ы къухдариуæггæнæг Хъотайты Рутен архайы Октябры уынджы бирæфатерон корпусы реконструкцийыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, объекты куыстытæ цыдысты рæвдз ивгъуыд къуырийы онг, фæлæ урæд æрцыдысты финансты хъуагдзинады аххосæй.

Бибылты Анатоли æрдомдта, цæмæй куыстытæ æвæстиатæй сног кæной райсомы бонæй.

«Ацæут æмæ бадæттут уæ гæх-хæттытæ, райсут æхца æмæ кусут. Цæмæй райсом куыст цæуа æххæст гуырахстæй, науæд рæстæг цæуы. Сымах хъуыды кæнут уæхи объектыл, уыцы объектимæ та баст сты цалдæр проблемæйы, æмæ уыдон хъуамæ мах аскъуыддзаг кæнæм», – банысан кодта Президент.

Хъайтарты уынджы цæрæн хæдзæртты арæзтады тыххæй фехъусын кодта фирмæ ООО «СМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег.

«Хъыгагæн мах æртæ къуыри фæстæдæр зайæм графиктæй объективон æмæ субъективон аххосæгтæм гæсгæ. Куыстытæ цæуынц, сæххæстгæнæн сын куыд ис, уыцы гуырахсты. Тæссагдзинад æвзæры йæ хæрзарæзтады тыххæй. Ныртæккæ мæнæн мæ бон фидарæй нæу зæгъын хæдзары, 8 бахизæны хæрзарæзт скæндзыстæм, æви нæ. Кæд нын боныгъæд фадат радта, уæд бацархайдзыстæм æмæ сараздзыстæм, цы нæ бон у, уый», – загъта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг æрсидт, цæмæй æмгъуыдæй фæстæдæр цы баззадысты, уый фæкъаддæр чындæуа мидæггагон фæлындзæн куыстытæ кæнгæйæ, æмæ æрæвналой бахизæны хæрзарæзтмæ.

ООО «СТМ-Юг» ма кусы операцион-хирургион корпусы гемодиализы хайад æмæ республикон соматикон рынчындоны централон стерилизацион хайады арæзтадтыл.

Коцты Олег фехъусын кодта, зæгъгæ объекты æппæт куыстытæ дæр сты монтажгæнæн, афтæ ма кæнæм ифтонгад ласыны куыстытæ дæр. Уыдон се ‘ппæтдæр цæуынц графикæй раздæр.

«Планмæ гæсгæ цæуынц монтажон кустытæ, æппæт ифтонгадтæ дæр сты закъазгонд, сты æфтауцдæтты æмæ нæ куыд бахъæуынц, афтæ нæм цæуынц объектмæ. Уæззау ифтонгад  рентген æмæ компьютерон томоргаф ныридæгæн сты бынаты», – загъта уый.

Æмбырды рæстæджы ма уынаффæ цыд Комаровы уынджы кæлæтдзаг арæзтæдты демонтажгæнæн кыстытæм æрæвналыныл. Уыдоны бынаты 2018-æм азы план цæуы ног цæрæнуатон комплексы арæзтад.

ООО «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег банысан кодта, зæгъгæ, аразджытæ цæттæ сты куыстмæ æрæвналынмæ, фæлæ объекты хатдзæгон экспертизæ цæттæ уыдзæн æрмæст октябры фæуды. Уырдæм хауынц демонажимæ баст куыстытæ, æмæ уый та нæ ратдзæн легитимон бар куыстытæ банысангонд  æмгъуыдæй раздæр райдайынæн.

«Махæн  нæу  нæ  бон демонтажы  хъуыддаг экспертизæйы фæлгæттæй æттæмæ ахæссын. Демонтажон куыстытæ райдайдзысты, куыстытæ легитимон бындурыл райдайыны фадат чи ратта, ахæм цыфæнды развæлгъау бадзырды фæдыл дæр», – загъта уый.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн, цæмæй ведомствойы юристты архайды фæрцы бакуыстæуа закъонон быдурыл æмæ аварион арæзтæдты демонтажон куыстыты райдиан фидаргонд æрцæуа. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз демонтажон кусытытæ куы фæуой, уæд уый ратдзæн рæстæг рамбулыны фадат 2018-æм азы цæрæн комплексы арæзтады рæстæджы.

Дарддæр уынаффæ цыд зæронд уазæгдон «Ирыстон» ныппырх кæныны фарстыл. Сæйраг проблемæ ссис, раздæр уым кæй æрцæрын кодтой,  уыцы лигъдæтты бинонты фарст.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, йæхæдæг æрæвналдзæн лигъдæттæн цæрæнуæттæ ссарынмæ æмæ бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланæн, цæмæй сын октябрмæ ссарой цæрæн бынæттæ.

«Мах хъуамæ бакусæм ацы адæймæгтæн цæрæнуæттæ ссарыныл. Æр-кæсут алыгъуызон варианттæм, цæмæй æввахсдæр рæстæджыты уыдон æрбæстон уой æмæ бæстыхайы пырх кæнынмæ æрæвнæлдæуа бæрæгбоны фæстæ», -загъта уый.

Æмбырды кæронбæттæны подрядонтæ фехъусын кодтой бæстæйы сæргълæууæгæн Аргъуаны фæзуат æмæ горæты 12 уынджы: Герцены, Дзауы, Скъолайы, Фæсивæды, Джиойы фырты, Колыты Аксойы, Заводы, Кутузовы, Сомихæгты, Калинины æмæ Кировы уынгты  асфальт кæныны æмæ хæрзарæзтады куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.